Æрæджы рухс федта Алагир-Цхинвалы æфсæнвæндаджы техникон æмæ социалон-экономикон нысаниуæджы тыххæй коллективон монографи. Ацы монографимæ хаст æрцыдысты уый размæ азты ауадзгæ  иртасæнтæ Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы Алагиры станц Цхинвалы станцимæ баиу кæныны тыххæй Сæйраг Кавказы хохы рагъыл æфсæнвæндаг саразыны проблемæйы историйы фæдыл. Проблемæ æхсæнады раз боны фæткы лæууы 19-æм æнусы æмбисæй фæстæмæ. Ацы здæхты уæвæг проекты райдиан фадгуыты æмæ зонадон-техникон экспертизæ арæзтады историйы анализы бындурыл бакуыстæуыд ног проектон фæндæттæ, уыцы нымæцы – тагъдады æфсæнвæндаджы вариант дæр, кæцы иу кæны евразийаг æфсæнвæндæгты.  Мидисмæ гæсгæ, куыст у историйы æмæ реалон проектон фæндæтты бакуыстыты иртасæн  ацы ахсджиаг транспортон æхсæнконтиненталон магистралы тыххæй. Чиныгмæ хаст æрцыдысты доцент, Транспорты уæрæсейаг академийы академик Кортиаты Леуан, историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт, Дриаты А., Кортиаты А. æмæ Уанеты С.,  æфсæнвæндаджы тыххæй фыст уацтæ æмæ куыстытæ.

Монографийы сæйраг редактор у Кортиаты Леуан, йæ рецензенттæ та сты техникон зонæдты доктор, профессор Транспорты уæрæсейаг академийы академик Гиоты Зауырбег æмæ техникон зонæдты кандидат, Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институты профессор Касаты Георги.

Сæйраг редактор Кортиаты Леуан чиныджы разныхасы фыссы: «Ацы иртасæны раз æвæрд ис  Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы Алагирæй Цхинвалы онг, ивгъуыды Фæскавказы æфсæнвæндаг, уæвæг варианты æмæ ног проектон фæндæтты мидис раргом  кæныны проблемон хæс, фæндаджы эксплуатаци, æнæхаттон уæзласæн хахх  хынцгæйæ. Афтæмæй фæндаджы хъæуы спроект кæнын нормалон, иу хаххимæ, «Ленгипротранс»-ы проектæй хъауджыдæр, кæцыйæн сæххæст гæнæн ис, фæлæ у æгæр вазыгджын.

Дывæр уæзласæн хаххимæ 1945-1947 азты «Ленгипротранс»-ы проектмæ гæсгæ æфсæнвæндаджы куысты схемæ цæуы фæндаджы æппæт хæххон фадыджы Цæгат фахсы  «Мызур»-ы станцæй Хуссар фахсы «Габот»-ы станцы онг, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кæны локомотивты нымæц, лæггадгæнæг штат æмæ лæггад кæныны рæстæг. Локомотивы (электровоз) лæггады схемæ фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй ист æрцыд уынаффæ фæндаджы трассæгонд саразыны тыххæй   куыд гæнæн ис, афтæ – уырдыгтимæ, кæцы дзуапп дæтты иу уæзласæн хаххæн, цæмæй сконд хæццæ кæна фæхуымæтæгдæр схемæмæ гæсгæ Алагирæй Цхинвалы онг æмæ фæстæмæ, куыд дæлвæзы, афтæ. «Ленгипротранс»-ы проектмæ гæсгæ, йæ дæргъ 34 километры кæмæн у, уыцы фадыг Алагирæй Мы-зурмæ цæуы Æрыдоны цæугæдоны донвæдыл, ома, иу уæзласæн хаххимæ – 18 проценты уырдыгимæ (зæронд норматив) кæнæ 18 проценты нысан кæны уый, æмæ алы километрæй километрмæ æфсæнвæндаг кæй бæрзонддæр кæны 18 метры æмæ афтæмæй 34 километры дæргъæн фæндагмæ ноджы кæй бафтдзæн  612 метры. Уымæй, Алагиримæ абаргæйæ, цыран æфсæнвæндаджы станцы æмвæзад у 629 метры, теоретиконæй æфсæнвæндаг хъуамæ фæбæрзонддæр уыдаид 1241 æмвæзадмæ, æфсæнвæндаг 18 проценты уырдыгимæ куы спроект кæнæм, уæд. Мызуры поселочы Æрыдоны цæугæдоны æмвæзад у 957 метры æмæ проектон хахх цæугæдоны донвæдыл уагъд кæй у, уымæ гæсгæ проектон хахх Мызуры поселочы разынд 200 метры ныллæгдæр проектон æмвæзадæй æмæ уый у, куыд фесæфтгонд бæрзæнд, афтæ. Дарддæр Мызуры поселокæй Зæрæмæджы онг райдыдта рельефы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндаджы цæхгæр уырдыг, кæцыйыл зынтæй цæуы, æгæрыстæмæй, автомобилон транспорт дæр. Ам Мызурæй Зæрæмæджы онг уырдыг у иу километрæн – 100 метры.  Мызуры абсолютон бæрзæнд (астæуккаг) у 1000 метры, æмæ Зæрæмæджы ГЭС-ы донæмбырдгæнæны æмвæзад та – 1700 метры. Ацы 700 метры æмæ Алагирæй Мызуры онг 200 метры фесæфтгонд бæрзæнды тыххæй «Ленгипротранс»-ы уæды проектаразджыты бахъуыд «Габот»-ы станцы онг æфсæнвæндаджы проект саразын дывæр уæзласæн хаххимæ, ома, иуы бæсты дыууæ электровозы 34 проценты æмбæлон уырдыгимæ.

