Æмбæстæгты фæрныгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынмæ фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитет æрвылбон дæр кусы коронави-русон инфекци рабæрæг кæныны фæдыл.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры пресс-конференцийы рæстæджы бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ, эпидемиологон уавæры тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, ног коронавирусон инфекцийæ рынчынты нымæц рæзы нæ республикæйы территорийыл дæр. Суткæйы дæргъы цы 57 иртасæн куысты арæзт æрцыд, уыдонæй астæн уыд æвæрццаг фæстиуæджы.

Бæстæйы санитарон дохыры ныхæстæм гæсгæ, иумиагæй сисгæйæ, Уæрæсейы территорийыл дæр бæрæг февзæрдæр эпидемиологон уавæр, æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бандавдзæн махыл дæр. Уымæн æмæ адæм, чи хъуыддаджы, чи йе ‘нæниздзинады тыххæй, цæуынц Уæрæсейы алы горæттæм. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны дæр хынцыд цæуы рынчынты фылдæр нымæц.

Йæ ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы цæмæй ивгъуыд азы уæззау уавæр фæлхатт мауал æрцæуа, уый тыххæй махæй алчидæр  хъуамæ æмбара йæ бæрндзинад æхсæнады раз, уымæн æмæ ныртæккæйы уавæр махæй алкæуыл дæр у баст.

Коцты Маринæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ дохтырты хъусдарды бын ис 61 адæймаджы, уымæй размæ хыгъдæй ист æрцыдысты 13 адæймаджы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы территорийыл уæрæсейаг вакцинæ «Спутник V»-йæ прививкæтæ сарæзтой дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр. Уыцы вакцинæ у æнæаргъ, æмæ низ рогæй схæссыны нысанæн алы адæймаг дæр бæрнон ахаст хъуамæ равдиса ацы ахсджиаг хъуыддагмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.