Ногдзауты парчы нæ горæты цæрджытæ арфæйы ныхæстимæ цыдысты,  сæ риутыл рухсмæ  хорзæхтæ кæмæн æрттывтой, уыдонмæ – нæ зынаргъ ветерантæм. Алкæй дæр фæндыд уыдонæн сæ фарсмæ абадын быдырон къæбицы фынджы фарсмæ æмæ ма семæ зæрдылдарынæн къамтæ дæр сисын, бузныг сын зæгъын Уæлахизы бæрæгбоны сæраппонд.

Стыр Уæлахизы бæрæгбон милуангай адæй-мæгты тугæй æлхæд кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр æрæмысæм, сæрибардзинад нын чи æрхаста æмæ уыцы тугкалæн тохты чи фæмард ис, уыдоны рухс нæмттæ. Стыр аргъ æмæ кад кæнæм, абон ма не ‘хсæн чи сты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыцы ветерантæн. Уæлахизы бæрæгбонмæ уыдон райсынц бирæ рæсугъд æмæ зæрдæбын арфæтæ. Афтæ ма сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæныны тыххæй уагъд æрцæуы бирæ мадзæлттæ.

8-æм майы ветеранты цытæн Ногдзауты парчы  сорганизацигонд быдырон къæбицы ма «Россотрудничество»-йы минæвæрттæ Уæлахизы темæйыл бацæттæ кодтой фоторавдыст. Ацы равдысты къамтæ дзурæг сты фондзазон хæсты уæззау цаутæ æмæ Уæлахизы бæрæгбоныл.

Нæ цытджын ветерантæм быдырон къæбицы æнхъæлмæ каст æрцæттæгонд хæрзад кас  æмæ цай адджын гуылтимæ. Уыдонæн æфсæддон хæринæгтæ хæргæйæ æмæ хæстон дуджы зарджытæм хъусгæйæ, сæ зæрдыл æрлæууыдысты се ‘взонджы бонты уæззау хæстон рæстæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Джергаты Виссарион журналисттæн æмæ скъоладзау фæсивæдæн цыбыртæй радзырдта йæ хæстон бонты тыххæй. Ацы ран ма уыдысты фæсчъылдымы ветерантæ, се ‘хсæн уыдис Кокойты Александрæ дæр.

Уый нын радзырдта фондзазон уæззау хæсты фæсчъылдымы уавæры тыххæй Хуссар Ирыстоны зæххыл. «Мæныл 16 азы цыдис 1941 азы æмæ тынг хорз хъуыды кæнын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæг. Ацыдыстæм-иу горæтæй Знауыры районы колхозтæм æмæ-иу уым куыстам. Фæстæдæр кусын райдыдтон областы финансон хайады бухгалтерæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæст нын нæ бинонтæн æрхаста стыр маст. Ме ‘фсымæр Кокойты Евген æбæрæг сæфт фæкодта хæсты.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сæм хъусдард здæхт цæуы паддзахады ‘рдыгæй, бæрæгбонты сын ссарынц сæ нæмттæ зæрдылдарæн лæ-вæрттæй.

Нæ буц ветерантæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Ку-лахметов  æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Арфæйы ныхæстæ æмæ бирæ азты æнæниздзинады фæндиæгтæ ветерантæн загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг. Бузныг сын загъта, Уæлахизы бон кæй æрхастой æмæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы сæ тыхтыл кæй нæ ауæрстой, уый тыххæй æмæ сæ уый фæстæ фæхуыдта кафе «Винченцо»-мæ иумæ бæрæгбон банысан кæнынмæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.