Гаглойты Рутены райгуырдыл сæххæст 135 азы

Гаглойты Рутенмæ уыд бирæвæрсыг миниуджытæ. Уыд номдзыд инженер-механик, зынгæ æхсæнадон архайæг, йæ адæмы иузæрдион патриот, прозаик, поэт, публицист. Фæлæ йæ адæм уæддæр базыдтой, куыд инженер, афтæ. Махæн зынаргъ сты, Рутен йæхи кæм раргом кодта, уыцы сфæлдыстадон бынтæ, цымыдисон нын сты йæ фæндаг арæзтадон куыстытæ, йæ революцион архайд, афтæ ма йæ публицистон, литературон æмæ зонадон бынтæ дæр.

Ахуыры фæндаг

Ивгъуыд дуджы алы хъæууон лæппу дæр уæлыгæс цы у, уый йæхиуыл æвзæрста. Йæхиуыл æй бавзæрста Рутен дæр, афтæмæй згъорстой йæ сабион бонтæ. 8 азы йыл куы сæххæст, уæд æй йе `фсымæр Ираклиимæ йæ фыд Гыби ахуыр кæнынмæ арвыста Згъуыбиры хъæумæ. Ам та ахуыргæнæгæй куыста зынгæ рухстауæг Хæныкъаты Никъа. Ахуыргæнинæгты ахуыр кодта йæхи хæдзары. Æфсымæртæ ам дыууæ азы бæрц сахуыр кодтой, стæй Рутен йæ ахуыр адарддæр кодта Рукъы скъолайы. Цæргæ та кодта йæ хæстæджытæм. Дарддæр æй йæ ахуыры фæндаг æркодта Знауыры районы Хъорнисы хъæумæ. Ам та йæ ахуыргæнæг уыд зындгонд æхсæнадон-культурон архайæг, фæстæдæр Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рецензент Джиоты Пора. Фæстæдæр ахуыр кæнынмæ æрбаздæхт йæ хъæу Уанелмæ æмæ кæронмæ та ахуыр фæцис Дзауы скъолайы.

Ахуырмæ Рутен уыд иттæг зæрдæргъæвд, уæлдайдæр та физикæ æмæ математикæмæ. Ахуыргæнджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иттæг хорз зыдтой сæ ахуыргæнинаджы æвзыгъддзинæдтæ æмæ йын йæ ныййарджытæн бауынаффæ кодтой, цæмæй йæ Тифлисы гимназмæ арвыстаиккой. Уыдон бацархайдтой æмæ лæппу йæ ахуыры фæндагыл дарддæр араст. Гимназмæ æнтысгæйæ радта фæлварæнтæ, фæлæ ахуыр кæныны тыххæй æрвылаз дæр фидын хъуыд 80 сомы. Уыдон уыцы рæстæджы бирæ æхцатæ уыдысты. Фыццаг азæн сæ ныййарджытæ куыддæрты æрæмбырд кодтой, фæлæ сын дыккаг аз фæзын — хъуыд иннæ сывæллæтты дæр ахуырыл ифтонг кæнын. Фæлæ уыцы уаргъæй фервæзтысты — Рутен иттæг хорз кæй ахуыр кодта, уый тыххæй йæ дарддæр æхца фидынæй ссæрибар кодтой.

Гимназы ахуыр кæнгæйæ, уымæн хорз кад уыдис куыд гимназистты, афтæ ахуыргæнджыты æхсæн дæр. Аргъ ын кодта гимназы директор дæр æмæ ахуыр куы фæуд кодта, уæд ын бацамыдта, цæмæй йæ ахуыр адарддæр кæна Мæскуыйы.

Æмæ та æрыгон лæппуйы йæхимæ фæхуыдта ахуыры ног фæндаг, ноджы дарддæр, зонындзинæдты ногдæр бæрзæндтæм æй чи кодта, ахæм фæндаг. Афтæмæй балæууыд Мæскуыйы университеты къæсæрыл æмæ фæлварæнтæ радта физикæ-математикæйы факультетмæ. Фæлæ ацы дæсныйад йæ зæрдæмæ æввахс не `рбалæууыд. Хъуыды кодта ахæм дæсныйад райсыныл, цæмæй йæ адæмæн фылдæр пайда æрхæсса. Ахæм хъуыдыимæ йæ ахуыр ныууагъта ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны æмæ бацыд Мæскуыйы Уæлдæр техникон ахуыргæнæндонмæ, кæд æм зын бахауæн уыдис, уæддæр. Ныр ын уыд инженеры дæсныйад райсыны фадат. Ам ахуыр кæнгæйæ дæр Рутен иннæ студенттæй хицæн кодта йæ ахуырфæразондзинадæй, ахуырмæ йæ тырнындзинадæй æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1913 азы.

Йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæугæйæ, кæм нæ ба-лæууыд, ахæм нæ баззад. Зыдта алы æфцæг, хох, хъæд, дон, цад, суар, суадоны дон. Æмбæрста кæм цы саразæн ис, фæндаг кæуылты ацæудзæн, электроны станцтæ кæм сараздзæн, курорттæ æмæ санаторитæ кæм аразын хъæуы, суæрттæй чи цы низæн хос кæны.

Революцион архайд

Гаглойты Рутен фæзылд Уæрæсе æмæ Прибалтикæйæн канд сæ горæттыл нæ, фæлæ хъæуи-хъæу æрзылд æнæхъæн Европæйыл. Зыдта æмæ дзырдта францаг, латинаг, польшæйаг, англисаг, уырыссаг, гуырдзиаг æвзæгтыл.

Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд газет «Ног цард»-ы ныммыхуыр кодта цалдæр публицистон уацы, ахæм сæргонды бын «Уырысы цардæй». Йæ уацы фыста, зæгъгæ, зæхкусæг лæгмæ кæсгæйæ зæрдæйы тугтæ ныттæдзы: «Æхцайæ йæ бон хъалон фидын кæмæн нæу, уыдон сæ фос скъæтæй ратæрынц æмæ сæ бонджынтæн æрдæг аргъыл уæй кæнынц. Иу ран Хардомовы хъæуы мæгуыртæн уæй æрцыдысты канд сæ фос нæ, фæлæ ма сæ кæрчытæ дæр. Иу хæдзары карк дæр не ссардтой æмæ рынчын лæджы сæры бынæй раластой бамбули баз. Æгас губернитæ стонгæй мæлынц. Удыхосæн кæрдзыны къæбæр ничи ссардзæн».

Рутен мæгуыр адæмы уавæрыл æрмæст марой нæ кодта. Уый сын амыдта се `фхæрæг, сæ марæджы, сæ ныфсыл сын ныфс æфтыдта æмæ комкоммæ æфхæрдта Уырысы хæдхæцæг паддзахады, йæ тугцъир æлдæрттæ æмæ помещикты: «Мæгуыр лæгæн йæ дыууæ знаджы лæууынц иудадзыг йæ дыууæ фарсы: иуæрдыгæй — стонг, иннæрдыгæй хицæуттæ æд ехс… Мæгуыр адæмы фæллой хæрынц хицæуттæ æмæ бонджынтæ, уæлæмæ скæсын сæ нæ уадзынц…»

Рутены публицистикæйы фæзынд фыццаг уырыссаг буржуазон революцийы тыххæй уац. Уый стыр цау уыд ирон мыхуыры. Цъæх арт æфтауы хæдхæцæг паддзахадыл, æл-дæрттыл, мæгуыр адæммæ сиды се `фхæрджытыл хъоды бакæнынмæ. Æрыгон студент фидарæй æууæндыд адæмы зонд, хъару æмæ сомбоны уæлахизыл æмæ æргомæй дзырдта: «Æгас Уырысы туджы денджыз куы фестын кæной, уæддæр адæмæн дæлдонæй тас нæу, уымæн æмæ уыдон базыдтой сæ мæгуырдзинад æмæ се`намонддзинады аххоссаг хицæуттæ, помещиктæ æмæ чиновниктæ кæй сты. Сæ ныхмæ тохы нысанæн уый фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ æрбаласта ирон шрифт æмæ Карсанты Уасилы уæлхæдзары сарæзта типографи. Мыхуыр дзы кодта прокламаци-тæ.

