Ног аз  

Ног аз рагæй фæстæмæ у бинонты бæрæгбон, фæлæ уыцы æхсæв æмбæлы  сыхæгты, хæстæджыты æрбахонын дæр. Ног азы фынг у хъæлдзæгдзинадимæ баст. Хистæр скувы, цæмæй бинонтæн, сыхбæстæн, ирон адæмæн, æппæт дунейы дзыллæтæн дæр сæ фыдбылызтæ, сæ низтæ зæронд азы баззайой, зæронд азы хорздзинадæй цы уыд, уыдон та Ног азмæ рахизой.

Ног аз куы рбалæууы, уæд фынджы хистæр ногæй æртæ чъирийæ скувы, цæмæй Ног аз ног хæрзтæ æрхæсса, бинонтæ æмæ, фынджы алыварс чи бады, уыдоны бафæдзæхсы Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл.

Бадт ахæссы фæсæмбисæхсæвмæ, иу куывд иннæйы фæивы. Алы хæдзарæй дæр цины зæлтæ æмæ цырæгъты рухс тынтæ æддæмæ фæивылынц.

Æртгæнæнтæ

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы хъуамæ  сæ кæрты дуармæ арт скæной. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сыста, афтæ арты цурмæ бацæуа. Артмæ сугтæ чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгъгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн хъуамæ раарфæ кæна, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ. Аходæнафон куы суа, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон хъуамæ рахæссой, хистæр сæ ныххæлар кæна, æмæ дзы саходой.

Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, кæй ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый ма  суазал уа, мæнæ йæ арты хай, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд.

Доныскъæфæн

Ног азæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм нысан кодтой Доныскъæфæн. Ног азы-иу скодтой бирæ алыхуызон басылтæ æмæ-иу сæ Доныскъæфæн бонмæ нывæрдтой. Райсомраджы ног чындз, кæнæ чызджытæй, сылгоймæгтæй исчи хъуамæ басылтæ донмæ ахастаид. Цас раздæр ацыдаид, цас раздæр æрбахастаид дон, уыйас хуыздæр. Aдæммæ афтæ каст: Доныскъæфæнты дон чи раздæр æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх уыдзæн.

Дондзау-иу скуывта, Бинонты-иу Хуыцау æмæ зæдтыл бафæдзæхста, йемæ цы басылтæ рахаста, уыдоны сæртæ уылæнтæм æппæрста. Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр ницы дзырдта. Доныскъæфæнты цы дон хастой, уый уыд æппæты сыгъдæгдæр кувынæн. Уый уыд удтæ сыгъдæггæнæг дон. Æмæ алы бинонтæ дæр архайдтой, цæмæй уыцы æвæджиауы донæй хæдзарыл тагъддæр сæмбæла.

Бадæнтæ

Ног азæй къуыри куы рацæуы, уæд къуырисæрæхсæв ног мæрдджынтæ фæкæнынц Бадæнтæ. Раздæр-иу Бадæнтæм зианæн йæхи номыл балхæдтой фынг, бандон, донгарз. Мардæн цы дзаумæттæ баззад, уыдоны-иу истытæ, зæгъæм, хъæмп кæнæ хос бакодтой æмæ-иу æй стъолы кæрон бандоныл сбадын кодтой. Марды æгъдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд марды уд йæ хæдзармæ æртæхы æмæ æхсæв-бонмæ адæммæ фæкæсы: куыд цæрынц, цы ми кæнынц, кæй нал и, ууыл куыд тыхсынц… Куы æрбарухс вæййы, уæд та, дам, йе ‘нусон бынатмæ атæхы.

Хистæр нæлгоймæгтæ бацæуынц, сойын цырæгътæ ссудзынц, Бадæнтæм нозтæй, хойрагæй, адджинагæй, дыргъæй мардæн цы сцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Сылгоймæгтæ фæкæуынц, фæхъарæг кæнынц.

Бадæнæхсæвы раздæры æгъдæуттæй ныр дæр бирæтæ кæнынц адæм. Кусарт, фынджыдзаг. Къордтæ-къордтæй фæцæуынц æмæ цырæгътæ ссудзынц. Сылгоймæгтæ ацæуынц уæлмæрдтæм, семæ ахæссынц хойраг, адджинæгтæ, дыргътæ, нозт æмæ хæрд, фæкæуынц, семæ цы хæринæгтæ ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц.

Бынатыхицау

Ацы бæрæгбон фæкæнынц тъæнджы мæйы фыццаг кæнæ дыккаг къуырийы æртыццæг æхсæв. Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, алы хæдзар, алы бинонтæн дæр ис йæхи бардуаг. Æмæ цæмæй дæ бынаты амондджынæй, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй цæрай, уый тыххæй йыл дæхи бафæдзæхс, дæ кæстæрты тыххæй йæм батабу кæн. Ирон адæм ын циндзинады алы фынгыл дæр арынц йæ ном, лæгъстæ йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уæ. Раздæр-иу Бынаты Хицауы æхсæвмæ снывонд кодтой кусæрттаг: сæгъ кæнæ фыс, ныр арæхдæр аргæвдынц карк кæнæ уасæг. Нывондаг кусарт кæнæ маргъ фыхтой, йæ уæнгтæ æнæхъæнæй куыд баззадаиккой, афтæ. Куы-иу сфыхт, уæд-иу дзидза сивыры кæнæ æндæр исты кæхцмæ систой, истæмæй-иу æй æрæмбæрзтой, чъиритæ, нозт йæ цуры, æмæ-иу бинонты хистæр скуывта:

