Алы дæсныйад дæр царды хъæуы, фæлæ дзы æнæмæнгхъæуæгдæр кæцы у, ууыл быцæу кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ зонындзинæдтæм, фидæны профессимæ фæндаг райдайы ахуыргæнæгæй, алы адæймаджы дæр уый бафтауы царды фæндагыл. Уымæн ын фæтабу кæны алчидæр цæрæнбонтæм.

Ахуыргæнæг у Бестауты Мадинæ дæр. Уый 25 азы дæргъы кусы ахуырдзау фæсивæдимæ æмæ сын æнæвгъауæй дæтты йæ зонындзинæдтæ, æппæт йæ тыхтæ æмæ арæхстдзинад. Зын банымайæн у абоны бонмæ цал æмæ цал æвзонг адæймагæн фæахъаз царды раст фæндаг равзарынæн æмæ ууыл ныллæууынæн.

Уыцы азты дæргъы Бестауты чызг алкæйы дæр кодта йæ зæрдæфæндагыл æмæ йæ алы рауагъдон дæр æрымысы æхцон æнкъарæнтимæ.

Къахеты райгуырд Мадинæ, фæлæ йæ фыд Зауыр æфсæддон службæгæнæг кæй уыд, уымæ гæсгæ уыцы рæстæджы йе ‘фсæддон хæс æххæст кодта, Советон Цæдисæн Германы цы æфсады къорд уыдис, уым. Уый службæ кодта Берлинмæ æввахс æмæ чысыл Мадинæ скъолайы ахуыр кодта уым. Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд Мадинæ æрцыдис йæ фыды хомæ Хуссар Ирмæ æмæ йæ нал бафæндыдис фæстæмæ аздæхын. Уый уыд 1986 азы. Уыцы аз йæ гæххæттытæ бахаста Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ филологийы факультетмæ. Æнæуый, йæ бæллиц уыд географ суæвын, фæлæ дзы уæд нæ уыд уыцы факультет. Цæстæвæрæн уыдис йе ‘гъдау, йæ ахуырæй. Æфсæддон бинонты ‘хсæн кæй схъомыл, уымæ гæсгæ сахуыр ис алцы дæр фæткыл, йæ рæстæгыл æххæст кæнын.

Мадинæ 5-æм курсы куы ахуыр кодта, уæд райдыдта кусын Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны ахуыргæнæгæй. Йæ ахуыр куы фæцис, уæд та кусын райдыдта нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы хъуыддагдарæй. Æмæ кæд филолоджы дæсныйад райста, уæддæр, куыд ма загътам, афтæмæй йæ бæллиц уыдис географийы ахуыргæнæгæй бакусын. Уæд скъолайæ ацыдис сæ географийы ахуыргæнæг æмæ Мадинæ бахатыд скъолайы директормæ, цæмæй йæ амонд бафæлвара географийы ахуыргæнæгæй бакусын. Йæ хъуыддаг цыдис зæрдæйы фæндиаг, сывæллæттæн цы амыдта, уый æмбæлд йæ нысаныл, хъуыстой йын йæ амындмæ зæрдиагæй, кæд уый тыххæй сæрмагонд ахуырад нæ райста, уæддæр. Мадинæ æнкъардта æмæ хорз бамбæрста, цы ахсджиаг æмæ бæрнон куысты æрлæууыд, уый. Хъуамæ фæндагф ссара йæ алы ахуыргæнинаджы зæрдæмæ дæр. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Урок амонгæйæ, йæ ахуыргæнинæгты цæстыты уый рахаты, чи йæ бамбары, уыдоны. Æмæ урок райхалыны фæстæ, уый сывæллæтты алы хатт дæр бафæрсы, зæгъгæ, цы нæ бамбæрстат, уымæй мæ бафæрсут. Йæ урок амоныны фæтк дæр ахæм у, зæгъгæ, фæрсын худинаг нæу, худинаг у, цы нæ зонай, уымæ куынæ бацымыдис кæнай æмæ йæ цæрæнбонтæм куынæ базонай. Йæхимид та фæзæгъы: мæнæн дæр худинаг уыдзæнис, цы зонын, уый сын куынæ бацамонон, уæд.

Бестауты чызджы иузæрдион куыст ахуыргæнинæгтимæ æнæ рахатгæ нæ фесты скъолайы къухдариуæгад æмæ ахуырады органты бæрнон кусджытæ æмæ йæ снысан кодтой скъолайæн организаторæй. Ноджы йыл стырдæр бæрндзинад æвæрд кæй æрцыд, уый зонгæйæ, Мадинæ ноджы йæ куыст фæактивондæр кодта. Тырныдта алы ахуыргæнинаджы зæрдæмæ дæр фæндаг ссарыныл. Фæстæдæр Бестуан кусынмæ раконд æрцыд нæ горæты 2-æм астæуккаг скъоламæ организаторæй. Цæстæвæрæн уыд йæ куыст Мадинæйæн. Уый сывæллæттæн уагъта къласæн æддейæ  алыгъуызон мадзæлттæ. 2008 азы августы хæсты фæстæ та сарæзта къорд, ахæм лозунгимæ: “Æнæзонгæ хъайтар фондзбонон хæсты” Уымæн та йæ мидис уыд, уыцы хæсты йæхи хъайтарæй чи равдыста, фæлæ аууоны чи аззадысты, ахæмты рабæрæг кæнын. Æмæ сæ базонын кодтой адæмæн.

