10-æм ноябры РХИ-йы информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты «Гом хицауад»-ы фæлгæтты Цхинвалы горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан ауагъта пресс-конференци журналисттæн, цыран дзырд цыдис горæты царды ахсджиаг фарстытыл, цы бантыст саразын æмæ цы проблемæтæ лæууы администрацийы раз, афтæ ма куыд скъуыддзаг цæуынц, уыдæтты тыххæй.

– Мæскуыйаг микрорайоны къорд азты дæргъы цæрынц, коттеджтæ æмæ дзы фатертæ чи райстой, уыдон, фæлæ сын ордертæ лæвæрд нæ цæуы. Кæд скъуыддзаг æрцæудзæнис ацы фарст?

– Æз афтæ нæ зæгъин, æмæ ордертæ лæвæрд нæ цæуынц. Дæттæм сæ. Абоны бонмæ уал лæвæрд æрцыдис 60 ордеры. Уыдон сты нæ горæты ахæм цæрджытæ, кæцытæ æрбавдыстой æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ.

– Гафезы уынджы 16 (а) хæдзар советон дуджы кæронмæ арæзт нæ фæцис. Фæстæдæр ардæм æрбалыгъдысты æмæ дзы æрцардысты цæрæнуатыл чи тыхстысты, ахæм цæрджытæ. Сæхи тыхтæй йын бамбæрзтой йæ уæлхæдзар, бакодтой дзы æппæт мидæггагон куыстытæ. Фæлæ сæ къухты ницы документтæ ис ацы хæдзары цæрыны бары тыххæй. Цы æнхъæлмæ кæсы дарддæр йæ цæрджытæм?

– Ныр дыууын азы бæрц цæрынц йæ цæрджытæ ацы хæдзары æнæофициалонæй. Мах аскъуыддзаг кодтам уавæр рараст кæнын, æмæ æмбæлон фыстæджытæ арвыстам Хицауадмæ æмæ Паддзахадон исады комитетмæ. Ацы комитет æй райста йæ балансмæ, æмæ йæ радтой горæты администрацимæ. Мах дæр æй райстам нæ балансмæ. Дарддæр, цæмæй, ацы хæдзары алы цæрæг дæр йæ фатеры хицау бауа, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтам, цæмæй сæ гæххæттытæ саразой цæрæнуатон къамисы хаххыл. Ам хынцыд хъуамæ æрцæуа, куыд сын горæты æндæр хæдзæрттæ нæй. Ацы фарст лæмбынæг ахуыр куы æрцæуа, уæд мах уынаффæ рахæсдзыстæм, цæмæй сыл сæ фатертæ фидар æрцæуой.

– Хорз хъуыддаг у, горæты Ногдзауты парк хæрзарæзт кæй цæуы. Фæлæ цахæм уыдзæн йæ хъысмæт, Леуахийы былыл цы стыр парк уыдис, уымæн та?

– Горæты центры цы парк хæрзарæзт цæуы, уымæн рахицæнчындæуыд 40 милуан сомы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæйы æмгъуыдмæ фæуыдзæн хæрзарæзт, фæлæ ацы парк фылдæр у сывæллæтты. Стыр паркыл куы дзурæм, уæд ам дæр æндидзынгæнæн куыстытæ райдайдзысты фидæн азы. Азы райдианмæ уал ын рахицæн æрцыд 30 милуан сомы. Æввахс рæстæджы бакуыст æрцæудзысты йæ проекты экскизтæ. Фидæн аз æххæст æрцæудзæнис куыстыты фыццаг этап. Ацы паркæн йæ территорийы бæрæг хай Алина Кабаевайы номыл спорткомплекс «Олимп» кæй бацахста, æмæ кæй фæкъаддæр, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй горæты цæгатварсы ‘рдыгæй Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы ныхмæ арæзт æрцæуа егъау улæфæн зонæ. Ам дæр куыстытæ хъуамæ райдайой фидæн азы.

– Нæ горæты ахæм районтæм, куыд Гафезы, ЦАРЗ æмæ Шанхаймæ, куыд зонæм, афтæмæй фæндæгты уавæр у мæгуырау. Исты мадзæлттæ ист цæудзæн сæ хæрзарæзт кæныныл?

– Фидæн азы хæрзарæзт æрцæудзысты Шанхай, Гафез æмæ Царзмæ фæндæгтæ. Уыдон хаст æрцыдысты фидæн азы Инвестицион программæмæ. Фæндæгтимæ хæрзарæзтадимæ ивд æрцæудзысты зæххы бын коммуникацитæ дæр.

– Куыд скъуыддзаг цæудзæн, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, ахæм бирæсывæллонджын бинонты фарст?

