Йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ Ирыстоны  хæхты кæмæн азæлыдысты, йæ ныхасмæ чысылæй-стырæй кæмæн хъуыстой, йæ адæмæн  ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къоста. Хурыскастау ын бæллыдысты ирон хæххон  адæм йæ уындмæ, йæ алы зарæг дæр  сын хаста ныфс. Ирон адæм дæр Кавказы иннæ адæмтау цъагъары къæлæты бын хъизæмары цард кодтой сæ æвадат хæхты.

Адæм бирæ таурæгътæ, бирæ æнкъард зарджытæ скодтой сæ уæззау хъысмæтыл.  Уыдонмæ хъусгæйæ, адæймаджы зæрдæ ныккæрзы: Тлаттаты кæвдæсард Чермены зарæг, Ӕфхæрдты Хæсанæйы кадæг æмæ афтæ дарддæр.

Иры номдзыд хъæбул, хæххон лæджы фырт  Хетæгкаты Къоста ссис  бирæнацион литературæйæн йæ бындурæвæрджытæй сæ иу. Уæвгæйæ дæр, ирон аивады Хетæгкаты Къостайы ахадындзинад æрмæст поэты ахадындзинадæй стырдæр æмæ парахатдæр у. Йæхи сæрмагонд хъысмæты, цы хъуыддæгтæ æмæ идейæтæ цардис æмæ кæй сæрыл тох кодта, æппæт уыдæтты арф  æвæрд уыдысты йæ адæмы, йæ Ирыстоны фæлгонцтæ. Къостайы цард уыдис уыцы фæлгонцты хъысмæты иу къабаз. Иу туг, иу стæгæй бахсыстис семæ. Къоста куыста, хъуыды кодта æмæ æнкъардта фидæны ирон æппæт интеллигенцийы бæсты, уый йын бацамыдта дзыллæтæн лæггад кæныны раст фæндаг æмæ йæ сомбоны тохы хæстæ. Къоста нæ барста мæгуыр фæллойгæнæг адæмыл цъыфкалæнтæ  æмæ тох кодта сæ сæрыл уæды хицауады ныхмæ. Тырныдта йæ мæгуыр, талынг æмæ ссæст хохаг адæмæн царды рухс фенын кæнынмæ. Йæ уацмысты ирдæй æвдыста йæ адæмы сагъæстæ, йæ адæмы бæллицтæ. Уый  фидарæй æууæндыд йæ адæмы рухс фидæныл. Цагъардзинады рæхыстæ иу бон кæй ныппырх уыдзысты, адæм сæ бартæ сæ къухтæм кæй райсдзысты  æмæ кæй цæрдзысты сабыр арвы бын.

Йæ цардцæрæнбонты фæбæллыд йе ‘фхæрд адæмы сæрибарæй фенынмæ, сæрибары сыгъдæг уæлдæфæй йæ  риуы дзаг сулæфынмæ, сæрибары хуры тынтæм зæрдæйы фæндиаг йе уæнгтæ айвазынмæ. Йæхæдæг нал ис Къоста, фæлæ дзыллæты зæрдæты æнустæм цæргæйæ, баззайдзæн сæ сæрибары зарæггæнæг, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ райгуырæн хæхты нæрдзысты, йæ уарзон адæм ыл цы кады зарджытæ скодтой, уыдон.

—————————————————————

* * *

Къостамæ хуымæтæджы ирон фыссæджы цæстæй кæсæн нæй. Нæ, æппæтон адæймагдзинады поэзийы минæвар уæвгæйæ, Къоста ссис раззагдæр æрхъуыдыйы, раззагдæр аивады, раззагдæр адæймагдзинады нæртон кæстæриуæггæнæг. Къоста бахаудис номдзыддæр рухстауджыты æмæ гуманистты интернационалон бинонты номхыгъдмæ.

…Къоста уырыссаг æвзаг, уырыссаг аив ныхас тынг бирæ кæй уарзта, уымæн æнустæм цардæгас æвдисæнтæй баззайдзысты, уырыссагæй цы æмдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдтæ, очерктæ æмæ пьесæтæ ныффыста, уыдон. Къоста канд ирон поэт нæу, фæлæ ма у уырыссаг поэт æмæ фыссæгыл нымад дæр.

И. Тихонов

Хетæгкаты Къостайы поэзи мæнмæ кæсы, хуры тынтæ кæцæй æрттивынц, Кавказы литературæйы сæрты чи фæлгæсы, ахæм рæсугъд бæрзонд.

Къоста уыд поэт, прозаик, драматург, публицист, йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдæй скадджын кодта ирон адæмы культурæйы æнæхъæн дуг, райгас ын кодта йæ химбарынад.

С. Михалков

Уымæн æнæ уарзгæ нæй, куы йæ бауарзай, уæд та æнæ тырнгæ нæй хуыздæр уæвынмæ, поэт æмæ адæмы бартыл тохгæнæг, нывгæнæг æмæ гражданин афтæ хорз кæм баиу сты, Къоста йæхæдæг диссаджы æвдисæн кæмæн у, уый бæрзонд миниуджытæм.  

М. Шагинян

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.