Хъуамæ та уыдаид Парламенты радон æви æрæджиауы сесси, фæлæ та нæ рауад – депутатон корпус не ‘ркаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры бынатмæ Президенты бавдисгæ кандидатурæйы фарстмæ. Фæлæ цы уыдзæн, фарст уынаффæмæ куы рахæссой, уæд? Депутаттæн сæ бар сæхи у, бæлвырддæр зæгъгæйæ, ис сын закъонон бар: сæ бон у, сразы йыл уой, сæ бон у, ма йыл сразы уой. Æмæ никæмæн ис ацы хъуыддаджы депутатты азымы бадарыны бар, куы загътам – сæ бар сæхи у.

Æз нæ зонын Президенты бавдисгæ кандидатурæйы, Витали Савченкойы. Никуы йæ федтон, никуы йыл сæмбæлдтæн, йæ кой дæр ын никуы фехъуыстон – саулагъз у æви бурдзалыг, уымæн дæр ницы зонын. Зонын æрмæстдæр уый, адæмыл цыдæр кæй æрцыд… Æппæтæй мардæрцыддæр та уый у, цы ныл æрцыд, цы нæ уæлфад гал лæууы, уый кæй не ‘мбарæм æмæ йæ бамбарыныл дæр кæй нал архайæм…

Куы загътон: нæ йæ зонын, чи у… Чизоны йæ депутаттæ зонынц, чи у, цы у, чизоны, сæ хъус фæйнæрдæмыты адардтой, арафæрс-бафæрс кодтой æмæ йын йæ ивгъуыды исты «сау хъуыддæгтæ» сбæлвырд кодтой… Чизоны сæм цы аргументтæ уыд æмæ ис!

Фæлæ… Адæмы, æхсæнады иударон дам-думты «хæзнадоны» æмæ социалон хызæджы дæр йæ ныхмæ ис æрмæстдæр æртæ æнæмбæрстгонд аххосаджы: фыццаг – бынæттон нæу, дыккаг – фæлтæрддзинад æм нæй, æртыккаг – ирон нæу… Æмæ æртæ аххосаджы дæр кæнынц ныры къухдариуæгады æфсон, ома, ныры хуызæн никуы уыдыстæм æрцæуæггæгты къæхты бын…

Æмæ дзурæн дæр ницыуал ис… Рæстдзинад куы зæгъай, уæд зæвæттæсдæрæг дæ, уæд демократийы хурхылхæцæг дæ!

Фæлæ цыфæнды дудгæбонæй дæр дæхи куыд хъуамæ бауромай æмæ ацы æртæ аххосаджы адæмы хъуыдыкæнынады тыхæй чи тъыссы, уыдонмæ иу цалдæр фарсты куыднæ хъуамæ радтай: Стыр Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг ирон кæй у, уый тыххæй Уæрæсейы исчи йæ ныхмæ рацыд, куы йæ снысан кодтой, уæд? Стыр Уæрæсейы туризмы хъуыддæгты фæдыл федералон къухдариуæггæнæг бирæ уæлдæр нæу армытъæпæныйас Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры бынатæй? Бирæ уæлдæр у! Уæдæ Дыгъуызты Зæринæмæ цавæр стыр фæлтæрддзинад уыд, цалынмæ йæ уыцы стыр бынаты баурæдтой, уæдмæ, кæнæ Уæрæсейы кæдæй нырмæ у бынæттон, науæд кæд суырыссаг?.. Стыр Уæрæсейы культурæйы цы дыууæ сæйраг мæсыг ис, уыцы мæсгуытæ ныртæккæ сты ирæтты къухы: Стыр Театры Аивадон разамонæг æмæ сæйраг дирижер – Сохиты Тугъан, Сæйраг балетмейстер – Уазиаты Махарбег, Мариинаг театры Аивадон къухдариуæггæнæг æмæ директор –  Гергиты Валери… Нымайæм ма ноджы æви фаг у…

Æмæ мах кæйдæр цæстмæ дарæм, ирон кæй нæу, уый, уымæй дæр æй дзурæм нæ дарæг, нæ уромæг уырыссаг адæмы æвзагыл. Ома, уырыссаг лæгæн бар ис, цæмæй нæ бахызтаид бынтон скуынæгæй, мызд нын фида, хъахъхъæна нæ, фæлæ йын Ирыстоны кусыны бар нæй… Нæ арæнтæ нын чи хъахъхъæны, уыдон ирæттæ сты? Æви арæнтæ хъахъхъæнынæй прокуроры бынат ахсджиагдæр у? Нæу. Арæнтыл чи лæууы, уыдон НАТО-йы æфсады куы ‘рбауадзой, уæд прокурор ирон уа, уырыссаг æви сомихаг, уымæн бынтондæр ницыуал нысаниуæг уыдзæн…

Омæ хорз, мæ уд уæ патриотизмы фæхъау фæуæд, фæлæ уæд та æндæр фарст: чидæртæ министртæ æмæ æндæр стыр хицæуттæ куы уыдысты, уæд сæ донмæ чи скъæрдта æмæ сæ фæстæмæ æнæ донæй чи здæхта, зымæджы карзы-иу сæ райсом аст сахатмæ сæ цæстытæ æууæрдгæ æмæ сæ ком ивазгæ æмбырдмæ чи цæуын кодта, уыцы Бровцев куынæ дæр ардыгон уыд, куынæ дæр æм фæлтæрддзинад уыд, куынæ дæр ирон уыд, афтæмæй нын паддзахиуæг куы кодта, уæд сæ уый ныхмæ иу хъыпп-сыпп цæуылнæ искуы исчи скодта?.. Морозов зæгъай, Жмайло зæгъай, Сытник зæгъай, Большаков зæгъай, Лунев зæгъай, Аттоев зæгъай (иу афæдз дæр нæ фæуыдзысты нымад!) – уыдоны цæмæн бауагътой хицæутты бынæтты бадын, уыдон кæм си-рæттæ сты, цы фæлтæрддзинад сæм уыд, цавæр лæггæдтæ сæ зыдта Ирыстон?!.