– Ахæм бинонтæ ныртæккæ махмæ ис 280. Куыд зонæм, афтæмæй цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц Хъайтарты уынджы кæрон, афтæ ма арæзт æрцæудзысты Цоцийы фырты уынджы дæр æмæ мæ ныфс ис, ацы проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

– Бирæтæ ифтонг сты цæрæнуатæй, фæлæ уæддæр сæ документтæ балæвæрдтой, цæмæй райсой ног цæрæнуат. Ацы фарстмæ та цы цæстæй кæсыс?

– Ныртæккæ мах æппæт номхыгъдты дæр ногæй регистраци кæнæм. Мах архайæм, цæмæй цы хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдоны фатертæ лæвæрд цæуой, цæрæнуат æцæгæйдæр кæй хъæуы, ахæмтæн. Рады лæуджытæ ногæй регистраци куы æрцæуой, уæд сын сæ номхыгъд бахæсдзыстæм нæ администрацийы сайтмæ, ныммыхуыр сæ кæндзыстæм гæххæттыл дæр.

– Советон дуджы нæ горæты цы сæйрагдæр базарадон объекттæ архайдта, уыдонæй уыдысты универмаг æмæ магазин «Сабиты дуне» дæр. Уыдон ныртæккæ цахæм уавæры сты, уый зоны нæ горæты алы цæрæг дæр. Горæт рæзы, рæсугъдæй рæсугъддæр кæны æмæ ацы бæстыхæйттæ та мæгуырауæрдæм æндавынц горæты иумæйаг хуызыл. Кæдмæ ахæм уавæры уыдзысты ацы бæстыхæйттæ?

– Магазин «Сабиты дуне»-йыл куы дзурæм, уæд уый ис аварион уавæры æмæ фæндон бахастон, цæмæй уый пырх æрцæуа æмæ йæ бынаты, паддзахадæн пайда чи уа, ахæм объект арæзт æрцæуа. Ахæм хъысмæт æнхъæлмæ кæсы универмагмæ дæр. Æмæ уымæн дæр йæ бынаты хъуамæ арæзт æрцæуа æндæр объект.

– Дæ архайды ахсджиагдæр æнтыстытыл цы банымайдзынæ?

– Фыццаджыдæр, зæгъдзынæн уый æмæ нæ горæты хуыз хорзæрдæм кæй ивы. Æз цалынмæ ацы бынатмæ кусынмæ нæ бацыдтæн, уæдмæ нæ горæты уынгтæй иу дæр асфальтгонд нæ уыд æмæ уыдон та æдæппæт сты 120 уынджы. Ныртæккæ та хæрзарæзт чи æрцыдысты, ахæм уынгтæ нæм сты 31, уымæй дæр уыдон сты централон уынгтæ. Нæ администраци активон хайад фæисы Инвестпрограммæтæ бакусыны хъуыддаджы. Ахъуыды ма кæнут, горæты иу рæстæджы дæс кæнæ фылдæр уынджы иу рæстæджы арæзт куы цæуой, сæ коммуникацитæ иурæстæджы ивд куы цæуой, уæд цæрджыты бар-æнæбары бахъæуы ахицæн кæнын уыцы коммуникацитæй. Фæлæ нæ дæлбаруæвæг «Водоканал» æмæ цæрæнуатон коммуналон хæдзарады кусджытæ бацархайынц, цæмæй рæстæгыл иу цæуой æмæ цæрджытæ ма банкъарой уыдонæй хъуагдзинад. Афтæ ма фæстаг азты стыр куыст бачындæуыд сывæллæтты цæхæрадæттæ цалцæг кæныны хъуыддаджы, афтæ æмæ махæн бантыстис, цæмæй 750 сабийæн уавæр уа, скъолайы агъоммæ 5 уагдоны сцалцæг кæнынæн. Ныртæккæ дæр арæзт цæуы Хъайтарты уынджы сывæллæтты цæхæрадон æмæ ног азы ардæм дæр цæуын райдайдзысты 150 сывæллоны бæрц. Ацы хъуыддаджы нын стыр æххуыс кæны Президент Тыбылты Леонид. Дзырд куы цæуа Вокзалгæрон уынджы сывæллæтты цæхæрадоныл, уæд уый дæр æндидзыд æрцæудзæн, уымæн æмæ уым æввахс сывæллæтты цæхæрадон нæй æмæ йæ цæр-джытæ æвзарынц зындзинæдтæ.

– Бирæ дзырд цыдис æмæ цæуы нæ горæты Хъайтарты уынджы 118-æм цæрæн хæдзары тыххæй. Уый горæтмæ æрбахизæны кæй ис, уымæ гæсгæ йыл 2008 азы августы æрцыд стыр зиæнттæ. Йæ иу бахизæн та ис аварион уавæры. Цы куыст цæуы, цæмæй хæдзар æмбæлон уагмæ æркондæуа?

– Ацы хæдзар, æцæгæйдæр, ис мæгуырау уавæры. Йæ рæстæджы уымæн йе ‘мбæрзт раивтой. Фæлæ уал уæдмæ мидæгæй хъуыд бæрæг æндидзынгæнæн куыстытæ бакæнын. Афтæмæй йæ цæрджытæ тыхсынц. Мах сахуыр кодтам ацы фарст æмæ æрбалæугæ азы скъуыддзаг æрцæудзæнис.

