Ӕрӕджы  Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейӕ коронавирусы эпидемийы фӕстиуӕгӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр ӕрыздӕхтысты Хъахъхъӕнынад ӕмӕ  Уæлвæткон уавæрты министрадты курсанттӕ. Ӕмӕ ныр та ӕрцыд Мидхъуыддӕгты министрады курсантты рад. Ӕдӕппӕт Уӕрӕсейы Федерацийы Мидхъуыддӕгты министрады хаххыл ахуыр кӕнынц 104 курсанты. Ныридӕгӕн уал 80 курсанты ахуыры программӕйӕ рагацау  фервӕзтысты ӕмӕ сӕхи рарӕвдз кодтой сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Баззадысты ма дзы, ӕрмӕстдӕр, ацы аз ахуыр чи фӕуд кӕны, уыцы курсанттӕ, ӕмӕ уыдон дæр фӕлварӕнтӕ радтыны фӕстӕ ӕрцӕудзысты.

Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад райста ӕппӕт мадзӕлттӕ дæр, цӕмӕй ведомствойы курсанттӕ ӕдасӕй ӕрыздӕхой Хуссар Ирыстонмӕ. Баххуырстой сын автобустӕ, кӕцытӕ сӕ комкоммӕ ӕрласдзысты бынатмӕ ӕмӕ ма сӕ сифтонг кодтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон маскӕтӕй дæр, æрмкъухтæ ӕмӕ антисептикон донгъӕдтӕй. Дӕрддзӕф рӕттӕй чи цӕуы, уыдон хӕдтӕхӕгыл Беслӕнмӕ ӕртӕхынц ӕмӕ сӕ уырдыгӕй Цхинвалмӕ раласы сæрмагонд автотранспорт. Иннӕты та комкоммӕ ахуыргӕнӕндӕттӕй раласы автобус ӕмӕ фӕндагыл никуыдӕм фездӕхынц, афтӕмӕй ӕрцӕуынц Хуссар Ирыстонмӕ.

28-ӕм майы уал ӕрцыдис фыццаг къорд – 45 курсанты Волгоград ӕмӕ Воронежы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕй, фӕлӕ дзы ӕртӕйӕ баззадысты Дзӕуджыхъӕуы. Хуссар Ирыстоны территоримӕ дзы чи ӕрыздӕхтис, уыдонӕй 40 нысан ӕрцыдысты Дзауы районон рынчындонмӕ, дыууӕйӕ та – уазӕгдон «Алан»-мӕ. 29-ӕм майы та ӕрцыдис 16 ахуырдзауы Ростов ӕмӕ Красноярскæй, ӕмӕ уыдон та ӕрвыст ӕрцыдысты Знауыры районон рынчындонмӕ. Чи ма дзы баззадис Уӕрӕсейы, уыдон дæр июны мӕйы райдианы ӕрыздӕхдзысты цалдӕр къордӕй.

 Курсанттӕ рацыдысты медицинон басгӕрст ӕмӕ 14 боны дӕргъы уыдзысты медицинон уагдӕтты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг стационарон хӕдизоляцийы. Ацы медицинон уагдӕтты арӕзт ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр карантины рӕстӕг арвитынӕн. Ис дзы интернеты бастдзинад дӕр ӕмӕ курсанттӕ не ‘взардзысты зындзинӕдтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы.

Карантинон режиммӕ ацӕуыны хӕдразмӕ курсанттӕн ведомствойы къухдариуӕгад ауадзы инструктаж сӕ уагахасты тыххӕй. Бафӕдзӕхсынц сӕ карзӕй, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дохтырты домӕнтӕ, ма халой рынчын-доны мидуагæвæрд ӕмӕ карантины рӕстӕджы се ‘ввахс хиуӕттимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлынмӕ ма тырной. Фӕткхалджытӕ ӕрцӕудзысты ӕфхӕрд ӕмӕ ма уый бандавдзӕнис сӕ дарддӕры ахуырыл дӕр.

Цалынмӕ ардӕм цыдысты, уӕдмӕ ма Уӕрӕсейы курсанттӕн арӕзт ӕрцыдис тесттӕ коронавирусы низ рабӕрӕг кӕныны тыххӕй ӕмӕ иууылдӕр сты ӕнӕниз. Ам ма сын Хуссар Ирыстоны дӕр дыккагӕй сараздзысты тесттӕ, цӕмӕй зӕрдӕхсайгӕ ма уой. Фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, никӕимӕ ӕмбӕлдысты, нӕ хызтысты автобусӕй ӕддӕмӕ. Курсанттӕ сӕхӕдӕг дӕр бӕрндзинад хӕссынц, ӕмба-рынц сӕвзӕргӕ уавæр ӕмӕ сӕхи хъахъхъӕнынц, уымӕн ӕмӕ дзы алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ бинонтӕ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.