Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы цаутыл дзурæг киноныв ссис Казаны уагъдцæуæг патриотикон кино «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ-2020»-ы дунеон фестивалы финалист.

Киноныв «Выжить нельзя погибнуть» фестивалы тох кæндзæн номинаци «Æххæстметражон фильм»-ы фæуæлахиз уæвыныл.

«Конкурсы кæронбæттæн этап, пандемия кæй ис, уымæ гæсгæ уагъд цæудзæн онлайн форматы. Кинофестиваль уыдзæн 2020 азы 20-21 августы», – банысан кодтой йæ организатортæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, киноныв «Выжить нельзя погибнуть» ист кæй æрцыд «драмæ» жанры 2019 азы. Йæ режиссер-æвæрæг у Цæлыккаты-Битарты Ангелинæ. Сценарийы автор та – Битарты Константин. Киноныв исыны хайад истой оператор-æвæрджытæ Мария Нашикина æмæ Мæхъиты Руслан, актертæ Тогойты Давид, Беслыхъоты Эльбрус, Битарты Александр, Сабанты Тамерлан, Битаты Роберт, Хъантемыраты Барис, Мамиты Гри, Лохты Олеся æмæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.