Уагъд æрцыдысты Æнæпрофессионалон футболон къорды чемпионаты 8-æм туры хъæзтытæ. Турниры лидер командæ «Массив» кæд уый размæ чемпионаты уæлахиздзау ссис, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ ныр дæр хъазтмæ равдыста серьезон ахаст æмæ 11:2 хыгъдæй рамбылдта «Æфсати»-йы. Дыккаг бынатыл цæуæг «Дыргуис»-ы командæ æнæнхъæлæджы 5:4 хыгъдæй фæмбылд «БОРЗ»-æн æмæ йæ бынатмæ схызт Хъахъхъæнынады министрады командæ, кæцы 6:3 хыгъдæй рамбылдта Дменисы. Ныр дыккаг бынаты хъысмæт, кæцы фадат дæтты Ирыстоны Кубокыл стох кæнынæн, скъуыддзаг цæудзæн фæстаг туры. Уым сæйраг хъазт уыдзæн Хъахъхъæнынады министрад æмæ «Дыргуис»-ы командæты ‘хсæн.

Фæивта чемпионаты бомбардирты лидеры ном дæр. 8-æм туры REARS-ы размæбырсæг Гуыбаты Хетæг расгуыхт 6 хатты æмæ 33 голимæ рахызт фыццаг бынатмæ. Дыккаг бынатмæ та æрхауд «Дыргуис»-ы размæбырсæг Хъодалаты Иосиф, кæцы ацы туры бакъуырдта дыууæ голы. Афтæмæй 8 хъазтмæ расгуыхт 31 хатты.

 

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыдысты традицион ерыстæ ленк кæнынæй.  Хайад сæ райстой 170 спортсмены. Уыдон ерыс кодтой хорзæхты 12 комплектыл. Хуссарирыстойнаг дæсгай æвзонг ленкгæнæджы равдыстой сæ тыхтæ ацы ерысты. Спортсменты хъуыд фæсонтыл 25 метрæй 100 метры онг аленк кæнын. Зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг музыкæйы зæлтæм спортсментæ иууылдæр цæрдæг ленк кодтой сæ дистанцитæ.

Дыууæ сахат æмæ æрдæджы дæргъы сывæллæттæ равдыстой сæ цæттæдзинады æмвæзад. Æвзонг спортсменты дæсныдзинадæн аргъ кодта компетентон жюри. Уыцы нымæцы тренер Евгения Терлеева дæр. Уый банысан кодта ерысты бæрзонд организаци æмæ спортсменты тырнындзинад.

Мадзалы фæлгæтты спорты дæсныйы ном бахъахъхъæдта Тыджыты Дианæ. Уый фæсонтыл аленк кодта 100 метры дистанци æмæ йæ ныхмæлæуджыты ‘хсæн ссис хуыздæр спортсмен.

Республикон традицион ерыстæм ленкгæнæн галуаны хъомылгæнинæгтæ развæлгъау сæхи кæй бацæттæ кодтой, уый  ирдæй зынд сæ фæстиуджытыл.

Ерысты фæстæ уыд уæлахиздзауты æмæ призерты цытджын æгъдауæй схорзæхджын кæныны церемони. Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ адих кодтой алы кары категориты 36 спортсмены.

Турниры организатортæ сты спорты галуан «Олимп» æмæ Хуссар Ирыстоны ленк кæныны федераци.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Уым Ирыстоны хъæбысхæсты минæвæрттæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Уæлахиздзаутæ систы Уалыты Сослан (55 кг), Теблойты Даниэль (63 кг), Дойаты Арсалан (67 кг) æмæ Давид Налбандов (72 кг). Æвзист призертæ баисты Тедеты Сæрмæт (63 кг) æмæ Теблойты Давид (72 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Дзасохты Чермен (63 кг), Тедеты Тотраз (77 кг) æмæ Хъуылаты Магомед (97 кг).

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.