Абон «Ленгипротранс»-ы æвæллайгæйæ фæнды баххуыс кæнын æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма Гуырдзыстон, Сомихстоны транспортон æфсæнвæндаджы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн æмæ иумиагæй Хуссар-Скæсæйнаг азийаг бæстæтæм Уæрæсейы рахызтæн. Не ‘хсæнады царды ахæм момент уыд, уæд Советон Цæдисы рæстæджы Фæскавказы æмæ Цæгат Кавказыл уæзтæласæн æфсæнвæндагыл машинæты цыды тыххæй ивгъуыд æнусы 80-æм азты бахъуыд Кавказы æфцæджы æфсæнвæндаг саразыны сæр Архотскы æфцæгыл, кæцы ницæмæй хуыздæр у, абон цы вариантыл уынаффæ кæнæм, уы-мæй.

Куысты нысан у: истори равдисын æмæ Сæйраг Кавказы  хохы рагъыл Магъы æфцæгыл Гуры здæхтыл Кавказы æфцæджы æфсæнвæндаджы проекты техникон гæнæнтæ раргом кæнын, йæ социалон-экономикон нысаниуæг равдисынмæ бафæлварын, ацы историон варианты перспективон рæзт хынцгæйæ, кæцы ахсджиаг æмæ хъæуæг у Кавказы адæймагадон æхсæнады рæзтæн æппæт рæстæджыты дæр.

Алагир Цхинвалимæ баиу кæныны тыххæй  иртасæнтæ уагъд цыдысты дыууæ ахаст æмæ вариантыл: 1. 1945-1947 азты «Ленгипротранс»-ы куыстыты бындурыл регионалон æмæ Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг хъуагдзинæд-ты тыххæй, Зикъара æмæ Дзомагъы (Бæхфæндаг) æфцгуытыл æнæ бирæхаттон хаххæй фæндагæй спайда кæныны фадæттæ хынцгæйæ. 2. Дунеон тагъдады хæххыты рæстæджы проект аразыны ног ахастыты фæдыл Азербайджан, Гуырдзыстон-Турк (Баку-Тбилиси-Карс) æмæ фидæны Алагир-Цхинвал-Гур-Цалка-Гюмрийыл магистралон хахх Париж-Делийы дунеон æфсæнвæндаджы хызæгтæм   бахæссыны орентиримæ».