«О Бынаты Хицау, дæ хорзæх нæ уæд! Рæдийын нæ ма бауадз, фыдæхæй нæ бахиз. Адæймагæй, бæхæй, фосæй – нæ сæртæ де уазæг уæнт. Hæ зæрдæбын куывд нын фехъус, нывондæй, хойрагæй, нозтæй дын цы сцæттæ кодтам, уыдон дын барст уæнт. Нæ фæстаг фиддон дын ма фæуæнт…»

Бынаты Хицауы æхсæвы бæрæгбонмæ цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй æцæгæлонæн хæрыны бар нæй.

Хæйрæджыты æхсæв

Кæддæр, дам, адæм æмæ хæйрæджытæ иумæ цардысты, сæ ныхас кæрæдзиуыл бадт, фæлæ иу рæстæджы фæныхмæ сты, æмæ кæд Уастырджи хæйрæджыты фесæфта, уæддæр сæ адæм тарстысты æмæ сын сæрмагондæй сæ ном ардтой. Йæ фадат кæмæн амыдта, уый æргæвста сæгъ. Сæгъ, дам, хæйрæджыты сфæлдисгæ у æмæ уый адджындæрæн исынц. Чи та-иу аргæвста фыс, уасæг кæнæ карк. Цы-иу аргæвстой, уымæн-иу йæ туг рауагътой иу ранмæ æмæ-иу æй арф баныгæдтой, кæнæ-иу æй цæугæдоны ауагътой, куыдз кæнæ дзы гæды куыд нæ фæхъæстæ уыдаид, афтæ.

Æмбисæхсæв-иу хæдзары бинонтæ чысылæй-стырæй кæртмæ рацыдысты. Афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, уыцы рæстæг хæйрæджытæ хæдзары февзæрынц, ацаходынц кувинæгтæй æмæ æрбайсæфынц.

Иуцасдæр-иу хæдзары бинонтæ кæрты алæууыдысты, стæй-иу мидæмæ хæдзармæ бацыдысты.

Хæйрæджыты æхсæв ныр дæр бирæтæ бæрæг кæнынц. Аргæвдынц карк. Фынгыл æвæрд хæринæгтæй хъуамæ бинонты йедтæмæ мачи фæхъæстæ уа, науæд, дам, уый хæйрæгæн фæхъыг уыдзæн æмæ сын сæ кувинæгтæ нæ айсдзæн.

Ногбон

Ногбон æрцæуы куы мæйы дыууадæсæм, куы æртындæсæм, куы – цыппæрдæсæм бонмæ. Баст у хурхæтæнимæ. Хистæртæ-иу хуымæтæджы не скуывтой: «Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд». Ногбоны-иу адæм дзырдтой: «Рæстæг ног цардырдæм акъул». Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта. Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æртытæ-иу арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Арт-иу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загъта,зæгъгæ,  ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ.

Ногбоны фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас бæркадджындæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон – дынджыр дзаджджын гуыдын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, искæмæн дæттын дзы не ‘мбæлд.

Ногбоны сæрмагондæй æртыгай чъиритæ кодтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты Хицауæн, къутутæн, фосæн.

Бинонтæй хуыздæр къах, амондджындæр къах кæмæн уыд, уый-иу скъæтты фосыл æрзылд.

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа».

Бинонтæ-иу Ногбон бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр æддæмæ чи ахызт, уый æрбацыд лыстытæ, хъæмп, кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд, зæгъгæ.

Ногбон æхсæв-иу сылгоймæгтæ хыссæйæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ æмæ-иу сæ сфыхтой. Хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы радтой.

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбон æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой.

Фацбадæн

Ацы бæрæгбон ма хонынц Фæстинон бадæнтæ дæр. Фылдæр хатт æрцæуы Hог азы æртыккаг хуыцауæхсæвмæ. Фацбадæны-иу хъæутæм дæр æмæ хъæутæй дæр фондз боны дæргъы уазæгуаты ничи цыд. Бæрæгбон-иу хъæуы кæй æрæййæфта, уымæн рацæуыны бар уыди æрмæстдæр цыппæрæмы.

Цыппар боны дæргъы-иу алы хæдзары дæр уыд кувинæгтæ, фæндзæм бон-иу сарæзтой хъæугуывд æмæ-иу Идауæгы кувæндоны бын сæхи бафæдзæхстой Хуыцау æмæ иннæ зæдтыл, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты-иу.

Фацбадæн ахæм карз бæрæгбон уыд, адæм ын ахæм стыр аргъ кодтой, æмæ-иу уыцы бонты исчи куы амард, уæд æй нæ ныгæдтой, нæ йæм æвнæлдтой.

Фацбадæны адæм куывтой Идауæгмæ. Уый у, адæмы рын æмæ емынæйæ чи хызта, суанг мæрдтæй дæр адæмы фæстæмæ чи здæхта, ахæм бардуаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.