Æрвылаз дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн æмæ хæсты ветеранты ном арынæн нæ горæты Хъæбатырты Аллеяйы Æнусон арты раз обелискыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæджы номæй æвæрд æрцæуы Кады Гирляндæ. Знон дæр ацы цытджын мадзалмæ æрбацыдысты Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады кусджытæ, организацитæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Хъæбатырты Аллейы сæрмагонд бынат хицæн æрцæуы, ацы бæрæгбон ныр 74 азы кæй руаджы нысан цæуы, уыцы уæлахизхæсджытæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырæй сæрæгасæй чи нал сыздæхт, уыдон номыл обелискы раз Хахъхъæнынады министрады Цытджын караул бæстæйы сæргълæууæджы номæй сæвæрдтой Кады Гирляндæ. Президент Бибылты Анатоли сæркъулæй ссардта, тохы быдырæй сæрæгасæй чи нал сыздæхт, уыдон рухс нæмттæ. Дарддæр дидинджытæ æмæ веноктæ хастой, ацы бынатмæ цы бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ æрбацыдысты, уыдон.

Мадзаламонæджы ныхæстæм гæсгæ, 1945 азы 9 майы Мæскуыйы горæты арвыл анæрыд бирæнымæц æхсæнгæрзтæ æмæ салютты хъæр. 1941азы 22 июны æмæ 1945 азы 9 майы дих кæнынц 1418 бон æмæ æхсæвы. Æмæ уыдонæй алы бон дæр уыд хъайтардзинад, æхсардзинад æвдисæн бон.

«Мах хæсджын стæм сабырад, рæсугъд уалдзæг æмæ нын цард чи балæвар кодта, уыдон раз. Мысынад у ахæм уæлахиз, кæцы бахсыст пиллон арты, мысынад у хуымæтæг советон салдаты – рæнхъонæй  инæлары онг. Мысынад сты хæсты хъæдгæмттæ, кæцытæ байгас сты, фæлæ нырма гом сты. Мысынад у алы горæттæ æмæ районты цы обелисктæ æвæрд сты, уыдон», – загъта уый.

Майы бæрæгбоны бирæ арфæтæ райсынц нæ цытджын ветерантæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли Фыдыбæстæйон хæсты æмæ фæсчъылдымы ветерантæн йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, ацы бæрæгбон æгас дунейы нысан кæй цæуы. Мах сæрыстырæй сæ кой кæнæм æмæ мысæм нæ зынаргъ æмфыдыбæстæйонты – уырыссаг салдатты, советон салдатты, кæцытæ йæ хуынггомы ныххуыдуг кодтой фашизмы. Ацы бæрæгбон у советон адæмы Стыр Уæлахиз. Ацы бæрæгбонæй мах сæрыстыр стæм æмæ нæ ветерантæй абон не ‘хсæн чи ис, уыдон хъуамæ уой не ‘дзух хъусдарды бын. Мах сын хъуамæ кæнæм алыварсон æх-хуыс æмæ кад, æмæ йæ æнкъарой, адæм сын куыд аргъ кæнынц, куыд сын кад кæнынц æмæ сæ куыд сæрыстыр сты, уый.

«Мах, ирæттæ, сæрыстыр стæм Советон Цæдисы Хъайтартæй, уымæн æмæ уыдоны ‘хсæн сты не ‘мзæххонтæ дæр. Уыдон æхсардзинад, хъару æмæ хъæбатырдзинад æвдыстой алы фронтты æмæ операциты рæстæджы. Ацы бæрæгбонæй сæрыстыр уыдзысты нæ фидæны фæлтæртæ дæр», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бæрæгбон азæй азмæ уæрæхдæрæй æмæ рæсугъддæрæй нысан цæудзæн.

 «Мах хъуамæ кад кæнæм æмæ мысæм уыдонæй алкæйы дæр. Ныртæккæ фæлвæрдæуы истори сзыгъуыммæ кæныныл, советон æфсæддоны хъайтардзинад æндæргъуызон равдисыныл. Фæлæ фашизмыл цы адæм фæуæлахиз сты, уыдон фæдонтæ историйы цыд аивын нæ бауадздзысты», – банысан кодта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг Стыр Уæлахизы цытæн арфæ ракодта ветерантæн æмæ æмткæй республикæйы æмбæстæгтæн.

Цытджын мадзалы кæрон Хъæбатырты Аллеяйы нæ горæты гимназ Альбионы ахуыргæнинæгтæ нæ буц ветерантæн хæстон азты музыкæйы зæлтæм равдыстой кафты чысыл эпизод.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.