– Нæ горæты центры, Октябры уынджы, раздæр кинотеатр «Ирыстон» кæм уыд, уыцы бынат абоны бон дæр дзæгъæлы лæууы. Исты объект дзы саразынмæ хъавут?

– Раздæр ацы территорийæн йæ цыппæрæм хай лæвæрд æрцыд индивидуалон амалиуæггæнæгæн. Фæлæ ныр уыимæ бадзырдтам, цæмæй йын æндæр ран радтæм зæххы фадыг. Махæн фæзынд ахæм Инвестор, кæцы цæттæ у йæ бынаты ног, раздæры кинотеатры хуызæн саразынмæ. Йæ ном дæр баззайдзæнис, куыд уыд, афтæ  «Ирыстон». Уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ алыварс территори дæр хæрзарæзт æрцæудзæнис. Ацы арæзтад, мæ хъуыдымæ гæсгæ, райдайдзæнис фидæнмæ уалдзæджы.

– Горæты цæгатырдыгæй раздæр цы гуырдзиаг хъæутæ уыдис, уыдонæй ирон             лигъдæттæн зæххы фадгуытæ лæвæрд цæуынц?

– Ацы категорийы адæймæгтæй 80-йы бæрцæн горæты Цæгатварсы ‘рдыгæй рахицæн кодтам зæххы фадгуытæ. Ацы фадгуытæ дæр хаудзысты горæты территоримæ.

– Дзырд цæуы цæгатырдыгæй горæтмæ бацæуæн фæндаг сраст кæныныл. Куыст цæуы ацы фарсты фæдыл?

– О, цæуы куыст. Мах уынаффæ кодтам фæндагаразджытимæ, цæмæй уыдон сбæлвырд кæной, куыд цæудзæн фæндаг, уый. Уый хынцгæйæ, ныртæккæ мах зæххы фадгуытæ никæмæн дæттæм йæ былгæрæтты. Фæлæ йæ арæзтадæн фæрæзтæ кæй нæма ис, уымæ гæсгæ хъуыддаг йæ бынатæй нæма æггуырсы. Зæгъын ма мæ фæнды уый æмæ горæтмæ фæндаг сфæлындзыны фæдыл конкурс кæй расидтыстæм, махмæ ныридæгæн ис 20 проекты бæрц. Уыдонимæ мах базонгæ кæндзыстæм æхсæнады æмæ дзы афтæмæй æвзæрст æрцæудзæн хуыздæр.

– Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ брæттæ ласт цæуынц горæтæн йæ цæгатварсмæ, уый тыхсын кæны ацы районы цæрджыты. Цы куыст цæуы, цæмæй брæттæ ласт цæуой æмбæлон бынатмæ æмæ зиан ма хæссой куыд экологийæн, афтæ цæрджыты æнæниздзинадæн дæр?

– Горæтæй цы брæттæ ласт цæуынц, уыдон утилизаци кæныны фарст нæ горæты цæрджыты тыхсын кæны дæсгай азты дæргъы. Брæттæ кæдæм ласой ахæм бынат равзарыныл рагæй фæстæмæ куыст цæуы, фæлæ абон дæр скъуыддзаг нæма æрцыд. Горæты цæгатварс цæрджытæ уæлдай тынгдæр тыхсынц æввахс сæм чи у, уыцы бронæбырдгæнæнæй. Ацы проблемæ æвæстиатæй скъуыддзаг кæнын кæй хъæуы, уый хорз æмбарынц горæты администрацийы дæр. Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй мах бавдыстам дыууæ варианты, фæлæ уыцы бынæтты полигонтæ саразын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ рауадис. Афтæмæй рахицæн æрцыд æрмæстдæр иу бынат, кæцы ис Ереды  Иры хъæуы сæрмæ. Ам цыран раздæр уыдысты дургуыстгæнæн карьертæ æмæ дзы къахт ис стыр уæрмытæ. Фæлæ уырдæм нырма саразын хъæуы фæндаг, уымæн æмæ зымæг уырдæм машинæ не ссæудзæнис. Проблемæ аскъуыддзаг кæныны иууыл хуыздæр вариант у брæттæкуыстгæнæг завод саразын. Æмæ йæ бынат та хъуамæ дзуапп дæтта æппæт хъæуæг домæнтæн. Фыццаджыдæр, уымæ хъуамæ уа æнцон цæуæн æмæ уыцыиу рæстæджы уа горæтæй дæрддзæф, зиан ма хæсса куыд экологи, афтæ цæрджыты æнæниздзинадæн дæр. Ацы фарсты фæдыл æмкуысткæнынады тыххæй сразыдзинад арæзт æрцыд уæрæсейаг фирмæтæй сæ иуимæ, кæцымæ ис куысты стыр фæлтæрддзинад Уæрæсейы Федерацийы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.