Хорз цыдис Мадинæйæн йæ куыст алыварсонæй дæр. 3-æм скъолайы директор, зындгонд хъомылгæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг Бететы Хъазбег Григорийы фырт пенсийы куы ацыд, уæд ын йæ бынатмæ ахуырады министрад ракодтой Мадинæйы.  Мадинæ зыдта, Хъазбегæн дæр йæ ахуыргæнинæгтимæ хъарм ахастытæ кæй уыдис, уый æмæ та йæ ам дæр сæр бахъуыд. Хъуыд алы сывæллоны зæрдæмæ дæр ногæй фæндаг ссарын. Æмæ та йын бантыст. Сæрмагонд хъусдард здахы зынхъомылгæнæн, ахуыры фæстейæ чи зайынц, ахæм сывæллæттимæ кусынмæ. Уæлдай зындæр у ахæмтимæ кусын, фæлæ сæ рараст кæнын уæлдай ахсджиагдæрыл нымайы Мадинæ. Ахуыргæнджыты коллективимæ семæ афтæ бакусы, æмæ цыбыр рæстæгмæ уыцы сывæллæттæ свæййынц цæвиттойнаг, уый нæ, фæлæ активон архайджытæ свæййынц скъолайы æхсæнадон царды, алыхуызон мадзæлтты, кружокты.

3-æм скъолайы, иннæ скъолатæм абаргæйæ, кълæсты къаддæр кæй сты ахуыргæнинæгтæ, уый Мадинæ нымайы хуыздæрыл. Уымæн æмæ бирæ сывæллæттимæ кусын у зындæр.

«Мах та æрвылрайсом фæлæууæм скъолайы бахизæны дуæрттыл ахуыры хайы сæргълæууæг Чугуты Ирæимæ æмæ уынæм, уыцы бон нæ ахуыргæнинæгтæй чи не ‘рбацыдис скъоламæ, стæй чи байрæджы кæны, уыдоны. Мах райсæм мадзæлттæ, бацагурæм сæ æмæ сæ æрбакæнæм скъоламæ. Ахæм ахуыргæнинæгтимæ æнцон нæу кусын, фæлæ уæддæр бакæнæм афтæ æмæ сæ слæууын кæнæм раст фæндагыл», – зæгъы Мадинæ.

Раст зæгъы, сывæллæттæ иухуызон нæ вæййынц  нæдæр сæ физикон, нæдæр сæ психологон æмæ нæдæр ахуырмæ се ‘взыгъддзинадмæ гæсгæ. Фæлæ ма уыимæ се ‘хсæн вæййы, йæ удыхъæды фылдæр æмбæхст миниуджытæ кæмæн вæййы, ахæмтæ дæр. Уыцы галиу, зынхъомылгæнæн сы-вæллæттæ, зынгæ педагог Макаренко куыд дзырдта, афтæмæй фылдæр хатт, вæййынц æвзыгъд, курдиатджын, фæлæ сын хатт сæ зæрдæмæ фæндаг не ссарынц, нæ сын ссарынц сæ «зæрдæйы дæгъæл». Ахæм сывæллæттæ вæййынц хивæнд, æнæрцæф, хиуарзон. Ахæмтæн та сæ хос у уæлдай рæвдыд, нæ сæ хъæуы схойын, уæд ноджы кæнынц галиудæр, фæтырнынц сæ маст исынмæ æмæ афтæмæй ныллæууынц галиу фæндагыл. Макаренкойы ацы амындтытæ  зынхъомылгæнæн сывæллæтты тыххæй Бестауты чызг хорз кæй зоны, уымæн ын ис ацы хъуыддаджы æнтыст дæр.

Æмæ, канд, ахуыргæнинæгты зæрдæтæм ары Мадинæ фæндаг? Нæ, Мадинæ æввахс лæууы скъолайы æппæт ахуыргæнджытæм дæр. Ары семæ иумæйаг æвзаг, архайы, цæмæй педколлектив уа хъæрмуд. Скъолайы хуыздæр, мидисджындæр мадзæлттæ чи ауадзы, уыцы ахуыргæнджыты барæвдауы æхцайы премитæй, кæд сæ бæрц бирæ нæ вæййы, уæддæр. Скъолайæн ахæм фадæттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ сын Мадинæ сæ зæрдæ æлхæны йæхи фæрæзтæй.

Ныртæккæ  скъолайы цардæн ис вазыгджын рæстæг. Аразынмæ йæ кæй хъавынц, уымæ гæсгæ уал рæстæгмæ сæ ахуыртæ уадзынц нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы æмæ кæд тыхсынц, уæддæр быхсынц, уымæн æмæ æмбарынц, ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм скъола сын кæй сараздзысты æмæ  йæм цингæнгæйæ кæй цæудзысты.

Амондджын хоны царды йæхи Мадинæ. Уымæн æмæ йын ис уарзон скъола, у уарзон ахуыргæнæг. Ис ын уарзон цардæмбал æмæ, ныййарæг  сæрыстыр кæмæй вæййы, ахæм хъæбултæ.

Бестауты Мадинæйы цардвæндагыл дæ цæст ахæсгæйæ, æнæмæнг зæгъдзынæ: куыд хорз у, не ‘хсæн кæй цæры, йæхи хъæбултау, æндæрты хъæбултыл дæр чи тыхсы, ахæм намысджын адæймаг.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.