Дзанайты Иван афтæ дзырдта, зæгъгæ, «Поэт хъуамæ хъуса, уына æмæ æмбара адæймаджы цин, дымгæйы хъазт, йæ тындзын, сыфтæрты сыф-сыф, суадоны сæр-сæр, дидинджыты базмæлд, æртæхы ферттывд, хуры цин, мæйы мидбылхудт».

Афтæ мæм кæсы, цыма уыдон Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон программæйæ ист сты«, — бафиппайдта мадзаламонæг, горæты централон библиотекæйы кусæг Букуылты Маринæ, ирон адæмы уарзондæр хъæбул, гениалон поэт, прозаик, нывгæнæг, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы 163-æм гуырæн боны цытæн библиотекæ цы мадзал ауагъта, уым.

Мадзал бакодта библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ. Уый уырыссаг æвзагыл бакаст Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Не верь, что я…»

Къоста у Ирыстоны намысы тырыса, йæ кад æмæ йæ цыт, æнæхъæн дуне нæ кæй руаджы базыдта, ахæм гениалон поэт. Уый ирон дзыллæйæн радта йæ уды хъарм, йæ зæрдæ. Къоста бирæ æмдзæв-гæтæ ныффыста сывæллæттæн. Иры бирæ фæлтæртæ схъомыл сты Къостайы æмдзæвгæтыл.

Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ аив бакастысты 5-æм астæуккаг скъолайы фыццаг къласы ахуыргæнинæгтæ Битеты Ирмæт æмæ Барсæг, гимназ Альбионы фыццаг къласы ахуырдзау Коцты Давид, скъола-интернаты скъоладзаутæ Бахъаты Владислав æмæ Дианæ, аивадон лицейы ахуыргæнинæгтæ Дзæгъиаты Георги æмæ Агуындæ.

Дарддæр Хъотайты Маринæ банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæмы номдзыд фырт Хетæгкаты Къоста канд ирон адæмы нæ, фæлæ Цæгат Кавказы иннæ адæмты ’хсæн дæр уыд фыццаг фæндаггæрдæг нывкæнынады алы хуызты. Йæ курдиат æрттивы арвæрдыны алы хуызтæй, сыгъдæг æмæ аив у хæххон суадоны æртæхтау. Къостайæн ирон дзырд уыд йæ уд, баста йæ уæларвон тыхтимæ, адæмы чи иу кæны, ахæм фарнимæ.

«Ирон фæндыр» — ирон лæджы фæлмæн зæрдæйы хъарæг-зарæг, ирон æвзаг æппæтæй тынгдæр йæ хуыз кæм скалдта, уыцы ахъаззагдæр хæзна Хетæджы фырт уадæмдых цæргæсау сыстад Кавказы хæхты сæрмæ, дардыл айтыгъта йæ базыртæ æмæ сиды ног фæлтæрмæ аивады бæрзæндтæм стæхынмæ.

«Уырны мæ — цалынмæ зæххы къорийыл ирон зæринзæлд дзырд цæра, цалынмæ бæрзонд арвы бын бæстæйы змæлæг уа, уæдмæ Хетæджы фырты царддæттæг сфæлдыстад æрттивдзæн налхъуыт-алмасау дунейы цæрæг адæмты аивады денджызы уылæнты. Къоста йæ раттæг адæмæн ссис лæгдзинад, хъæбатырдзинад, курдиат, кад æмæ намысы нысан», — банысан кодта Хъотайты Маринæ. Уый фæстæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ «Къостайæн».

Бæрæгбонон изæры Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ аив бакастысты библиотекæйы кусджытæ Къæбысты Валя, Битарты Нелли, Хъæцмæзты Вандæ, Тедеты Эльзæ.

Мадзал бацæттæ кодтой библиотекæйы кусджытæ Хъотайты Маринæ æмæ Букуылты Маринæ. Хайад дзы райстой библиотекæйы кусджытæ, чиныгкæсджытæ, æхсæнады минæвæрттæ æмæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.