Паддзахадон кино-концертон зал «Чермен»-мæ æрбацыд бирæ адæм. Залы иу афтид бынат дæр нал баззад. Уыдон се ’ппæт дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æрбацыдысты хорз концерт фенын æнхъæлцау æмæ сæххæст сæ бæллиц.

Адæмы йе сфæлдыстадон изæрмæ æрхуыдта Цхинвалы № 2 музыкалон скъолайы ахуыргæнæг Сиукъаты Тамерлан. Тамерланæн йæ ацы хъуыддаджы стыр æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны Културæйы Министрад, йæ сæргълæууæг Остъаты Мадинæйы хъæппæрисæй. Ам ма банысан хъæуы уый дæр, æмæ фæстаг рæстæджы Культурæйы министрад аразы æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм хайджын уой царды би-рæ хорз миниуджытæй, сæ уæззау æмæ тыхст бонтæ сæ ферох уой тагъддæр.

Концерты хайад райстой Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, зарæггæнæг Дауыраты Эдуард æмæ артист зарæггæнæг Кусаты Михаил. Уыдон æр-мæст сæ зардæй нæ барухс кодтой залы уæвджыты зæрдæтæ, фæлæ ма сценæйыл сæ цымыдисон инсценирæвкæтæй дæр.

Концерты хайад райстой Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы зарæггæнджыты къорд «Асин» æмæ дыккæгæм музыкъалон скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Концерты уыдысты æмæ цалдæргай зарджытæ акодтой Тадтаты Аманда æмæ Дзигойты Маринæ. Ацы дыууæ æвзонг зарæггæнæджы сæ зарджытæ афтæ хорз сæххæст кодтой, æмæ сæм адæймаг цал хатт фæнды ма байхъуса, уæддæр ма йæ фæнддзæнис байхъусын. Сæ ахæм хорз зарды тыххæй сын залы уæвджытæ бузныджы æнкъа-рæнтæ æвдыстой дæргъвæтин къухæмдзæгъдæй.

Сæ зарджытæ хорз сæххæст кодтой бынтон æвзонг артисттæ Зассеты Сослан æмæ Къæбулты Янæ. Цалынмæ Янæ «Ария Лауретты»-йы нæ сæххæст кодта, уæдмæ Тамерлан афтæ: «Хорз адæм, ныр та сымах базонгæ уыдзыстут, сомбоны стыр ныфсæвæрæн кæмæй ис, Гергиты Валери, Джиоты Вероникæ æмæ æндæр ирон зындгонд артистты æмрæнхъ чи балæууа, ахæм, æвзонг зарæггæнæг Къæбулты Янæимæ». Ныр дæр та Тамерланы ацы ныхæстæ æнæхъуаджы нæ фесты. Янæ йæ зарæджы сæххæст кодта иттæг хорз, залы бадджыты къухæмдзæгъд нал фæуд кодта бирæ рæстæг.

Уыцы изæр Тамерланы фæндтæ æмæ хъуыдытæ се ’ппæт дæр сæххæст сты. Сценæмæ кæцыфæнды артисты рахызт дæр адæмæн хаста æхцондзинад, алкæй рахызт дæр æргом кодта Тамерланæн йæ миддуне, йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурæг у ууыл, æмæ сын Тамерлан йæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ амыдта æмæ амоны рæдауæй.

Банысан ма хъæуы уый дæр æмæ залы цы зарджытæ зæлыдысты, уыдо-нæн сæ фылдæр хай ныффыста Тамерлан йæхæдæг. Тамерланмæ ис зар-джытæ фыссыны æвзыгъддзинæдтæ æмæ уырнинаг у, дарддæр дæр ацы куыст кæй кæндзæн æмæ йын мах та йе ’нтыстытыл кæй цин кæндзыстæм.

Тамерлан æмæ Культурæйы министрадæй ацы концертмæ сæхи цæттæ кæнгæйæ иунæг фарст дæр нæ ферох. Нæ сæ ферох фаг хонæн билеттæ æрцæттæ кæнын æмæ сæ адæммæ фæ-хæццæ кæныны хæс дæр. Уый та бирæ-бæрцæй фæахъаз концертмæ æрцæуджыты зæрдæйы уаг фæхуыздæр кæнынæн.

Концертмæ æрцæуджытæй гæнæн ис æмæ чидæртæ ма рахатыдаиккой, концерты цы цалдæр цухдзинады уыд уыдон, фæлæ æз, ахæм цаутæм мæ хъус лæмбынæг кæй дарын, уый тыххæй рахатыд-тæн цалдæр фиппаинаджы. Зæгъгæ, та сæ кæнын æрмæстдæр уымæн, цæмæй æндæр хатт мауал æрцæуой фæлхатт.

Нæй афтæ зæгъæн æмæ концерт уыд дæргъвæтин, стæй цыбыр дæр нæ уыд, фæлæ йæ райдайæнæй йæ кæронмæ концертмæ æрцæуджытæй бирæтæ кодтой дыууæрдæм, хъыг дардтой куыд залы иннæ уæвджыты, афтæ ма артистты дæр. Сæ фылдæр та уыдысты, ахæм митæ аразын кæуыл не ’мбæлд ахæтæ 15-16 аздзыд чызджытæ. Цалдæр къордæй, фыццаг сæ иутæ, стæй та æндæртæ сыстадысты, æвæццæгæн, сæ фæндыд æддæмæ рацæуын. Дуæрттæ уыдысты æхгæд æмæ цалынмæ уыдоныл иугай зылдысты, цалынмæ сын се ’мбæрзæнтæ хъæлæбагæнгæ фæратил-батил кодтой, уæдмæ-иу не ’рсабыр сты. Афтæ дæр ма мæм фæкаст, цыма сæ архайд уыд æрмæстдæр хи ’вдисыны тыххæй, фæлæ уыдон цахъхъæнтæ хъуамæ хорз зониккой, хи ’вдисын æндæр хъуыддæгты æмæ архæйдтытæй кæй хъæуы. Сæ ахæм миты тыххæй та сыл бахудт залы бирæ кæйдæрты зæрдæтæ.

Концерт афтæ хорз чи бацæттæ кодта, адæмы размæ йæ афтæ хорзæй чи рахаста, уыдон хъуамæ бацархайдтаиккой ууыл дæр, цæмæй залы уыдаид дыууæ хъусдарæджы. Афтæ куы бакодтаиккой, уæд концерт ацыдаид ноджы рæсугъддæр.

Ноджы ма иу. Афтæ мæм кастис æмæ зарæггæнджытæн сæ иуæй-иуты хъыг дардта музыкæ, æгæр хъæрæй кæй уыд, уый, афтæ ма залыбадджыты дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.