Къостайыл бирӕ ис дзурӕн. Бирӕ ахуыргонд адӕм ӕрдзырдтой йе сфӕлдыстадыл. Зӕгъæм, фыссӕг Фадеев фыста, зæгъгӕ Къоста ирон адӕмӕн у куыд Леонардо да Винчи италийæгтæн, афтӕ. Ома, нæ Иры зæрингуырд уыдис алыварсон размӕцыд гоймаг. Уымӕн ӕмӕ Къоста канд ирон литературæйы бындурӕвӕрӕг нӕу, фӕлӕ ма нывгӕнӕг, поэт, публицист, драматург   ӕмӕ адӕмон булӕмӕргъ.

Мӕн та фӕнды Къостайы ном ӕмӕ сфӕлдыстад бабӕттын музыкӕимӕ. Ацы ӕрмӕгыл 2002 азы ныффыстон зонад-иртасӕн куыст: «Лирика Коста Хетагурова в музыкальных звуках» ӕмӕ 2010 азы мыхуыры рацыдис чиныг дӕр. Стӕй йӕ мӕхӕдӕг ратӕлмац кодтон ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ дыууӕ ӕвзагыл дӕр мыхуыр ӕрцыдис нӕ газетты.

Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ канд фӕрсгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ сыл ӕвӕрдтой алыхуызон мотивтӕ ӕмӕ сӕ зарыдысты, цагътой сæ ӕппӕт Ирыстоны. Куыд ӕмдзӕвгӕтӕ, афтӕ зарджытӕ дӕр ӕвдисынц поэтӕн йе сфӕлдыстады социалон бындур. Уымӕ гӕсгӕ уыдон уыдысты ӕмдугон. Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл ӕвӕрд тохмæ сидæн зарджытӕ: «Додой», «Катай», «Балцы зарӕг» зындгонд уыдысты Фӕскавказы дӕр ӕмӕ уыдон заргӕйӕ цыдысты революцион тохмӕ. Ацы зарджытӕ адӕмӕн лӕвӕрдтой тых ӕмӕ хъару. Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл фыст ӕрцыд 25 зарӕджы: «Додой», «Салдат», «Балцы зарӕг». «Сидзӕргӕс», «Хъуыбады», «Фсати», «Фесӕф», «А-ло-лай» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕвӕрдтой алы ӕмӕ алы мелодитыл. Зӕгъӕм, ис ауадзӕн параллель:

1.«Балцы зарӕг»-ы мелоди у ӕнгӕс уырыссаг зарӕг «Ехал на ярмарку ухарь – купец ».

2.«Сидзӕргӕс» – европæйаг мелодийыл авӕрд.

3.«Мӕгуыры зæрдӕ» – у хъазахъхъаг мелодийы хуызӕн.

4.«А-ло-лай – бердзенаг аргъуаны зӕлтыл ӕвӕрд.

5.«Фсати» – ирон мелодийыл æвæрд.

Кӕд ӕмӕ ӕндӕр мелодитыл ӕвӕрд уыдысты ацы зарджытӕ, уӕддӕр сӕ спецификон ирон музыкӕйы элементтӕ уыдис бирӕ, куыд триольта, синкопатӕ, акценттӕ ӕмӕ квартаттӕ.

Фӕстӕдӕр Къостайы ныхӕстыл фыстой профессионалон композитортӕ: Алыккаты Ахболат, Кокойты Тӕтӕрхъан, Ефим Колесников, Галаты Барис, Хаханты Дудар, Плиты Жаннӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ацы зарджыты сырӕзты тыххӕй аивадиртасӕг зонӕдты кандидат Хаханты Дудар йӕ хъуыды афтæ зӕгъы: «Къостайы ныхӕстыл цы зарджытӕ сфӕлдыстой, уыдонӕн-иу радтой национ хуыз. Ацы зарджытæн сæ арӕзт ӕмӕ сæ бындурмӕ хӕццӕ кодта, уырыссаг ӕмӕ европӕйаг музыкӕйы тӕфаг. Афтӕ ма Ирыстоны фӕзынд ноджыдӕр иу хуыз: горӕттаг адӕмы сфæлдыстад – романс.