Рутен уыдта кусæг æмæ зæхкусæг адæмы цард æмæ сæ тæригъæдæй йæ зæрдæ фæйнæрдæм тыдта, афтæмæй дзырдта: «Æрджынарæгæй Чъехы нарæгмæ фæндаджы был нал баззад къутæр, йæ быны хуссайраг ирон лæг ныгæд кæм нæй. Уыдон тугæй хуссайраг ирæттæ раджы балхæдтой бар ацы фæндаг саразынæн.» Æнæ хорз фæндæгтæ, хохыл æнæ фæндаг нæ бæстæ баззайдзæн рохуаты, гæвзыккæй, мæгуырæй.

Гаглойты Рутенæн стыр хайбавæрд ис Хуссар Ирыстоны Советон хицауад фæуæлахизы хъуыддаджы, ахъаззаг тох кодта Гуырдзыстоны меньшевикты æфсады ныхмæ. Уыдонмæ фыст уыд сæрмагонд номхыгъды. Йæ фæдыл зылдысты. Сæ газеттæ «Кавказкое слово» æмæ «Тифлиский листок» Рутеныл фыстой æмæ йæ нымадтой тæссаг знагыл, зæгъгæ, растад цырынгæнæг — Гаглойты Рутен Ирыстонмæ баласта бирæ хæстон æрмæджытæ æмæ тохмæ сиды адæммæ, растадонтæн амоны акъоппытæ аразын. Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы расидтысты 1920 азы 8 июны, уæд Рутен уыд Цхинвалы комендант.

Уæд дзæвгар æфсад æмæ хотыхтæ æрбакалдта Жордания Хуссар Ирыстонмæ. Æмæ ныссаста, ныцъцъист кодта советон хицауады фыццаг æвзарты. Арты хай бакодтой æнæхъæн Ирыстоны. Рутен уацары бахауд. Арвыстой йæ Кутаисы ахæстонмæ æмæ фæндагыл тæхгæ поездæй уарийау атæррæст кодта. Хъорнисмæ сфардæг æмæ уырдыгæй ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Уым дæр ыл йæ хъысмæт хинæй разылд. Мæнгæй нæ акæнынц, мæсыг, дам, хи дурæй сæтты. Йæ хæрз дыккаг хæдзарæрвад ыл хинæй рацыд (сæ фыдæлтæ туджджынтæ уыдысты), фæхахуыртæ йыл кодта æмæ та йæ ногæй æрцахстой. Зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны разагъта лæгтæ нæ уыдысты, уæд æй агæрах кодтаиккой. Фæлæ тæрхонгæнджытæ уæддæр дызæрдыг кодтой æмæ, дам, цалынмæ мидхæст нæ фæуа, уæдмæ уал æй арвыстой Уæрæсемæ — Псковмæ. Уым, ахæстæттæ къордгæйттæй, бындзытау скъуыдысты. Гаглойы фыртæн бантыст Эстонимæ алидзын, уырдыгæй та — фæсарæнтæм. 1928 азы æрбаздæхт фæстæмæ йæ фыдыбæстæмæ æмæ куыста Уанелæй Зæрæмæгмæ сосæвæндаг аразыныл. 1930 азы Октябры бæрæгбоны фыццаг æхст фæкодта æмæ тъунел аразынмæ æрывнæлдта. Фæлæ йын нæ бантыст — 1937 азы культы амæттаг бацис.

Сфæлдыстадон архайд

Рутен фæсарæнтæм куы ахауд, уæд дæр йæ уд, йæ зæрдæ, Ирыстоны уыдысты. Уырдæм иста дæсгай фыстæджытæ, газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад».

Гаглойты Рутены сфæлдыстадон литератутон куыстмæ не ‘вдæлд. Уый тыххæй йæ æмдзæвгæ «Тарды сагъæс»-ы фыста:

Никуы фæлвæрдтон фыссыныл,
Не ‘вдæлд æмдзæвгæтæм мæн
Галау æфсондзыл хæцыныл
Ифтыгъд æдзухæй уыдтæн.

Бæгуыдæр æй не ‘вдæлд. Æдзух ирон адæмы сæрвæлтау йæ уд нывондæн хаста, уыдонæн сомбоны рухс цардмæ, революцион тохмæ фæндаг амыдта. Æмæ уыцы революцион тохы æппæты фыццаг æвдыста хи уды цæвиттон. Рутен кардæлвæст æмæ топпифтыгъдæй цыд адæмы разæй. Фыссыны хъуыдаджы та уыцы азты хъуыд тохмæсидæг публикацитæ æмæ сæ фыста.

