Ахуыргæнæгæн йæ авторитет ахуыргæнинæгты ‘хсæн хъуамæ уа бæрзонд æмæ уæд ахуыр-хъомыладон процесс æмбæлон æмвæзадыл сæвæрын у бирæ æнцондæр.

Ахæм хъуыдыимæ мемæ ныхас кæнын райдыдта Цхинвалы фæндзæм иумæйагахуырадон скъолайы директор Туаты Мадинæ. Йæ ныхас адарддæр кæнгæйæ, загъта, зæгъгæ, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгты  ‘хсæн бæрзонд куы уа кæрæдзиæмбарынад, уæд уый фæрцы æнтыстытæ дæр вæййынц хуыздæр.

Мадинæ кæд Гуырдзыстоны райгуырд, горæт Кутаисы, уæддæр йæ сабион бонтæ æрвитын райдыдта Цхинвалы. Иу аз ыл куы сæххæст, уæд йæ фыд, кадрон афицер Туаты Шота æмæ йæ цардæмбал Болататы Ленæимæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй сæ цард дарддæр кæной сæ радтæг адæмы ‘хсæн.

Сабитæ бирæ æмæ алыгъуызон хъæзтытæ фæуарзынц. Уыцы миниуæгæй æххæст уыдис Мадинæ дæр, фæлæ фылдæр æмæ арæхдæр цы хъæзтытæй хъазыд, уыдонæй иу уыд «ахуыргæнджытæй хъазт». Хæрзчысылæй йæ ахуыргæнинæгтæ уыдысты йæ куклæтæ, фæстæдæр та, куы фестырдæр ис, æмбæлттæ йын куы фæзынд, уæд та – йе ‘мгæрттæ. Йæ ныхæстæ æмæ йын йæ архайдтытæм чи каст, чи сæм хъуыста, уыдон-иу алы хатт дæр банысан кодтой, зæгъгæ, ацы чызгæй рауайдзæнис хорз ахуыргæнæг.

Мадинæ скъоламæ уад цингæнгæйæ. Дыууадæсæм астæуккаг скъолайы къæсæрæй куыддæр бахызт, афтæ хъазæнты раивта ахуыргæнæн чингуытæй, схæлар семæ æмæ йæ зонындзинæдты фæндагыл къласæй къласмæ кодтой. Афтæмæй æнтысгæйæ каст фæцис астæуккаг скъола. Уымæн уыд йæхи хорз фæстиуæг. Цалынмæ скъола каст нæ фæцис, уæдмæ нымад цыдис хуыздæр ахуыргæнинагыл.

Скъола каст хорз нысæнттыл чи фæвæййы, йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæмæн вæййынц, уымæн та уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæнын вæййы бирæ æнцондæр. Мадинæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты истори æмæ уырыссаг филологийы факультеты студенткæ суæвгæйæ, фыццаг бонтæй фæстæмæ йæ цæттæдзинадæй йæхи бауарзын кодта йæ ахуыргæнджытæн. Дыккаг курсæй цалынмæ институт каст нæ фæцис, уæдмæ та æххæст кодта курсы старостайы хæстæ.

Мадинæ институт каст фæуыны фæстæ тырныдта, цæмæй тагъддæр ссара куыст, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Скъолаты сæрибар бынат нæ разынд æмæ йæ фæстæдæр бахъуыд дыууадæсæм астæуккаг скъолайы хъуыддагдары куысты ныллæууын. Ацы скъолайы ахуыр кодта йæхæдæг дæр æмæ йын педколлектив æнæзонгæ нæ уыд.

Рæстæг куыд цæуы, афтæ, фæнда нæ æви нæ, уæддæр нын нæ цардмæ хæссы ивындзинæдтæ. Мадинæ уый размæ никуы ахъуыды кодта æмæ искуы ныууадздзæн, каст цы скъола фæцис, иуæндæс азы цы ахуыргæнджыты раз бадт, уыцы скъола æмæ ахуыргæнджыты, фæлæ йæм бахатыдысты, цæмæй фæндзæм астæуккаг скъолайы директорæй райдайа кусын.

Ацы скъолайы Мадинæ кæд алцы дæр æрбаййæфта нывыл, уæддæр алы ног куыст æмæ коллективы æхсæн дæр фæзыны ногдзинæдтæ æмæ аразинаг хъуыддæгтæ. Уыдон уыдысты фæндзæм астæуккаг скъолайы дæр æмæ Мадинæ сæ æххæст кæнынмæ æрæвнæлдта ахуыргæнджыты коллективимæ. Сæрмагонд хъусдард здæхта, цæмæй скъолайы фæхуыздæр уа ахуыргæнинæгты ахуырфæразондзинад. Æмæ уый йæ къухты æфтгæ дæр кæны. Абон республикæйы хуыздæр скъолатæй иуыл нымад цæуы фæндзæм астæуккаг скъола.

Мадинæ æппынæдзух кæстæрты раст фæндагыл цайдагъ кæныныл кæй архайы, уый ма бæрæгæй зыны йæхи æртæ кæс-тæры хъомыладыл дæр. Уыдонæн хорз кад æмæ аргъ ис се ‘мгæрттæ æмæ кæимæ æмбæлынц, уыдоны ‘хсæн. Йæ фырттæ Азæмæт æмæ Ацæмæз хорз нысæнттимæ каст фесты астæуккаг скъола, райстой уæлдæр ахуырад æмæ сæ архайдæй сæ хайбавæрд хæссынц нæ республикæйы рæзт æмæ размæцыдмæ. Йæ чызг Алеся та ацы аз каст фæцис астæуккаг скъола æмæ ссис нæ университеты студенткæ.

Куыст чи уарзы, æнтыстытæ кæмæн вæййы, уыдон та æнæ хорзæх нæ баззайынц. Мадинæ Хуссар Ирыстоны Президент, Парламент, Ахуырад æмæ зонады министрадтæй райста Кады грамотæтæ. 2017 азы та йын лæвæрд æрцыд ахуырады кабазы «Кадджын кусæджы»-ы ном. Фæстæдæр та йын лæвæрд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын  ном.

Нæ ныхасы кæрон, йæхæдæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, ахуыргæ-нæджы боныл бæргæ хорз æнтыстытимæ æмбæлы, фæлæ не ‘хсæнæй фæхъуыд йæ цардæмбал, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Наниты Витали…

ГÆЗЗАТЫ Иван

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.