Нæ истори хъуамæ рох макуы уа, алы фæлтæр дæр æнæмæнг хъуамæ зонгæ кæной, сæ фыдæлтæ цы зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты, цахæм хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыимæ. Уымæй дарддæр ма се ‘нтыстытæ æмæ сгуыхтдзинæдтæн æвдисæн уой рæстæджы цыдимæ иумæ. Ирон адæм ивгъуыд æнусы 20-æм азты гуырдзиаг меньшевикты азарæй цы æвирхъау æфхæрд баййæфтой, цы фыдмитæ сын бакодтой тугмондаг лæгсырдтæ, уыдон никуы сæфтдзысты нæ адæмы зæрдæтæй, нæй сын ферохгæнæн. Уыдон тыххæй нæ фысджытæ цы аивадон уацмыстæ сфæлдыстой, уыдонимæ æмæ семæ зонгæ кæнынц нæ абоны фæлтæртæ. Уыцы карз рæстæджыты тыххæй æнæмæнгхъæуæг уыд киноныв дæр сисын, цæмæй удæгас фæлгæндзты руаджы раст хъуыдыгæнæг адæмтæ зонгæ кæной нацийы æфхæрддзинадимæ æмæ сын зонгæ уой сæ рæстдзинадимæ, æмæ хызт уой сæ дарддæры æфхæрд æмæ ссæстæй. Ахæм хъуыды фæзынд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артист Мамиты Григоримæ æмæ сфæнд кодта уыцы уæззау цауты тыххæй киноныв бацæттæ кæнын. Йæ фæнд æххæст дæр скодта, фæзынд кино «Ирон Вандея», кæцыйæн киноуарзджытæ скодтой стыр аргъ. Уымæн æвдисæн у, æрæджы йын Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг фестивалы дæр кæй уыд радон æнтыст. Бахатыдтæн Мамийы фыртмæ, цæмæй  цыбыртæй радзырдтаид, ацы аивадон уацмыс саразыныл куыд куыстой, уыдæтты тыххæй.

– Киноныв аразынмæ æрæвнæлдтам 2015 азы, дзæвгар ыл фæфыдæбон кодтам, бирæ тых æмæ хъару нæ бахъуыд бахардз кæнын авд мæйы дæргъы. Ирон адæмы ивгъуыд æнусы геноцидыл фæдзурынц, фæлæ йыл кино ничи бацæттæ кодта æмæ мæм уый тынг бахъардта. Паддзахадон телеуынынады дæр кæй кусын, уымæ гæсгæ мæ хъуыды бамбарын кодтон журналист Бестауты Юлияйæн æмæ уый зæрдæмæ дæр фæцыд мæ фæнд. Нæ ныхасмæ æрбаиу мæ хорз хæлар Цхуырбаты Сергей дæр æмæ мын загъта, республикон библиотекæйы кæй ис геноциды сæйраг цырынгæнæг Валикъо Джугъелийæн йæхи фыст чиныг-бонæг ахæм номимæ «Тяжелый крест», зæгъгæ. Уыцы чиныджы уый лæмбынæг фыссы, кæмдæриддæр уыд, цыдæриддæр фыдмитæ кодта, æппæт уыдæтты тыххæй. Ис дзы хицæн блок ахæм сæргондимæ «Осетинская Вандея». Уым фыст æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны цыдæриддæр цъаммардзинæдтæ бакодта, уыдон, стæй йæ хъуыдытæ æмæ йæ фæндтæ. Ахæм сæргонд ын уымæн радта, æмæ Францы уыд коммунæ, уым дæр растад уыд Вандеяйы æмæ сæ французæгтæ басастой. Иугæр уацмысимæ бæстон куы базонгæ стæм, уæд уымæ гæсгæ кусын райдыдтам сценарийыл. Иууыл тынгдæр хъуыды кодтам фæсивæдыл, цæмæй сын уыдаид æнцон æмбарæн, нæ адæмы тухитæ æмæ фыдæбæттæн кинойы фæрцы уыдаиккой æвдисæн. Не ‘рвылбонон фыдæбон уыд ууыл, цæмæй уацмыс уæды рæстæджы æцæгдзинадмæ лæууа тынг æввахс æмæ фæндаг ссара сценæ-мæкæсæджы зæрдæмæ. Уый тыххæй фыццаджыдæр æрхъуыды кодтам 13 коммунары цаутæ, фарстам ивгъуыд рæстæджы хабæрттæй адæмы дæр  æмæ уымæ гæсгæ киноныв рауад доку-менталон-аивадон. Кинойы æдæппæт хайад исы 120 адæймаджы, сæйраг хъайтарты рольтæ дзы æххæст кæнынц: В. Джугъелийы ролы – Бибылты Сослан, Козаты Сæлимæт Хъуылаты Созырыхъойы мады ролы, Чохели Натия архайы ис чысыл кадры. Уый у æнахъом сывæллоны мад, ууыл гуырдзиаг меньшевиктæ тыхæй ныххæцыдысты æмæ йæ стæй амардтой. Битарты Бесо æмæ Козаты Ромик та æххæст кæнынц инæлæртты рольтæ, афтæ ма нын Цхуырбаты Сергей дæр тынг баххуыс кодта. Уымæй дарддæр дзы хайад исынц нæ горæты фыццæгæм, дыккаг æмæ 12-æм скъолаты нæлгоймаг ахуыргæнинæгтæ дæр. Кæд сæм сæрмагонд ахуырад нæ уыд ацы хъуыддаджы, уæддæр сæ рольтæ æххæст кæнынц, куыд профессионалон артисттæ, афтæ. Кадртæ истам Бехъмар, Ленингор, Къостайыхъæу, Дзау, Дменисы. Сæрмагон-дæй мæ бузныг зæгъын фæнды Дменисы цæрджыты къордæн. Цæрджытимæ развæлгъау баныхас кодта Бестауты Юлия, цæмæй нæм фæкастаиккой лигъдæтты тыххæй кадртæ бацæттæ кæныны. Уыдон тынг разæнгардæй сразы сты нæ фæндоныл, сæхæдæг ссардтой уæды рæстæджы уæлæдарæсы хуызæттæ. Лигъдæттæ уыдысты 80 адæймагмæ æввахс, се ‘хсæн уыдысты мад йæ дзидзидай сывæллонимæ æмæ 90 азмæ æввахс кæуыл цыд, ахæм сылгоймаг дæр. Сæхæдæг загътой, зæгъгæ мах уе ‘ххуыс нæ хъæуы, уымæн æмæ 2008 азы августы хæсты нæхиуыл бавзæр-стам уыцы тухитæ æмæ лигъдæтты рольтæ сæххæст кодтой хорз.