Дарддæр монографийы 1-аг сæры 1-æм хайфы Кортиаты Леуан дзуры Алагир-Цхинва-лы æфсæнвæндаджы проекты ивгъуыды ме-тодтæ æмæ ног варианттæ раиртасыны тыххæй. 1945-1947 азты «Ленгипротранс»-ы удуæлдай куысты фæстиуæгæн Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы Алагиры Фæскавказы фæндаджы Цхинвалимæ æфсæнвæндагæй баиу кæныны тыххæй Ручъы æфцæджы здæхты æвзæрст æрцыд Магъы æфцæджы вариант, цыран сæйраг тъунелы дæргъ хъуамæ уа 8550 метры. Йæ рæстæджы «Ленгипротранс» сарæзта æфсæнвæндаджы ахæм варианттæ 18/34 проценты уырдыгимæ: 1. Магъы вариант, æфцæгыл – 8550 метры дæргъæн тъунелимæ. 2. Ручъы вариант – 6100 метры дæргъæн тъунелимæ. 3. Згъубиры вариант – 6100 метры дæргъæн тъунелимæ. Ацы проект саразыныл куыстой Советон Цæдисы фæлтæрдджындæр специалисттæ. Проектон куыстыты дыууæ этапы дæр бындурæн систæуыд Болеслав Статковскийы проектон куыстытæ, кæцы 1975-1976 азты фыццаг сарæзта Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы Даргъ-Къохы станцæй Фæскавказы æфсæнвæндаджы Гуры онг Магъы (Дзомагъы) æфцæгыл. Саргъгæнæн дæр кæмæн нæй, ахæм стыр хайбавæрд иртасæнмæ бахастой Статковский Болеслав, Хуыбиаты Владимир, Федор Гвоздевский æмæ Анатоли Федоров. Тынг цымыдисон у, ацы стыр адæймæгтæ Ручъы здæхты Сæйраг Кавказы рагъы хохыл æфсæнвæндагæн цы проект сарæзтой, уый. Чиныджы сты картæтæ æмæ нывтæ проекттæм гæсгæ æфсæнвæндаг кæцы фадгуытыл цæудзæн, уый фæдыл алыгъуызон вариантты. Куыд, зæгъæм, Мызур-Зæрæмæг, Мызур-Бурон, Зæрæмæджы ГЭС-ы донæмбырдгæнæны районы фадыг, Зикъарайы æфцæгыл Цæгат порталы тъунел, Чеселт-Хъемултайы фадыг, Хъемулта-Бахутайы фадыг, Шихантура-Гуфта, Гуфта-Итрапис, Итрапис-Чъехы фадгуытæ æмæ афтæ дарддæр.

«Ленгипротранс»-ы проектмæ гæсгæ Магъы æфцæгыл хаттон-дывæр хаххимæ Алагир-Цхинвалы æмæ Зикъарайы æфцæгыл, иу уæзласæн хаххимæ абаргæйæ, Дзомагъы æфцæгыл фæндаджы идея хуыздæр вариантыл нымад цæуы, уымæн æмæ ацы æфцæгыл сæйраг тъунелы дæргъ уыдзæн цыбырдæр. Магъыл тъунелы дæргъ уаид 8,55 км æмæ Зикъарайыл та – 13,5 километры. Ацы варианттæм гæсгæ иууыл хуыздæрыл нымад цæуы Дзомагъы æфцæг, цыран тъунелы дæргъ уыдзæн 5,34 километры.

Кæронбæттæны монографийы сæйраг редактор Кортиаты Леуан фыссы: «Æфсæнвæн-дæгтыл даргъ тъунелты арæзтад дунеон практикæйы фаг размæ ацыд. Куыд, зæгъæм, альпийаг цæвиттон, цыран сарæзтæуыд даргъ тъунелтæ – Берн-Миланы хаххыл Лечбергскы æфцæгыл тъунелы дæргъ у 34 километры, Швейцари æмæ Италийы ‘хсæн хæххон уа-вæрты, ацы Альпæты Сен-Готтардскы æфцæгыл Цюрих-Миланы хаххыл æфсæнвæндаджы тъунелы дæргъ та у 60 км, кæцы у дунейы иууыл даргъдæр тъунел æмæ а.д. Тъунелы арæзтады фæсарæйнаг практикæ, техникæ æмæ технологитæй спайда кæнгæйæ, сæххæстгæнæн ис бæрзондтагъдадон æфсæнвæндагон тъунелты арæзтадæн Сæйраг æмæ Чысыл Кавказы хохы рагъыл.

2008 азы УФ-йы Президент Владимир Путин фехъусын кодта æмæ йæ бон уыд Цхинвалмæ регионалон нысаниуæджы æфсæнвæндаг саразыны фарст аскъуыддзаг кæнын. Фæлæ! Дыууæ Ирыстоны сæргълæуджытæ ауагътой ацы шанс! 3-аг категорийы æфсæнвæндаг «Хъырымы хиды» арæзтадæй вазыгджындæр нæу».

Кæй зæгъын æй хъæуы, дзурын, кой кæнын хъæуы Хуссар Ирыстонæн ацы ахсджиаг æфсæнвæндаджы арæзтады тыххæй. Хуыцау зæгъæт, æмæ ацы ахсджиаг проект сæххæст кæнын къухты цы бафта!

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.