27-æм апрелы киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд зынгæ уæрсейаг композитор, продюсер æмæ зарæггæнæг, Хуссар Ирыстоны аивады сгуыхт архайæг Павел Беккерманы концерт. Сценæйыл ма зарджытæ сæххæст кодта, куыд иунæгæй, афтæ дуэтæй Беккерманимæ зынгæ уæрæсейаг зарæггæнæг Татьяна Ветринская. Дыууæйæ сæххæст кодтой алыгъуызон зарджытæ, кæцытæ тынг фæцыдысты концертмæ æрбацæуджыты зæрдæмæ, уæлдайдæр та-иу Беккерман йæхæдæг фортепьянойыл кæм цагъта, ахæмтæ. Уыдоны ‘хсæн уыдис ахæм патриотон зарджытæ, куыд «На Барбашовом поле», «А вы помните», «Я тебя ждала» æмæ ма уарзондзинадыл фыст зарджытæ. Ацы концертон программæ уагъд æрцыд РХИ-йы Культурæйы министрады хъæппæрисæй Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн ахæм номимæ «Спасибо вам от имени живущих».

Сæххæстгонд зарджыты фылдæр хай сты Беккерманæн йæхи фыст. Кæцыдæрты дзы Татьяна Ветринская сæххæст кодта иунæгæй. Зарджыты ныхæстæ дзы йæхи фыст кæцытæ не сты, уыдонæн та ныффыста музыкæ æмæ афтæмæй алкæцы зарæджы дæр ис Беккерманы хайбавæрд. Йæ зарджыты репертуары ма уыдис ахæмтæ, кæцыты композитор ныффыста æвзонгæй æмæ фæстæдæр систы популярон. Йæ профессионалон карьерæйы райдианы ма йын стыр æххуыс бакодта поэт Евгений Минин, кæцыйы ныхæстыл фыст зарджытæ абоны бон дæр сты популярон æмæ дзы ацы концерты дæр цалдæр сæххæст кодтой.

Беккерман залы бадджытимæ активонæй ныхас кодта, радзырдта-иу сын зарæджы ныффыссыны истори, зарæгимæ баст цаутæ. Хуссар Ирыстонимæ та йын кæцæй фæзынд иудзинад, уый тыххæй та загъта, зæгъгæ, Мæскуыйы фембæлд зынгæ хуссарирыстойнаг зарæггæнæг, уæрæсейаг проект «Голос»-ы хайадисæг Хъуылымбегты Сосланимæ, кæцыйы фæрцы йын фадат фæцис нæ республикæмæ æрцæуынæн.

РХИ-йы Культурæйы министрад артистæн стыр арфæ ракодта ахæм концерт ауадзыны тыххæй æмæ йын балæвар кодтой ныв Хуссар Ирыстоны пейзажимæ. Беккерман тынг бацин кодта ахæм лæварыл æмæ радзырдта, зæгъгæ, ардæм цæугæйæ, мæ цæстытæ ралидз-балидз кодтой, ахæм диссаджы æрдз уынгæйæ, æмæ ныр ацы ныв ссардзæн аккаг бынат ма хæдзары.

Кæронбæттæны артисттæ арфæ ракодтой концертмæ æрбацæуджытæн.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ концертмæ кæй æрбацыдис хæрзцъус адæм – æдæппæт 40-50 адæймаджы бæрц. Афтæмæй та Павел Беккерман канд хорз зарæггæнæг, композитор, продюсер æмæ пианист нæу, фæлæ ма у Æппæтуæрæсейон æмæ Æппæтдунеон музыкалон конкурсты лауреат, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг, педагогикон зонадты кандидат æмæ ма вæййы бирæ зарджыты фестивалты жюрийы сæрдар дæр. Хорз уыдаид, æмæ нæ адæм куынæ зивæг кæниккой ахæм курдиатджын адæймæгты концерттæм.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.