Астæуккаг Дменисы, хонынц ма йæ Уалыты сых дæр. Ам цæрджытæ фæзынд 18-æм æнусы дыккæгæм æмбисы. Фыццаг дзы æрцардысты Уалыты Ноне, Цуца, Гарсо, Симона æмæ æндæртæ. Уæдмæ дæр уыдон иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстой, хæххон хъæуты цæрджытæй чидæртæ Дменисы æрцардысты, зæгъгæ. Хъуыстой ма уый дæр æмæ се ‘ппæт уым цæрын кæй нæ фæрæзтой. Хъæуы фылдæр хай у фæз æмæ дзы цъыфдзаст бынæттæ бирæ кæй уыдис, уый аххосæй. Чи-иу дзы æрлæууыд, уыдон дæр-иу бирæ нæ бафæрæзтой, ризæгæй-иу фæрынчын сты æмæ-иу аздæхтысты кæцæй æрцыдысты уырдæм, кæннод та – æндæр бынатмæ.

Раздæр мит Хуссар Ирыстоны фылдæр уарыд, уыцы нымæцы  Зонкъары хъæуы дæр. Иу рæстæг йæ цæрджытæ сфæлмæцыдысты æмæ цæрынмæ цæуын райдыдтой хуыздæр æмæ æнцондæр фадæттæ кæм æнхъæл уыдысты, уыцы бынæттæм. Уæлдæр кæй кой ракодтон, уыдон дæр Зонкъары цардысты, сæхицæн цæрæн бынат фыццаг бацагуырдтой Сатихъары хъæуы. Къул бынат у æмæ дзы нæ уыд цъыфдзастытæ. Рахатыдысты фосдарынæн дзы хорз фадæттæ кæй ис, уый дæр. Зæххы фадгуытæ та дзы цъус уыд æмæ уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ æнкъард хъуыдытимæ рацыдысты Дменисы ‘рдæм. Астæуккаг Дменисы Уалыты сыхмæ куы æрбахæццæ сты, уæд бирæ фæныхас кодтой цы бакæной ууыл. Сæ иутæ аскъуыддзаг кодтой уым æрбынат кæнын, хæдзæрттæ дзы саразын, æндæртæн та сæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Зæгъгæ, кæм райгуырдыстæм æмæ схъомыл стæм, кæд уыцы къуым ивæм, уæд æй хъуамæ баивæм хуыздæрыл. Зæгъгæ, кæм цæрдзыстæм, хъæбултæ кæм хъомыл кæндзыстæм, хъæбулы хъæбултæ нын кæм стыр кæндзысты, ууыл, зæгъгæ, ахъуыды кæнын æмбæлы хуыздæр. Куыдфæстагмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, аскъуыддзаг кодтой ам кæй æрцæрдзысты.

Уалыты мыггагимæ ма ам æрцæрын сфæнд кодтой Къуезертæй дæр чидæртæ, фæлæ сæ кæрæдзи нæ бамбæрстой æмæ уыдон æрцардысты Уæллаг Дменисы. Абон дæр дзы цæрынц сæ фæдонтæ.

 

Сых куыд

 райдыдта рæзын

Фыццаг ам хæдзар чи сарæзта, уый уыд Уалыты Ноне. Хæдзар рауад егъау. Уый та, дам, уыцы хъуыдыйæн æмæ Ноне зыдта Зонкъары хъæуæй ма чидæртæ ацы сыхмæ цæрынмæ рацæуинаг кæй сты æмæ, зæгъгæ, æхсæвбынаты тыххæй ма тыхсой. Ног цæрæн бынæттæ, зæхагурджытæ Астæуккаг Дменисы алыварс кодтой фылдæр. Ноне та хæларзæрдæ, уæздан адæймаг уыд, алкæй дæриу суазæг кодта. Фæстæдæр ма Ноне æмæ æндæрты æххуысæй ам хæдзæрттæ сарæзтой Уалыты Цуца, Гарсо, Симона æмæ æндæртæ. Аразгæ та сæ кодтой сыхы алыварс цы бирæ дойнаг дуртæ уыд, уыдонæй.  Къултæ та амадтой донбылгæрон иу ран цы бур сыджыт разынд, уымæй. Цæрджытæ нæ тыхстысты хъæдырмæгыл дæр хъæд сæм уыд хæстæг.

Сæхицæн цæрæн бынæттæ куы ссардтой, уæд сфæнд кодтой сыхæй чысыл уæлдæр, хъæды, тулдзбæлæстæ фылдæр кæм уыдис, уым кувæндон саразын. Кувæндон кæд цасдæрбæрцæй фехæлд, уæддæр уым чи цард æмæ цæрынц, уыдонæй бирæтæ æрвылаз дæр, куадзæны фæстæ дыккаг бон ссæуынц сæ бинонтимæ æмæ йын сæхи бафæдзæхсынц.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ сыхы цæрджыты нымæц кодта фылдæр. Ардæм ма æндæр кæмттæй цæрынмæ æрцыдысты. Къæбултæ, Къусратæ, Джиголатæ, Гæззатæ æмæ Кобестæ.  Фæстæдæр ма Цхинвалы районы Снекъы хъæуы цæрджытæй ам æрбынат кодтой Шауарденидзетæ, Нукърадзетæ, Джиголатæ æмæ Цыбырты дыууæ æфсымæры.

