Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады уагъд æрцыд цытджын ралæуд. Æфсæддон службæгæнджытимæ ныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли æмæ Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæн стыр кад у Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæ кæнын.

«Махæй алкæмæн дæр ис хъайтардзинады, æхсардзинады цæвиттонтæ. Уыдон сты Хуыбылты Валери, Джиоты Алан, Мулдарты Зелим. Уыдон сты, сæ цард цы лæппутæ радтой нæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй, уыдон. Сæйраджыдæр та, махæн ис нæ фыдты æмæ дадаты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады цæвиттонтæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, æфсæддонты сæйраг хæс кæй хъуамæ уа хæстон цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад.

«Æз, куыд Сæйраг командæгæнæг, афтæ бадзырд дæттын Хъахъхъæнынады министрадæн, æппæт йæ сæрмагонд скондæн, цæмæй хæстон цæттæдзинады æмвæзад уа ахæм бæрзонд æмæ знаг зона, æнæмæнг дæр кæй райсдзæн ныхкъуырд, реваншы идея кæнæ та провакаци саразын йæ хъуыдымæ куы æрцæуа, уæд. Знаг хъуамæ фидарæй зона, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сконды кæй службæ кæнынц ахæм патриоттæ, Ирыстоны ахæм фырттæ, кæцытæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад хъахъхъæдтой 1990, 2004 æмæ 2008 азты», – банысан кодта Президент.

Уымæй уæлдай ма паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта 4-æм уæрæсейаг хæстон базæ-имæ æмархайд рæзын кæнын,  мобилизацион æмбырдтыты тыххæй ахуыртæ сорганизаци кæнын æмæ цæттæ уой Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынад сифтонг кæныны тыххæй бардзырдтæ æххæст кæнынмæ.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли азылд æфсæддон службæгæнджыты рæнхъыл. Уый цымыдис кодта, алы æфсæддон дæр куыд ифтонг у хæцæнгарз æмæ материалон фæрæзтæй. Уый ма банысан кодта рæнхъыслæуды басгæрст уадзыны æнæмæнгхъæуындзинад дæр. Президент ма хицæнæй ныхас кодта уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты курсанттимæ.

Сæйраг командæгæнæг банысан кодта, курсанты кæй уыны ахæм сомбон, кæцы ахъаз уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дарддæры разтæн.

«Мах сæрыстыр стæм, сымах кæй ахуыр кæнут Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты, уымæй. Мæн ныфс ис, ахуыры сымах кæй равдисдзыстут хорз зонындзинæдтæ æмæ кæй лæггад кæндзыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты профессионализм бæрзонддæр кæнынæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма зæрдыл æр-лæууын кодта, æрæджы хицæн курсантты хайадистæй цы инцидент æрцыд, уый.

«Карантинæй алидзын уыд æнæбæрн ракæнд, кæцыйæ сымах тасы бын сæвæрдтат республикæйы æмбæстæгты æнæниздзинад. Чидæртæ уæ уый банымадтой хъайтардзинадыл. Фæлæ курсанттæн, уæлдайдæр – курсанттæ-дохтыртæн, хъайтардзинадыл нымад æрцыдаид, куы бахатыдаиккой Хъахъхъæнынад æмæ Æнæниздзинады министрадтæм, цæмæй сын бар радтаиккой Инфекцион рынчындоны «сырх зонæйы» кусыны бар, дохтырты амындтытæ нæ сæххæст кæныны бæсты», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.