Бехъмары нын йе ‘ххуысы хай бакодта Ша-уердаты Виктор. Уым та Хъуылаты Созырыхъойы тыххæй бацæттæ  кодтам кадр.  Хъуыдинæ, хæдзар пиллон арты куыд судзы, ахæм кадр æмæ нын уым та баххуыс кодта Присы хъæуы цæрæг Бестауты Ю.  ссарда иу нæлгоймаджы æмæ уыцы нæлгоймаджы фæрцы судзын райдыдта зæронд хæдзар. Ленингоры музейы та бацæттæ кодтам, Джугъели йæ бонæг кæм фыссы, ахæм кадр. Кадртæ исгæ та кодта йæ хъуыддаджы дæсны оператор Хаситы Михаил. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый бæрц хайадисджытæ кæм архайынц, уымæн дзæвгар хъуыд æхцайы фæрæзтæ, фæлæ нын уæддæр бантыст йæ бацæттæ кæнын. Телерадиокомпани «Ир»-ы раздæры директор Зæгъойты Рада нын баххуыс кодта æх-цайы фæрæзтæй æмæ йын зæгъæм стыр бузныг.

Куыд алы æнтыстджын уацмыс, афтæ нæ кинонывы дæр ис иуæй-иу цухдзинæдтæ. Фæлæ уæддæр махæн нæ сæйраг куыст æмæ хæс уыд, гуырдзиаг меньшевиктæ нæ адæмæн 20-æм азты цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, геноцид нын куыд сарæзтой, уый  равдисын. Кино у документалон дæр, æмæ цæмæй уыцы факттæ фергомдæр уыдаиккой, адæм сыл баууæндыдаиккой, уыцы хъуыддаджы нын хорз баххуыс кодта нæ историк Пухаты Къоста.

Нæ кинойæн ивгъуыд аз киноконцертон зал «Чермен»-ы уыд презентаци æмæ йын скодтой æвæрццаг аргъ. Тынг фæцыд сæ зæрдæмæ нæ цæгаттаг æфсымæртæн дæр. Цæгат Ирыстоны телеуынынады хистæрæй дæр фæистон бирæ арфæйы ныхæстæ. Æрæджы Дзæуджыхъæуы та уагъд æрцыд Æппæтуæрæсейон медиа фестиваль «Восхождение». Уым хайад истой 200 коллективы бæрц Уæрæсейы алы рæттæй, уыдонæй финалмæ ахызтысты 60 коллективы, уыцы нымæцы нæ кино «Ирон Вандея» дæр.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн уыд йæхи номæй иу приз æмæ йæ радта «Ирон Вандея»-йæн. Уымæй дарддæр ма Евразиаг Академийы телеуынынад æмæ радиойы президент Рузин радта призтæ коллективтæй æртæ-йæн, уыдонæй сæ иу æрхауд нæ киномæ.

Бузныг мæ зæгъын фæнды, ацы кинойы чидæриддæр хайад райста, уыдонæн. Нæ адæммæ бирæ æвæрццаг миниуджытæ ис, уыдонæй сæ фыццæгтæ сты, тыхст рæстæджы кæрæдзимæ ноджы æнгомдæр æрбалæууын, зындзинæдтæн быхсын. Мамийы фырт ма куыд радзырдта, афтæмæй сæ ныр та йæхимæ хоны Волгограды телеуынынады хистæры хæдивæг ноябры æмбисы æмæ сын уым дæр зæрдæрухсгæнæн æнтыст кæй уыдзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм. Æнхъæлмæ та сын кæсдзыстæм сæ радон уæлахизмæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.