Галаты Барис йӕ критикон – публицистикон эссейы фыссы, зӕгъгӕ, Къостайӕн йе сфӕлдыстады поэзи ӕмӕ зарӕг иу кӕнынц ӕмӕ Къостайы поэзи адӕмон музыкалон-поэтикон сфӕлдыстадимæ куыд ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст у. Галаты Барис ныффыста романс Къостайы ныхӕстыл: «Я смерти не боюсь», зарджытӕ: «Додой», «Марды уӕлхъус», «А-ло-лай», музыкӕ киноныв «Фатимӕ»-мӕ.

Композитортӕ бирӕхатт аздӕхтой се ،ргом Къостайы ӕмдзӕвгӕмӕ «Я смерти не боюсь». Романстӕ йыл ныффыстой Хъуыцъыстаты Фаризӕт ӕмӕ Хъаныхъуаты Ларисӕ. Фӕлӕ Галайы фырты романс агайы зӕрдӕ йæ лаконизм ӕмӕ быцӕувӕрдӕй. Романс «А-ло-лай» сарӕзта сылгоймаджы хъӕлӕсӕн ӕмӕ фортепианойӕн. Уый у камерон репертуарӕн диссаджы акварель.

Киноныв «Фатимӕ»-йы музыкалон темӕтӕ дих кӕнынц ӕртӕ къордыл:

  1. Лирикон сценӕйы мелоди (ӕххӕст сӕ кӕны ирон адӕмон оркестр);
  2. Трагикон темӕ (ӕххӕст ӕй кӕны симфоникон оркестр);
  3. Цардуаджы уавӕрты мелоди. Кульминацион темӕ у «Додой» – симфоникон ӕгъдауӕй ӕххӕстгонд.

1979 азы Хаханты Дудар ныффыста йæ «Фӕндзӕм симфони», Къостайы тыххӕй. Ацы симфонийы автор равдыста поэты хъысмӕт, йӕ курдиатджын ӕнахуыр диссаджы ӕвзаг, йӕ хъизӕмар адӕмы тыххӕй. Йӕ сӕйраг мидис симфонийӕн у хӕст, дыууӕ ӕхсӕнады ӕхсӕн: поэты монон культурӕ ӕмӕ зӕхкусӕджы хӕст се знӕгтимӕ. Симфонийы пайдагонд ӕрцыдысты зарджыты мелодитӕ: «Додой», «Фсати», «Ӕнӕ хай», «Балцы зарӕг». Каронбӕттӕны та музыкалон лейтмотивы композитор ӕвдисы тырнындзинад рӕсугъд цардмӕ, кӕцымӕ бӕллыдис Къоста йӕхӕдӕг дӕр.

Плиты Христофор йӕ оперӕ «Фатимӕ»-йы равдыста поэты ахаст адӕммӕ. Ацы оперӕйы бындурыл систой киноныв «Возвращение Коста». Ӕрыгон композитор Плиты Жаннӕ сарӕзта балет «Фатимӕ», æмæ дзы равдыста ирон сылгоймаджы уавӕр.

Къоста йӕхӕдӕг тынг уарзта классикон музыкӕ, бӕлвырддӕр та Чайковскийы музыкӕ. Йӕ номыл ныффыста ӕмдзӕвгӕтӕ: «Памяти Чайковского», «Музе», «О чем жалеть». Ирон эстрадон къорд «Бонварнон» дӕр бирӕ нырыккон зарджытӕ ныффыста Къостайы æмдзӕвгӕтыл.

Нӕ ирон композитортӕн Къоста уыдис фӕндагамонӕг, стъалыйы хуызӕн. Куыд поэтты, афтӕ бирӕ композиторты фидӕны фӕлтӕртӕн Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстад уыдзӕн, уӕле исгӕ – бынӕй ахадгӕ хӕзнадоны хуызӕн.

ЦХУЫРБАТЫ Жаннæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.