 

Куыд хуыздæр

 кодта сæ цард?

Сыхы кæд арæзт æрцыд хæдзæрттæ, йæ цæрджытæ сбирæ сты, уæддæр æм фæндаг нæ уыдис. Цæрджытæ-иу сæ хъуыддæгты фæдыл æндæр сыхтæм цыдысты æмæ фæстæмæ здæхтысты быдыртыл. Фæстæдæр сын бантыст уыцы фарст аскъуыддзаг кæнын. Сыхмæ арæзт æрцыдис фæндаг, фæлæ уыд зынвадат, нарæг фæзилæнтимæ.

Ам чи æрцардысты, уыдон хорз æмбæрстой ахуырдзинады нысаниуæг æмæ сæ хъæппæрисæй сыхы баконд æрцыдис дыууæазон скъола. Ахуыр дзы кодта 5-7 ахуыргæнинаджы æмæ сын уыд иу ахуыргæнæг. Уый уыд сатихъайраг чызг Дыгъуызтæй. Мойгонд та уыд Дæллаг Дменисмæ Лолотæм.  Дыууæ кълас-иу каст чи фæцис, уыцы ахуыргæнинæгтæ-иу цæуын райдыдтой Дменисы уæды цыппаразон скъоламæ. Уый фæстæ та Ксуисы астæуккаг скъоламæ.

Куыд бирæ æндæр цæрæн бынæтты, афтæ ацы сыхы цæрджыты цардуагон уавæртæ дæр кодтой хуыздæр. Скодтой дыргъдæттæ, сæндæттæ, ныллæуыдысты сæ цард аразыныл. Сыхы уæдмæ нæ уыд нуазыны дон дæр. Хъæуы цæрджытæй сæ иу Уалыты Суликъо цард æмæ куыста Тбилисы стыр куыстуæттæй сæ иуы. Уый сын Тбилисæй лæвар æрбаласта 300 метры бæрц фаг доны хæтæлтæ æмæ сыхы нæлгоймæгтæ сæхи тыхтæй, суадоны дон рауагътой сыхы астæумæ, кæцыйæ цæрджытæ абон дæр пайда кæнынц.

Сыхы цард æхсыст цæдджинагау. Фæлæ дунейыл арвы нæрдау айхъуыст немыцаг фашисттæ нæ бæстæмæ кæй æрбабырстой. Уæд Астæуккаг Дменисы Уалыты сыхы хæстхъом лæппутæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Сыхы уæд бæрцæй уыд фынддæс хæдзары, фæлæ йæ хъæбултæй хæстмæ афæндараст кодта ссæдз лæппуйæ фылдæр. Арæх сыхмæ хъуыстысты сæ хъæбатырдзинæдты хабæрттæ. Сæ фылдæр нал рыздæхтысты хæстæй. Чи дзы рыздæхт æмæ уый фæстæ къорд азты Дменисы колхозы хъазуатон куыст чи фæкодта, уыдон нымæцмæ хауынц Уалыты Исахъ, Илья, Нестор, Джиголаты Иван, Нестор, Къусраты Степан æмæ æндæртæ.

 

 Сыхы цæрджытæ сæ сты буц æмæ сæрыстыр

Сыхæй уæлдæр ахуырдзинæдтæ чи райста, уыдон сты 60 фылдæр  æмæ абон дæр, гас ма сæ чи ис, уыдон Ирыстоны рæзт, размæцыд æмæ кадмæ хæссынц стыр хайбавæрд. Уыдонæй сæ иу у Уалыты Гайоз. Ксуисы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны æфсæддон ахуыргæнæндоны, уый фæстæ та каст фæцис Харьковы æфсæддон академи. Цы æфсæддон хайы службæ кодта, уым нымад цыд хуыздæр афицерыл. Арæх иста хорзæхтæ, йе ‘нтыстыты тыххæй фыстой куыд бынæттон, афтæ централон газеттæ æмæ жу-рналтæ дæр. Йæ хъуыддæгтæ бæргæ хорз цыдысты, фæлæ фехæлд сæрыстыр кæ-мæй уыдис, уыцы Советон Цæдис. Гайоз бамбæрста йæ адæм æмæ Ирыстоны кæй хъæуы йе ‘ххуысы сæр æмæ æрцыд Ирыстонмæ æмæ слæууыд гуырдзиаг фыдгæнджыты ныхмæ æмæ знæгтæ цалынмæ саст не ‘рцыдысты, уæдмæ æмæ уый фæстæ дæр куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты.