Нæ мæ хъæуы сæ Савченко, никуы дæр мæ бахъæудзæн, фæлæ рæгъмæ ахæм цыдæртæ рахæссынц, адæмæн ахæм цыдæртæ фæдзурынц, цыма уыцы адæм иууылдæр знон райгуырдысты æмæ Ирыстоны царды æндæрæбоны хабæрттæн бынтондæр ницы зонынц!..

Иу заманы, бæрнон бынаты йæ сфидар кæныны тыххæй та Парламентмæ барвыстæуыд, бынæттон чи нæ уыд, ахæм æвзонг, бынтон хъуымызбыл лæппуйы кандидатурæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæ бынтондæр ницы «аххосаг» ссардтой, афтæмæй йын схъæлæс кодтой. Æрмæст, æвæццæгæн, иу депутатмæ æгæр хардзау æркаст… йæхи нæ баурæдта æмæ йæм радта æлхынцъæмхасæн фарст: «Лæппу, хæдзары йæ зонынц, ардæм кæй рацыдтæ, уый?..».

Уыцы рæстæджыты искæй йæ хуыцауыхай куы бацардыдтаид, æмæ йæ ныфс афтæ бафæрсынмæ дæр куы бахастаид: бынæттон у, фæлтæрддзинад æм ис, ирон у?.. Уымæн æмæ, Къостайы загъдау, лæгдзарм тæнæг у!.. Æмæ алкæмæн дæр бамбарæн ис. Æрмæст бамбарæн нæй ахæмтæн, абон кæйдæр фæлмæн зæрдæйæ пайда кæнгæйæ, йе зноны хæрв йæхицæй чи нал хоны… Нæй бамбарæн ахæмтæн, адæмæн цæрыны иунæг фæрæз, сæ удыхос чи у, уыцы бюджет фылдæр хъæлæстæй райсын паддзахадон фæфæлдæхт чи хоны, уымæн æмæ уыдон, æцæг паддзахадон фæфæлдæхт куы уыд, адæмы æвзæрст президенты йæ бынатмæ куынæ бауагътой, уæд хæсджын уыдысты, цæмæй дзургæ уæддæр скодтаиккой ахæм æвирхъау хабары ныхмæ, мызд истой закъондзинад æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны тыххæй… Ныр… Ех-х!..

Иу хатт ма уын æй зæгъын – нæ мæ хъæуы уæ Савченко, цæрæнбонты дæр æй макуы снысан кæнæд, фæлæ дзырд ууыл нæ цæуы, дзырд адæмы хæццæ кæныныл, кæрæдзийы ныхмæ сæ ардауыныл цæуы.

Ис нæм Президент, ис нæм Парламент æмæ уыдон хъуыды кæнæд, генералон прокурор чи хъуамæ уа, ууыл. Фæлæ мардæрцыд уый у, ацы фарстæй дæр та бирæтæ кæй пайда кæнынц сæхи нысæнттæн. Æмæ сыл быдиттæй зыны, бынтондæр сын уæлдай кæй нæу, прокурор «Джиоев» уа æви «Иванов» уа!..

Сахуыр стæм, æгæр дæр ма сахуыр стæм ахæм цæуылдæртыл, фæлæ сæ хатдзæгтæ скæнын нæма зонæм. Кæд нæ Савченко нæ хъæуы, уæд нæ ма хъæуæд. Нæй æмæ нæй – дурæй хъæбæрдæр! Æрмæст интернет-тыгъдады, уæлдайдæр – æппæт дунейæн æнцонæмбарæн æвзагыл æгæр схъæл æмæ бынтон аслам примитивон ныхæстæ ма парахат кæнæм, нæ национ сæрыстырдзинад дæлæмæ ма кæнæм. Жмайлотæ куыд æрцыдысты æмæ ацыдысты, афтæ савченкотæ дæр æрцæудзысты æмæ ацæудзысты, мах та ацы зæххыл цæрын хъæуы, кæстæртæ хъомыл кæнын æмæ фаг у кæрæдзи хæрынæн. Алчи дæр нæ, цалынмæ-иу искæй абоныл цъыф къахæй балæгæрдынмæ æрхъава, уæдмæ уал-иу йæхи знонмæ акæсæд, цалынмæ искæмæй «ницы аразы» зæгъæм, уæдмæ уал нæ алчи дæр йæхи бафæрсæд, йæхæдæг цы сарæзта, уымæй… Цалынмæ афтæ уа, уæдмæ рæстдзинад нæ уыдзæн æмæ йæ агурын дæр нæ хъæуы, Ленин куы ‘рабада, кæнæ нæм Уастырджи куы ‘рхиза, уæддæр…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.