Нырыккон царды ахсджиаг нысаниуæг ис куыд хисæрмагонд, афтæ æхсæнадон транспортæн дæр. Зæгъын хъæуы, алчи хисæрмагонд транспорты хицау нæу æмæ уыдонæн та сæ къух аразы æхсæнадон транспортæн дæр. Уымæн йе змæлд ифтонг кæны республикæйы паддзахадон автомобилон транспоты унитарон куыстуат. Æрвылбон дæр куыстуаты куыстуарзаг шофыртæ горæт æмæ хъæууон бынæттæм ацæуынц сæ рейсыты æмæ цæстуарзонæй фæлæггад кæнынц бæлццæттæн. Унитарон куыстуаты хистæр Уалыты Сергей дзæвгар рæстæг фæллой кæны ацы куыстуаты. Куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ транспорт æдæппæт ацæуынц 32 маршрутыл æмæ сæ лæггады хай кæнынц куыд горæты, афтæ хъæууон цæрджытæн дæр. Хицæнтæй сисгæйæ, Знауыры районмæ рейстæ вæййы куыд райцентрмæ, афтæ уымæ хауæг хъæутæ – Уистæ (Цънелис), Балта, Хъорнис, Уелит æмæ Мугутмæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæууон цæрджыты нымæц тынг фæкъаддæр æмæ автобустæ раздæры азтау йедзаг нал вæййынц, фылдæр хатт сæ вæййы 3-5 бæлццоны. Фæлæ нæ хицауад æмæ куыстуаты разамынад хынцынц æмбæстæгты уавæр æмæ уæддæр ахæм хъæуты цæрджытæ пайда кæнынц æхсæнадон транспорты хæрзиуджытæй.

Дзауы райцентр æмæ районы хъæутæй дæр цалдæрмæ цæуынц рейсон автобустæ, уыцы нымæцы сты Хуыцъе, Къуайиса, Синагур, Теделет æмæ Карзман. Управленийы разамынад бахынцыдта Ленингоры районы цæрджыты домæн æмæ шофыртæ сæ фыццаг рейстæ райдайынц Цъинагар, Орчъосан æмæ Абреуы хъæутæй. Изæры фæстæмæ куы аздæхынц, уæд шофыртæ æд транспорт баззайынц бынаты. Ацы хъæутæм автобусты маршруттæ вæййынц къуыри дыууæ хатты æмæ Абреумæ та вæййы 3 хатты. Автобустæ цæуынц Цхинвалы районы цалдæр хъæумæ дæр æмæ сын сæ домæнтæ æххæст кæнынц æнæкъуылымпыйæ.

Горæты та сын ис 12 маршруты æмæ сæ куыст дæр ацы бынæтты æххæст кæнынц бæлцæтты домæнтæ хынцгæйæ.

Шофыртæн сæ куыстмызд фидынц сахаттæм гæсгæ æмæ сæ мызд схизы 20 мин соммæ. Куыстуаты хъæуы ноджыдæр шофыртæ, фæлæ сæм нырма ничи фæзынд.

Управленийы коллектив æмбæлы зындзинæдтыл дæр, фæлæ уæддæр сæ иууыл проблемон фарста у, цы транспорт сæм ис, уый кæй у зæронд æмæ уымæ гæсгæ арæх кæй фехæлынц. Уæд сæ бахъæуы цалцæг кæнын æмæ уыцы куыстытæ бакæныныл та бацархайынц ЦАРЗ-ы. Уым сын ис, чи сæ цалцæг кæна, ахæм 5 кусæджы. Фæлæ ивæн хæйттæ сты тынг сзынаргъ, бынаты сын нæй балхæнæн дæр æмæ сæ самал кæнынц Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр рæтты. Коллективы домæн у, цæмæй сæм фæзына ног автобустæ. Уавæр зоны нæ республикæйы разамынад æмæ сæ фæнды цæмæй проблемæ скъуыддзаг æрцæуа.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.