Уæрæсейы иууыл хистæр ветеран, цæгатирыстойнаг, Фы-дыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Мæрзойты Тимофейыл сæххæст 105 азы. Уый фæдыл ын раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло.

Фронтовик Мæрзойты Тимофейы ном хаст æрцыд Уæрæсейы Гиннессы рекордты Чиныгмæ. Тох кодта хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ. Архайдта Кавказ ссæрибар кæныны тохы. Уымæй дарддæр хæцыди Украинæйы, Молдавийы, Румынийы, Болгарийы, Югославийы æмæ фæцыд суанг Австрийы онг.

Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 2-аг къæпхæны орден, Кавказ ссæрибар кæныны æмæ Германийыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй, стæй 1941-45-æм   азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй майдантæ.

Сергей Меняйлойы зæрдæ хæствæллад хистæрæн загъта фидар æнæниздзинад æмæ ма бирæ азты дзæбæхæй куыд цæра, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.