Нæ горæты БАМ-ы микрорайоны бацæуæны постаментыл цы вертолет лæууы уæлвонг бынаты, уый уыд афгайнаг хæсты хайадисæг. Æрвыл аз дæр 15 февралы, Афганистаны зæххæй Советон Æфсад ракæныны бон нысан фæцæуы уыцы бынаты. Ам арæзт цæуы мемориалон комплекс афгайнаг хæсты хъæбатыр салдаты номыл та дзы æвæрд æрцыд монумент. Ацы аз дæр ардæм ацы ахсджиаг бæрæгбон банысан кæнынмæ æрæмбырд сты Хуссар Ирыстонæй Афганистаны хæсты хайадисджытæ. Ардæм ма æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хицауады уæнгтæ, тыхон структурæты минæвæрттæ, уæрæсейаг арæнгæрон æмæ цыппæрæм æфсæддон базæйы къухдариуæгад, горæты скъола-интернаты æмæ 12-æм скъолайы   ахуыргæнинæгтæ. Мадзалы хайадисджытæ Афгайнаг хæстонты номыл монументы раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ.

РХИ æмæ УФ-йы паддзахадон гимнты зæлтæ айзæлыны фæстæ  Афганистаны ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат бузныг загъта мадзалмæ æрбацæуæг æмбæстæгтæн æмæ банысан кодта, æрвылаз дæр ацы бынаты кæй мысынц сæ æдзард хæстон æмгæртты æмæ хæсты фæуæны бон дæр. Афгайнаг хæсты темæйы фæдыл цы историктæ æмæ эксперттæ кусы, уыдон ныхæстæм гæсгæ дыууынæм æнусы кæрон уыцы хæст уыд иууыл дæргъвæтиндæр æмæ тугуарæндæр. Уымæн, зæгъгæ, алыгъуызон аргъ цæуы, фæлæ уæддæр уым цы советон солдат æххæст кодта йе ‘фсæддон хæс, уый кадджынæй рацыд Афганистаны зæххæй.

«15 февраль махæн кадджын бон у, ацы бон нысан цæуы раздæры Советон Цæдисы алы къуымты», – дзырдта Мурат.

Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, хæст кæддæриддæр кæй рабæрæг кæны хъайтарты, æмæ хъыгагæн, не ‘хсæнæй дæр фæхъæуынц хуыздæртæ.

«Советон хæстонтæ сæ интернационалон хæс сæххæст кодтой Афганистаны зæххыл. Уал азы фæстæ уыцы зæхмæ уæды хæсты ветерантæй исчи куы ныццæуы, уæд сыл уæды ныхмæлæуджытæ ныр та æм-бæлынц стыр кадимæ æмæ сын бузныг дзурынц, аккаг хæстонтæ кæй уыдысты, уый тыххæй.

Йæ рæстæджы афгайнаг хæстонтæ уыдысты Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн фæзминаг. Мах не ‘ппæт дæр сæрыстыр уыдыстæм, Афганистаны зæххæй сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдонæй. Хуссар Ирыстонæй хæстонтæ уыцы хæсты аккагæй равдыстой ирон лæджы удыхъæд», –  загъта Президент.

Уый æрсидт республикæйы астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæм, цæмæй рæзгæ фæлтæры ахуыр кæной Джиоты Владик (Басмач) æмæ æндæр афгайнаг хъайтар хæстонты  сгуыхтдзинæдтыл, кæцытæ егъау хайбавæрд бахастой гуырдзиаг агрессортæй Хуссар Ирыстоны бахъахъхъæнынмæ. Ацы лæппуты цæвиттонæн хæсгæйæ, зæгъгæ, фылдæр æхсардзинады уроктæ уадзут, цæмæй рæзгæ фæлтæр æмбарой, кæй руаджы нын ис сабырад æмæ кæмæ хъуамæ барой сæхи.

Бибылты Анатоли арфæ ракодта афгайнаг хæсты ветерантæн. Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй уыцы тохы быдырæй чи нал æрыздæхт, уыдон рухс ном æмырæй алæугæйæ ссарой.

Афганистаны тохты хайадисæг, ныртæккæ Канадæйы цæрæг Мæргъиты Инал дæр радзырдта, уыцы уæззау тохы советон æфсæддонтæ хайад кæй райстой æххуысы нысанæн. Советон Цæдис, зæгъгæ, АИШ æмæ НАТО-мæ абаргæйæ фылдæр баххуыс кодта Афганистанæн ахуырады, экономикæйы æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг хъуыддæгты.

«Алы советон салдат дæр кадимæ бацыд уыцы тохмæ æмæ дзы кадджынæй раздæхт фæстæмæ дæр»,- банысан кодта Инал.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов афгайнаг хæстонтыл дзургæйæ, банысан кодта, уыдон сæрмагонд кады аккаг кæй сты. Афганистаны зæххыл тохтыл цы интернационалисттæ рацыдысты, уыдон сгуыхтдзинæдтæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Советон Цæдисы историйы. Советон Цæдисы адæм, зæгъгæ, уыдонæн сæрмагонд кад кодтой, уымæн æмæ уæззау хæстон фæндагыл рацыдысты. Уæрæсейаг дипломаты хъуыдымæ гæсгæ уыдон цы арæзтой,  уый уыд раст, æмæ сын се сгуыхтдзинæдтæ никуы ничи æрныллæг кæндзæн.

Цытджын митинджы рæстæджы хæстон-интернационалисттæй гуырдзиаг агрессийы рæстæджы чи фæмард, уыдон бинонты номæй раныхас кодта Уалыты Фаризæт. Уымæн йе фсымæр Витали уыд иууыл æвзонгдæр, кæцы æрыздæхт æфсадæй 1989 азы, бацыд бархионты къордмæ æмæ хъæбатырæй фæмард йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ.

«Хæст уæззау у, сымах цыдыстут фыдæвзарæнтыл, рыст æмæ цæстысыгтимæ. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, æрæвнæлдтат цард аразынмæ, фæлæ та уæ  ам дæр   бахъуыд фæстæмæ æхсæнгарз райсын æмæ Райгуырæн зæхх хъахъхъæныны сæр. Хъыгагæн, уе ‘мтохгæнджытæй бирæтæ абон нал сты уæ рæнхъыты. Зын у, тынг зын хъæбулты кæнæ æфсымæрты фæстаг фæндагыл фæндараст кæнын…Уыдон фæмард сты нæ зæххыл сабырдзинады тыххæй. Мах сæрыстыр стæм уæ ныфсхастдзинад æмæ хъайтардзинадæй», – дзырдта Фаризæт.

Къæбулты Маринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.