Фæдзæхстадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Алани»-йы сæргълæууæджы бынатмæ кандидат равзарыны тыххæй гом конкурс адарддæр 2019 азы 1 мартмæ.

Конкурсы хайад райсыны тыххæй æппæт хъæуæг документтæ хъуамæ бавдыст æрцæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Ап-партмæ кадртæ æмæ резервимæ кусыны фæдыл управленимæ.

Конкурсы хайад райсын кæй фæнды, РХИ-йы уыцы æмбæстæгтæ хъуамæ бавдисой ахæм документтæ:

а) куырдиат (лæвæрд цæуы, документтæ кæм ист цæуынц, уым);

б) кадрты хыгъды тыххæй хи къухæй йедзаг æмæ къухфыстæй сæрмагонд гæххæтт 3х4 см нывтимæ;

в) Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы ном бæлвырдгæнæг документы халдих (уыцы документ бавдисын хъæуы конкурсмæ бацæуыны рæстæджы);

г) уæлдæр профессионалон ахуырад, куысты стаж æмæ квалификаци бæлвырдгæнæг документтæ;

фæллойадон чиныджы халдих кæнæ æндæр документтæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц æмбæстаджы фæллойадон (службæйон) архайд (куыс-тмæ райсыны фæдыл бардзырдтæ, уый размæ куысты бынатæй бæлвырдгæнæнтæ æмæ æндæртæ);

уæлдæр профессионалон ахуырады документты халдихтæ, афтæ ма æмбæстаджы фæндонмæ гæсгæ – уæлæмхас профессионалон ахуырады тыххæй, зонадон къæпхæн, зонадон ном радтыны тыххæй халдихтæ.

Фæдзæхстадон компанийы сæргълæууæг равзарыны фæдыл къамис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.