Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ йæ хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади бабæрæг кодтой «Арæзтадон æрмæджыты завод», федтой рауадзгæ продукци æмæ кондады гуырхаст.

Заводы директор Тедеты Сослан радзырдта заводы продукци æмæ йæ гуырахсты тыххæй.

«Мах аразæм тротуарон плиткæ, арæзтадон блоктæ, бордюртæ, телцæджындзтæ, афтæ ма сног кодтам цæджындзты арæзтад. Нæ дурыссæн кусы æххæст хъомысадæй, æмæ кусæм нæхи сæрмагонд æрмæгæй. Нæ бордюртæ æмæ плиткæйæ пайда кæнынц уынгты хæрзарæзтады», – загъта Тедеты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны бон заводы кусынц 22 кусæджы, кæцытæ стабилонæй исынц куыстмызд. Тедеты Сослан ма банысан кодта, зæгъгæ, заводы цæттæ продукци æлхæнын сæ бон у, куыд арæзтадон организацитæн, афтæ хицæн адæймæгтæн дæр.

Хицауады Сæдар банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæ реализаци кæныны райдианмæ арæзтадон организацитæ ма хъуамæ фæхатой арæзтадон æрмæджыты цухдзинад.

«Абон мах басгæрстам завод æмæ федтам рауадзгæ продукцийы гуырахст, йæ цæттæдзинад Инвестпрограммæйы объекттæ арæзтадон æрмæджытæй сифтонг кæнынмæ. Арæзтадон æрмæджытæй æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæнын гаранти дæтты рæстæгыл арæзтадон объектты куыстытæ фæуынæн. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ развæлгъау зонæм, цахæм кондадон гуырхасттæ у уæ бон уадзын», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Бекъойты Геннади ма банысан кодта заводы куысты æвæрццаг динамикæ, уыимæ иумæ банысан кодта заводы бæрндзинад Инвестпрограммæ реализаци кæныны хъуыддаджы. «Уæ куыстыл баст у æрмæст арæзтады гъæд нæ, фæлæ ма Инвестпрограммæйы объектты куыстыты æмгъуыдмæ фæуын дæр. Гъæдджын куысты тыххæй сымахмæ ис æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ», – загъта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.