Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн нæ республикæйы бирæ мадзæлттæ уагъд æрцыд.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр ирон генийы цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы. Уагдоны актон залмæ æрбамыбрд сты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, сценæйыл æвæрд уыд Къостайы портрет. Мадзал сорганизаци кодта уагдоны раздзог Къæбулты Аленæ 11, 8 æмæ 5-æм кълæсты ахуыргæнинæгтимæ. Йæ ауадзынæн ын баххуыс кодтой ацы скъолайы ахуыргæнджытæ Рассохина Надеждæ, Дыгъуызты Лианæ, Козаты Маринæ, Æлборты Владæ, Асаты Николай, Гаглойты Изольдæ.

Мадзал амыдтой 11-æм къласы ахуырдзаутæ Зæгъойты Григори æмæ Къæбулты Кристинæ. «Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта æмæ Ирыстонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Цыдæриддæр Ирыстонмæ фенддаг æмæ бæллицаг уыд, уыдон се ’ппæт дæр æрбамбырд сты иу адæймагмæ, æрцардысты йæм æмæ сæхи равдыстой рæдауæй. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, уд, се ’хсар æмæ сæ уæздан. Мах куы фæдзурæм Ирыстон, уæд нæ цæстыты раз вæййы Къоста, мах куы фæдзурæм Къоста, уæд нæ цæсты раз вæййы Ирыстон. Алы аз дæр кæфты мæйы фынддæсæм бон уæлдай циндзинад æрхæссы ирон адæмæн. Уымæн æмæ уыцы бон райгуырд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. 15 октябры 163 азы сæххæст ирон адæмы уарзон хъæбул Къостайы райгуырдыл. Æхсарджын зæрдæ-йæ æвзæрынц æхсарджын рæнхъытæ: «Мæ аргъуан — зæхх. Мæ дзуар — уарзондзинад. У дун-дуне Фыдыбæстæ мæнæн», — дзырдтой мадзаламонджытæ.

Зарджытæ, кæфтытæ, сценкæтæ кæрæдзи ивтой. Сывæллæттæ тырныдтой сæ номыртæ хорз сæххæст кæнынмæ æмæ архайдтой æцæг актертау. 5-æм къласы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой æмбисæндтæ, æлхысчъытæ Къостайы уацмыстæй.

«Къоста бирæ уарзта ирон адæмон сфæлдыстад, арæх дзы хæссы цæвиттонтæ. Дзырд „нæртон“ у Къостайы уарзондæр дзырд. Егъау у сæ нысаниуæг Къоста ирон æмбисæндты бындурыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæн. Уыцы æмдзæвгæтæ мах хонæм баснитæ», — загъта мадзаламонæг. Басни «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-æй сценкæ тынг хорз сæххæст кодтой Уазæгты Амагæ, Дзæгъиаты Георги æмæ Габайты Джессикæ. 8-æм къласы ахуырдзаутæ акафыдысты цалдæр кафты, аив бакастысты æмдзæвгæтæ. 11-æм къласы скъоладзаутæ тынг хорз бакастысты Къостайыл поэттæ Чехойты Оля, Икъаты Владимир, Гæбулты Мелитон, Плиты Илья, Гатыгкоты Эдуард æмæ æндæр фысджытæ цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон фыст æмдзæвгæтæ, куыд зæгъæм, «Хæххон цæргæс стахтис Нарæй», «Адæмы хъæбул», «Мады ныв», «Ирон адæмы стъалы», «Къостайæн», «Бакастæн ногæй дæ чиныг», «Къостайы фæстаг фæдзæхст» æмæ афтæ дарддæр. Бакастысты Къостайæн йæхи фыст æмдзæвгæтæ дæр.

“Махæй алкæй хæс дæр у Къостайы царды æмæ куысты фæзмын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын. Адæм афтæ фæзæгъынц: «Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц! Нæ зæронд кæны Къостайы поэзи дæр æмæ адæмæн хæссы царды хос. Алы ирон лæджы зæрдыл дæр хъуамæ лæууа Къостайы ныхас: «Чи мæ бамбара, уый мæ кæд нæ ферох кæнид». Абон зæгъын хъæуы Къостайæн: «Фехъуыстой дæ ирон адæм, нæ дæ рох кæнынц, æмбаргæ дæр дæ бакодтой æмæ дын дæ фæдзæхстытæ дæр æххæст кæнынц», — дзырдтой мадзаламонджытæ.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загътой скъолайы директор Медойты Таймураз æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ.

Мадзалы кæрон ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой зарæг «Мæ Ирыстон» æмæ акафыдысты ирон дзыллон кафт «Симд».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.