Къоста… Ацы номимæ баст сты ирон адæймаджы иууыл рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цы æмæ цы хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусггæйæ: «Ирон адæмы сæуæхсид», «Нæ цæугæ мæсыг», «Мæгуыр адæмы сæрхъызой», «Ирыстоны ном æмæ кад» — ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм Хетæгкаты Къостайы.

Къостайы сфæлдыстад тынг хъæздыг æмæ алыварсон у. Цас æй фылдæр ахуыр кæнай, уыйбæрц æм дæ цымыдисдзинад кæны тынæгæй-тынгдæр.

Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста йæ адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр ныфс, йæ куырыхон зонд, йæ æвидигæ хъару æнæвгъауæй лæвæрдта æфхæрд дзыллæты рæсугъддæр æмæ амондджындæр фидæны сæраппонд. Уымæн æй афтæ тынг уарзтой адæм, хурыскастау уымæн бæллыдысты йæ фенынмæ.

— «Къоста ирон адæмы хур у, хур та æр-мæстдæр иу у. Уымæн у Къоста адæмæн афтæ уарзон» — фыста Абайты Васо.

Йе сфæлдыстады иу ахæм дзырд, кæнæ хъуыдыйад дæр не ссардзынæ, кæцы царды ахсджиаг фарстыл дзурæг нæу. Йе сфæлдыстад уæды заманы нæ, фæлæ ма абоны царды дæр бирæ вазыгджын фарстатæн дзуапп дæтты, рæстæгимæ кæны æмдзу.

Дыууæ хатты хасты уæвгæйæ, уырды-гæй дæр архайдта йæ адæмæн исты æххуыс бакæныныл, сæ цард сын фæрогдæр кæныныл. Уымæн-иу йæ хъару никуы асаст, кæд-иу зындзинæдтæ æвзæрста, уæддæр. Йæ уарзт йæ адæммæ, йæ райгуырæн бæстæмæ кодта тынгæй-тынгдæр. Йæ тох æмæ йе ’нæуынондзинад та уæды хицауады ныхмæ — цыренæй-цырендæр.

Кæд цард Къостамæ йе ’ргом никуы раздæхта йæ гыццылæй фæстæмæ, уæддæр ын æрдзæй йæ алыварсон курдиатимæ лæвæрд уыд хъæлдзæг зæрдæйы уаг дæр: — «Пришел Коста, и в доме оживление, смех. Он смеялся раскатисто, говорил громко и весело», — говорит Нина Смирнова (йæ ахуыргæнæг Смирновы бинойнаг).

Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег йæ мысинæгты Къостайы тыххæй афтæ фыста: «Къоста фылдæр хатт дардта бæгæныхуыз, кæнæ та цъæх цухъхъа сау куырæтимæ. Йæ диссаджы сатæгсау хъуынтæ фæстейæ зындысты йæ сау худы бынæй. Уый асæй уыд рæстæмбис, нарæгастæу, гуырджын, йæ къахайст дæр уыд рог, уæгъдибар. Стыр сау цæстытæ æдзухдæр зынгау æрттывтой… Йæ хъæлæсы уаг уыди зæрдæмæдзæугæ, арф æмæ фæлмæн»…

«Иуахæмы, — фыссы Махарбег Санаты Ибрагимы бинонтæм (Ибрагим — Къостайы æввахс æмбал) уыдис хъæлдзæгдзинады изæр.

Æппæт уазджыты каст дæр уыд Къоста-мæ: уый фынджы уæлхъус экспромтæй дзырдта æмдзæвгæтæ. Йæ цыргъ æмæ хъазæн ныхæстæй хъæлдзæг кодта адæмы се ’ппæты дæр. Хъæлдзæгдзинады изæрмæ чи æрбацыди, уыдонмæ Къостайы кой йедтæмæ ныхас нæ уыди.

Райхъуысти музыкæйы цагъд. Хъазт байгом. „Мазуркæ“ кафгæйæ Къоста рахызтис се ’ппæты разæй. Йæ рог фæзылдтытæ æмæ арæхст кафтæй йæхимæ æркæсын кодта æппæт уазджыты дæр.

„Мазуркæйы“ фæстæ Къоста рахызт „Вальсмæ“ æмæ æндæр ныгуылæневро-пæйаг кæфтытæм. Уыцы кæфтыты ’хсæнмæ-хсæнты-иу Къоста æрцæгъдын кодта „Тымбыл кафт“-ы цагъд æмæ-иу хæххон цæргæсау хъазты астæу йæ къахайстыл цæст нæ хæцыд». Гъе, ахæм уыд Къоста хъæлдзæгдзинады рæстæджы. Фæлæ кæм фæхъæуы, уым та йæ ныхас — сæрдасæнау цыргъ æмæ уаз. Царды йын алы фæзилæны дæр уыд раст, æнæфæцудгæ дзуапп.

Къоста Нары райдайæн скъола каст куы фæци, уæдæй суанг цалынмæ Бетъырбухæй рыздæхт, уæдмæ уыд уырысы ’хсæн. Уыцы азты уый иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг æвзаг, уырыссаг культурæ æмæ ма Европæйы бæстæтæй бирæ адæмты культурæтæ дæр. Къостайæн йæ аивадон хъару байрæзт Уæрæсейы абухгæ денджызы. Уый фыста куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

14 азы уырысы ’хсæн фæуыны фæстæ æрыздæхт Къоста Ирыстонмæ… Ардыгæй райдыдта Къостайы царды иууыл зындæр рæстæг. Ныллæууыд революцийы фæндагыл. Кæд ныры онг йæ удрæбын дардта йæ тухитæ, йæ рыст сабибонтæ, æфхæрд адæмы царды нывтæ, уæд гъеныр фемæхстысты йæ адæмуарзон зæрдæйæ. Фыста, дзырдта æргом тох кодта мæгуыр адæмы сæрыл, æххуыс сын кодта куыд зæрдæйæ, афтæ хъуыддагæй дæр.

1899 азы Къостайы «Ирон фæндыр» ирон лæджы хæдзары дуар бахоста. Уæдæй фæстæмæ алы ирон къæсмæ дæр рухсы тын бакалд. Уыцы фæндыр ссис ирон дзырд аивады суадон. Йæ тæнтæ уыдысты Къоста йæхи цы адæмæн снывонд кодта, уыцы адæмы зæрдæйы тæгтæй конд. Йæ фыццаг зæлтæй райхъуыст фарны хъæр. Фарнхæссæг лæг та вæййы ныфсхаст, хъæбатыр æмæ цæхæрцæст. «Ирон фæндыр»-ы алы ирон лæг дæр федта йæхи, йæ цард, йе ’фхæрæджы. Бамбæрста царды рæстдзинад.

Паддзахы хицауад зылд Къостайы фæдыл. Æрцахстой-иу æй, æмæ-иу æй арвыс-той йæ райгуырæн бæстæйæ.

Æрцахстой-иу æй… Фæлæ зарæгæн ахсæн нæй, хъуыдыйæн, зондæн, уарзтæн нæй ахсæн, авд гуыдыры сыл куы сæвæрай, уæддæр. Уым тынгдæр кодта йæ алыварсон куыст. Йæ рыст адæмы мæт ын æнцой нæ лæвæрдта иу уысм дæр.

ДЖИОТЫ Мананæ,
10-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.