Цхинвалы уыд зынгæ сомихаг зарæггæнæг ЭGO-йы (Эдгар Маргарян) концерт. Æнæдызæрдыгæй публикæ ЭGO-йыл сæмбæлд стыр æхсызгонæй, билеттæ уæй æрцыдысты йæ концертæй иу мæй раздæр. Уый фæдыл концерты организатортæ аскъуыддзаг кодтой концерты дыккаг сеанс ауадзын.

Уыцы изæр сценæмæкæсджыты зæрдæтæ сæ сæххæстгонд номыртæй бахъæлдзæг кодтой ахæм зындгонд зарæггæнджытæ, куыд Азамат Пхешков æмæ Адлер Коцба. Концерты кафты номыртæ сæххæст кодтой «Импульс»-ы къорды хайадисджытæ.

Бирæнымæц аудитори æппæт концертон программæйыл æмбæлд тыхджын къухæмдзæгъдимæ,  концерты сæйраг хайадисæг ЭGO сæххæст кодта йæ зындгонд зарджытæ иууылдæр, æмæ публикæмæ бахатыд, цæмæй йемæ азарыдаиккой, сценæмæкæсджытæ дæр ын сæххæст кодтой йæ домæн æмæ йемæ зарыдысты.

Ног зарджытæ æххæст кæныны ‘хсæн фæурæдтыты (перерыв), зарæггæнæг ныхас кодта сценæмæкæсджытимæ, радзырдта сын горæтмæ куыд цыд, фæндагыл  ыл йæ командæимæ цы цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй.

«Концерт абон уыдзæн дæргъæвтин æмæ цымыдисон», – загъта зарæггæнæг æмæ баныфсæвæрдта концертон программæимæ ноджыдæр Цхинвалмæ æрцæуын. Уый ма раарфæ кодта концерты организатортæн дæр. Концерты кæрон сценæмæкæсджыты цæсгæмттыл зынд, райгондæй кæй баззадысты зарæггæнæг æмæ йæ командæйы ралæудтытæй, уый.

Цхинвалы цæрæг Дыгъуызты Амандæ загъта, зæгъгæ, у зарæггæнæджы курдиатæн табугæнæг. «Æз æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастæн ЭGO-йы концертмæ, ныр цалдæр азы æз дæн йæ курдиатæн табугæнæг. Абон сценæйæ райхъуыстысты йæ репертуарæй мæ уарзон зарджытæ дæр. Уый мын у уæлдай æхсызгондæр. Афтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсдзынæн нæ горæты йæ ног концертмæ», – загъта Дыгъуызты Амандæ.

Хуыбиаты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны арæхдæр хъуысынц фæсарæйнаг артистты зарджытæ æмæ уый æхсызгон у фæсивæдæн. «Æрæджы æз уыдтæн зындгонд къорд «Y 7 cIub»-ы концерты, æз дæн сæ фанат, æмæ абон та уыд ЭGO-йы  концерт мæ зæрдæмæ фæцыд тынг, ныфс мæ ис ахæм концерттæ арæхдæр кæй уагъд кæй цæудзысты нæ республикæйы», – загъта уый.

Зарæггæнæг ЭGO йæхæдæг у йæ зарджыты автор. Артисты сæйраг жанр у Реп (Хип-хоп). Репæй дарддæр ма йæ репертуары фехъусæн ис реггетон, поп музыкæ, клубон æмæ шансонæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.