Рутен уыд уæзбын, хиуылхæцгæ æмæ уымæн нæ рахуыдта йæхи фыссæг. Фæлæ йын йæ радзырдтæ «Дыууæ фæндаджы», «Теман голладжы нæ сусæг кæны», «Хъаст» æмæ æндæртæ дæр сты тынг дæсны æмæ фæлтæрд сисæй фыст. Йæ фыст æмдзæвгæтæ дæр бирæ кæд нæ уыдысты, уæддæр сын ирон поэзийы къæбицы ис сæхи сæрмагонд бынат.

Ахæсты Гаглойты Рутены быхсаг уд куы сфæлмæцыд, йæ ныййарæг, йæ райгуырæн бæстæм, йæ æрдæгарæзт фæндаг иу йæ цæстытыл куы ауад, уæд -иу ставд фæрдгуытау ныгæр-гæр кодтой йæ поэтикон рæнхъытæ.

Абон — æхсæз азы… мастæй
Зæрдæ ныскъуыдтæ бынтон
Знаджы фыдæнæны хастæй
Цæссыг згъæлы бынтон.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ

Бирæ сты йæ раттæг адæмæн Рутены лæггæдтæ. Чи сæ фæнымайдзæнис, фæлæ Чъехы нарæг фыдбылызхæссæг уыд нæ адæмæн. Кæддæр ыл фистæгæй дæр зын цæуæн уыд. Къæдзæхы фæхсты цыд иукъахвæндаг æмæ иу, зæгъгæ, уыцы нарæгвæндагæй дæ къах фæиртæст, уæд-иу Леуахийы доны йæ дзæхст фæцыд. Бантыст Рутенæн йæ саразын, ныр та машинæ тæхы асфальт фæндагыл.

Фыццаг хатт хуссайраг ирæттæй губернатормæ Рутен ныффыста куырдиат 1908 азы ирон газет «Уадындз» рауадзыны бар райсыны тыххæй. Фæлæ йын бар лæвæрд нæ æрцыд, нырма, дам, æвзонг дæ, зæгъгæ.

Фыццаг хатт Рутен загъта йæ ныхас мыхуыры Къостайы тыххæй йæ ингæн, йæ цырт, йæ хæдзар саразыны тыххæй. 1910 азы Мæскуыйы уæлдæр Техникон ахуыргæнæндоны студент куы уыд, уæд журнал «Æфсир»-ы фарастæм номыры фыста: “Къоста уыдис Ирыстоны ахсджиаг хъæбул. Талынг уæрмæй нæ рухсмæ систа, бацамыдта нын уарзын, дзурын цы `мбæлы, уый. Æмæ аив нæу махæн Къостайы ингæн афтæ сидзæрæй, дзæгъæлæй ныууадзын. Мæ ныхас тынгдæр ахуыргонд фæсивæдмæ у. Бафæзмæм мах дæр иннæ адæмты. Æрхæссæм фæйнæ дуры æмæ куыд æмбæлы, афтæ Къостайæн цырт саразæм. Рутены ныхас йæ нысаныл сæмбæлд. Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны интеллигенци æрæмбырд кодта æхца æмæ Рутен Калачы балхæдта æмбæрзæн зест. Æрбаласта йæ Цхинвалмæ, стæй йæ саргъы бæхыл ахаста æмæ Къоста кæм райгуырд, уыцы хæдзары сæр раивта.

Фыццаг хатт Рутен æрсагъта Сырх Тырыса Уанелы сæрмæ.

Фыццаг хатт Рутен сарæзта телефоны бастдзинад Хуссар Иры.

Гаглойты Рутен хорз репортер дæр кæй уыд, уый алчи нæ зыдта. Уый зылд Ирыстоны хæххон хъæуты æмæ иста рагон цардыл дзурæг къамтæ.

Рутенæн йæ сагъæстæ æдзухæй Ирыстоныл уыдысты, йæ иууыл стырдæр бæллицц та — дыууæ Ирыстоны ’хсæн фæндаг саразын…

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.