Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Бæлас йæ уидæгтæй тыхджын у». Махæн та нæ уидæгтæ сты, ирон адæм сæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй кæй сфæлдыстой, уыцы фæрныг зарджытæ, кæфтытæ, фæндырдзагъд. Уыдон, фарн цæуæгау, цæуынц иу фæлтæрæй иннæмæ æмæ, нæртон ронджы къусау, сысгæ нæ кæнынц. Уыдон нæ рæзгæ фæлтæры æфтауынц раст фæндагыл, рæсугъд сын кæнынц сæ хъуыдытæ, сæ фæндтæ. 

Нæ абоны æнæнцой æгъатыр царды Джиоты Аллæйы хуызæн адæймæгтыл, хъыгагæн, арæх нæ сæмбæлдзынæ. Уымæн æмæ йæ риуы тæлфы хæлар зæрдæ. Кæд ныры карз дуджы цы бирæ зындзинæдтыл æмбæлæм, уыдоны ныхмæ иуæй-иутæ æдых разындысты, уæддæр  Аллæйы уды йе студенттæм цы уарзондзинад цæры, уый тыхджындæр йедтæмæ лæмæгъдæр нæ кæны.

Дзырд «хъомылгæнæг» куыд фæлмæн, зæрдæмæдзæугæ æмæ хъарм æнкъарæнтæ ‘взæрын кæны… Уый мидæг бамбырд сты ахæм æмбарынæдтæ куыд, «фарнхæссæг», «зондамонæг», «æгъдауыл хæст». Хъомылгæнæг у уый, Райгуырæн   бæстæмæ,  æхсæнадмæ,   алфæмблай дунемæ уарзондзинад чи банкъарын кæны, рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл чи фæцайдагъ кæны, йæ зонындзинæдтæ сын чи не ‘вгъау кæны.

“Сывӕллоны хъӕуы рӕвдауын. Фыццаджы уал ын базонын хъӕуы йæ царды уавӕртӕ, йе ‘нӕниздзинад. Кӕсын хъӕуы йӕ дарддӕры цардмӕ, йӕ хъомыладмӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ афтӕ аразай, цӕмӕй раст фæндагыл ныллӕууа. Фыццаг дзы хъуамӕ рацӕуын кӕнай хорз адӕймаг. Уый у ахуыргӕнӕг æмæ хъомылгæнæджы сӕйраг хӕс ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна. Сывӕллонӕй ӕвзӕр нӕ вӕййы. Хъуамӕ йӕ рацаразай ӕмӕ йын уӕд ӕнтыстытӕ уыдзӕн”, – зæгъы ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Джиоты Аллæ.

Аллæ мады лæггад кæны йæ студенттæн. Ис ын  диссаджы ахаст фæсивæдимæ. Ныхæстæй зын у равдисын йе ‘ппæт хорз миниуджытæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, адæймаджы рæсугъд схонæн ис æрмæст йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ йæ уды скондæй, йæ миддунейæ. Ирыстоны адæм та сæ райгуырдæй рахæссынц уыцы миддунейы рæ-сугъддзинад.

Аллæ Алексейы чызджы хуымæтæг зæрдæйы уагахастæн æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæй. Цард цард у, алы адæймагыл дæр бæрæг хæс æвæрд ис,   фæлæ уыцы хæс алчи, куыд æмбæлы, афтæ не ‘ххæст кæнынц.

Стыр  хъусдард  уый  здахы хъомылады фарстытæм. Æрвылбон дæр фæуадзынц алыгъуызон мадзæлттæ, фембæлдтытæ æмæ ерыстæ. Арæх йæ разамындæй уадзынц тымбыл фынгтæ, онлайн-видео-конференцитæ. Хъæлдзæг концерттæ, ирон музыкæ уарзджытæн аивадон изæртæ,  æмæ хиирхæфсæн программæтæ саразыныл ХИПУ-йы студенттæ фæкусынц иумæйагæй. Афтæмæй æххæстгонд цæуынц цалдæр хæсы – иуæй фæсивæд бауарздзысты аивад, иннæмæй та зонгæ кæндзысты ирон фысджыты сфæлдыстадимæ æмæ ахуыр кæндзысты сæ мадæлон æвзаг.

Нæ мадæлон æвзагыл цалынмæ дзурæм не ‘нкъарæнтæ, нæ зæрдæ цæуыл риссы, нæ зонд цы ахсы, уыдæттæ, уæдмæ кæндзæн тыхджындæр, аивæй-аивдæр æмæ уыдзæн æнусон. Кæд æцæг ирæттæ стæм æмæ не ‘взаг уарзæм, уæд æй хъуамæ зонæм. Уый тыххæй та йыл канд хæдзары дзурын фаг нæу, фæлæ мæнæ ахæм фембæлдтытæй, конкурстæй кæны не ‘взаг тыхджындæр æмæ рæсугъддæр.

Нæ студенттæн сæ фылдæр уарзынц ирон аивад, нæ фыдæлты сфæлдыстад, уый та у нæ адæмы хæзна. Æнæ уый никæцы фарн æмæ æгъдæуттæн ис бирæ цæрæнбон. Æнусон сты, нæ адæм сæ зæрдæты рæсугъддзинадæй кæй сфæлдыстой, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, æмбисæндтæ, зарджытæ. Уыдон адæймаджы зæрдæ хурыр-дæм хæссынц, рæсугъд ын кæнынц йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ.

“Зæрдæйы хъæлдзæг ахаст æмæ мидбылхудт. Рæзгæ фæлтæры курдиатæн аргъ куы кæнай, уæд сæ зæрдæты бацæуы æгæрон тых æмæ æнцойдзинад. Базыртæ сыл базайы æмæ се сфæлдыстад парахатæй лæвар кæнынц адæмæн”, – зæгъы Аллæ. – Мæ зонындзинæдтæ никуы бавгъау кæндзынæн, йæ куыстыл иузæрдион чи у, тырнындзинад кæмæ ис, уыцы студенттæ æмæ “ЮОГУ-ТВ”-йы æрыгон кусджытæн. Нæ куыст махæн у нæ иумæйаг хæдзар æмæ мæ фæнды, цæмæй иууылдæр кæрæдзимæ кæсой цæстуарзонæй æмæ кæной кæрæдзийæн аргъ”. 

 Аивадæн  Ирыстоны кæддæриддæр стыр аргъ кодтой. Ис нæ стыр ныфс, нæ кæстæртæ сфæлдыстады фæндагыл кæй æрлæудзысты æмæ республикæйы культурæмæ стыр æвæрæн кæй бахæсдзысты, уымæй. Стæй нæм хæстæгдæр фидæны ног стъалытæ кæй ссудздзысты æмæ сæ нæмттæ кæй айхъуысдзысты, уымæй.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.