Æрвылбон дæр бæлццæттæн æнæзæрдæхудтæй лæггад кæны нæ республикæйы Паддзахадон унитарон куыстуаты хъаруджын коллектив. Кусджытæ 6 сахат æмæ 30 минутыл æд транспорт вæййынц сæ куысты уæлхъус.  Куыстмæ ацæуыны размæ медицинон кусæг алы шофырæн дæр сбæрæг кæны йæ туджы æлхъывдад æмæ æнæниздзинад, механик та автотранспорты куыстхъомдзинадмæ æркæсы. Куыстуаты та ис дыууæ диспетчеры-Дзабиты Сильва æмæ Годжыцаты Иринæ, къассæйы кусджытæ Æлборты Зæлинæ, Гæбæраты Нанули æмæ Кумситы Фатимæ. Иугæр алцы дæр у нывыл, уæд шофырæн  бар ис йæ рейсы ацæуынæн æмæ боны дæргъы цæстуарзонæй балæггад кæны бæлццæттæн.

Рейсы фæндæгтæй иутæ сты цыбыр, иннæтæ та дарддæр æмæ балæууынц ахæм хъæутæм, куыд Мугут, Зар, Хъорнис, Зиулет, Урсдур, Дзау, Къуаиса, Теделет, Синагур, Абреу, Орчъосан, Калет  æмæ æндæр рæттæм. Бæлццæттæн дæргъвæтин азты чи лæггад кæны, ахæм шофыртæ куыстуаты сты Цхуырбаты Отар, Тедеты Евген, Санахъоты Ролик, Пæррæстаты Георги, Хуыбылты Умар æмæ Тыбылты Таймураз. Хорзæй дарддæр иннæтæй дæр нæй рахъастгæнæн.

Куыстуаты генералон директор Багаты Альберт нырма ацы бынаты кæд цыбыр рæстæг йедтæмæ нæ кусы, уæддæр æмбары куыстуаты уавæртæ æмæ архайы сæ рараст кæныныл. Фыццаджыдæр ракой кодта, цы транспорт сæм ис, уыдон кæй сты тынг зæронд. Уавæр зоны нæ хицауад дæр æмæ йæ ныфс ис, æввахс рæстæджы сын ног транспорт самал кæнынæн кæй баххуыс кæндзысты. Æнæуый та сæ автобустæ кусынц 15 æмæ ноджы фылдæр азтæ, сæ куыстхъомдзинад вæййы 7 азы. Фæлæ уæддæр коллектив архайы се срæвдз кæныныл, рог цалцæг кæй фæхъæуы, уыдонмæ та æркæсынц шофыртæ сæхæдæг. Капиталон цалцæг кæныны тыххæй та сын ис бынат раздæры автобустæ-цалцæггæнæн  заводы, кусы дзы  6 слесары æмæ цæстуарзонæй бацархайынц транспорт куыстæввонг скæныныл. Багайы фырт æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ раппæлыд ацы куыстуаты директор Икъаты Альбертæй, кæцы бахъахъхъæдта йæ бæрны уæвæг заводы тæрхджытæ æмæ фæлындзынад. Багайы фыртмæ куыстуаты размæцыды тыххæй бирæ хорз хъуыдытæ ис æмæ йын бантысæт.

                                                                                   ХУЫБИАТЫ Никъала