Сыхы цæрджытæ буц æмæ сæрыстыр сты Джиголаты Хасанæй дæр. Уый уæлдæр ахуырдзинад райсыны фæстæ кусын ра-йдыдта раздæры Хуссар Ирыстоны бæрнон бынæтты. Фæстаг цалдæр азы та æх-хæст кæны дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæстæ.

Цъусдæр æнтыстытæ нæ уыдис йе ‘рвад, абон дзæнæттаг Джиголаты Юрийæн дæр. Уый Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты физикæ æмæ математикæйы факультет æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ куыста машинæтылнымайæн станцы (машиносчетная станция) разамонæгæй. Уыцы азты ацы станц стыр æххуыс кæмæн уыд, уыцы куыстуæттæ цъус нæ уыдысты, цъус куыст нæ уыдис чи дзы куыста уыдонæн. Станц йæ хæстæ хорз кæй æххæст кодта, адæм сын стыр аргъ кæй кодтой, уый цасдæрбæрцæй уыд Юрийы фæрцы.

Сыхы цæрджытæ сæрыстыр кæмæй сты, уыдонæй ма иу у Уалыты Павел. Уый скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр уыд цæвиттойнаг. Каст æй куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Омскы, милицийы уæлдæр скъолайы. Къорд азты фæкуыста Новосибирскы мидæггагон хъуыддæгты управленийы. Æххæст кодта къорд бæрнон куысты. Куыд управленийы разамонджытæ, афтæ дзы райгонд уыдысты хъуыддæгты фæдыл цы адæмимæ æмбæлд, уыдон дæр. Йæ хъуыдыйы рагæй уыд Ирыстонмæ æрыздæхын, æрыздæхт æмæ цæры Цæгат Ирыстоны.

 

Сыхы цæрджыты

ахастытæ кæрæдзимæ

Сых рæзын тынгдæр райдыдта 1960-1980 азты. Кæд дзы уæдмæ уыд æрмæстдæр иууæладзыгон цæрæн хæдзæртæ, уæд уыцы азты та арæзтой æрмæстдæр дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ. Уый та уыд кæрæдзийæн стыр æххуыс кæй уыдысты, уый фæрцы. Ахæм хæдзæрттæ аразын сын æнцон уыд уымæн æмæ аразæггаг æхца никæмæн хъуыд фидын. Æмæ æрмæст ахæм хъуыддæгты нæ уыдысты æххуыс кæрæдзийæн, фæлæ ма бирæ æндæр хъуыддæгты дæр. Цæрджытæй сæ иу, абон дзæнæттаг Кобесты Шота мын иу рæстæджы радзырдта. «Нæ сыхаг Къæбулты Митуша бахауд рынчындонмæ. Дохтыртæ йын систой йæ иу уырг.  Ацы хабар фехъусгæйæ нæ алкæмæн дæр уыд хъыг, зæгъгæ, йæ цæхæрадон æнæкъахт баззайдзæнис, ууыл бакатай кодтам. Йæ цæхæрадонмæ куы æрбахæццæ стæм, уæд не ‘ппæт дæр 17 нæлгоймагæй бахызтыстæм æмбонды сæрты æмæ йæ акъахтам сахат æмæ æрдæгмæ. Æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ ма иу хъæуы цæрджытæ сæ кæрæдзийæн зымæгваг суг дæр ластой радгай».

 

Абоны уавæр та цахæм у

Цалынмæ гуырдзиаг-ирон хæст нæ райдыдта, уæдмæ сыхы цæрджытæ æппæтæй дæр уыдысты райгонд. Раздæры къæдзмæдзы æмæ æвадат фæндаг сыхæй сыхмæ арæзт æрцыдис комкоммæ æмæ йæ дæргъ фæкъаддæр дыууæ хатты. Хæрзæрæджы, 2023 азы кæрон радон хатт æрцыдис цалцæг. 1961 азы хъæуы цы электрохæххытæ арæзт æрцыдысты, уыдоны та раивтой æртыккаг хатт. Сыхмæ цалдæр азы размæ уагъд æрцыдис нуазыны дон æмæ кæд ам раздæр уыдис иу доны крант, уæд абон цæрджытæ пайда кæнынц дæс кранæй фылдæрæй. Мæгуырау уый у æмæ сыхы кæд раздæр цард фондзсæдæ адæймаджы бæрц, уæд абон æппынæдзух уым чи цæрынц, уыдоны нымæц сæдæ дæр нал у. Сыхы алыварс цы быдыртæ ис, уыдонæй дыргътæ æмæ халсæрттæ нал исынц, фæлæ скъутæр, ссындз сты. Фæлæ ма дзы чи цæрынц, уыдоны уырны, сых та раздæрау кæй сбирæ уыдзысты, алыгъуызон дыргътæ æмæ халсæрттæй та кæй рафидаудзысты сæ  алыварс хуымтæ æмæ дыргъдæттæ.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.