Знон, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик республикæйы информацийы фæрæзтæ – газеттæ «Хурзæрин»-ы, «Южная Осетия»-йы, информацион агентад «Рес»-ы коллективты базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнджытимæ. Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй та – Плиты Михаил, кæцы раздæр куыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы информацион-аналитикон управленийы хистæрæй. Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй нысан æрцыд сæйраг редакторы хæдивæг Биазырты Роланд. Газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редакторæй – газеты æхсæнадон-политикон хайады редактор Чилæхсаты Александр, информацион агентад «Рес»-ы къухдариуæггæнæгæй – газет «Южная Осетия»-йы æхсæнадон-политикон хайады уацхæссæг Уазæгты Юри.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй æхсæнадон царды «цыппæрæм хицауиуæгадæн» стыр нысаниуæг ис.  Уымæн стыр тых ис, уый æндавы политикон процессты цыдыл, æхсæнадон хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæныныл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, журналист хъуамæ уа объективон, дзура рæстдзинадыл, цыфæнды уæззау ма уа, уæддæр, йæ критикон уацты хынцыд хъуамæ цæуой алы фарсы позицитæ дæр.

Æрæджы республикæйы информацион тыгъдады цы дам-думтæ апарахат сты фосы тыххæй хъалонтæ исын æмæ ноджы æндæрты тыххæй, уыдоны кой дæр скодта Пухаты Эрик. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы дам-дум парахатгæнджыты нысан у æхсæнадон хъуыдыйыл бандавын.

«Æрæджы апарахат сты дам-думтæ, ома, дам, хъæуты хæдзарон цæрæгойты тыххæй фидын хъæудзæн хъалонтæ. Уыимæ иумæ ма дзырдтой, ома, мæн нысан кæнынц университеты ректорæй. Нæ йæ зонын, уыцы дам-думтæ кæцæй ист цæуынц, фæлæ уыдонæн æппындæр ницы бындур ис, уыдонæн ис нысанмæздæхт мидис. Мæнмæ гæсгæ, дам-думтæ ноджыдæр парахат цæудзысты», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уый фæстæ ногæй снысангонд редак-тортæ радзырдтой сæ куысты плæнтты тыххæй.

Биазырты Роланд радзырдта куысты проблемæты тыххæй, газет рæстæгыл хъæуты цæрджытæм кæй нæ хæццæ кæны, сæрмагондæй та газет рафыссыны проблемæтыл. Уый банысан кодта газет «Хурзæрин» Уæрæсейы периодикон мыхуыры каталогмæ хаст кæй нæу æмæ республикæйы æддейæ чи цæры, уыдонæн йæ рафыссын проблемон кæй у, уый дæр, афтæ ма радзырдта, дарддæр куыд кусдзæн, æппæт уыдæтты тыххæй.

Чилæхсаты Александр дæр йæ хъуыдытæ загъта йæ дарддæры куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй, уый банысан кодта, коллектив кæй кусдзæн газет фæхуыздæр æмæ фæмидисджындæр кæныныл.

Информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор Уазæгты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй коллективæн ис йæхи традицитæ. Уый аккагæй йæхи равдыста йæ архайды рæстæджы, уæлдайдæр та –  гуырдзиаг агрессийы рæстæджы æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс цы информацион блокадæ уыд, уый атоныны хъуыддаджы.

«Агентады коллективимæ иумæ бахъахъхъæндзыстæм хорз традицитæ æмæ кусдзыстæм куысты ног формæтыл», – банысан кодта Уазæгты Юри дæр.

Уый фæстæ Пухаты Эрик ноджыдæр раарфæ кодта ногæй снысангонд редак-тортæн, загъта сын се сфæлдыстадон куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.

Ацы бынæтты раздæр чи куыстой, уыдонæн та загъта бузныджы ныхæстæ.

* * *

Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы коллективы базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Георгиимæ. Йемæ ма уыдысты Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Мæрзойты Элинæ.

Козаты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй коллектив иууылдæр зонынц Чилæхсаты Георгийы, уымæн æмæ ацы коллективимæ уый фæкуыста бирæ рæстæг, зæгъæн ис, телеуынынады сырæзтæй фæстæмæ.

«Чилæхсаты Георги æрмæст профессионал нæу, фæлæ ма у йæ бæстæйы патриот дæр. Уый хæцæнгарзимæ  хъахъхъæдта йæ райгуырæн Ирыстоны гуырдзиаг агрессорæй. Уый ацы бынаты аккаг у, æмæ йыл мах æууæндæм. Ныфс мæ ис, иумæ бакусдзыстут», – банысан кодта Козаты Игорь.

Козайы фырт РХИ-йы Президенты номæй бузныджы ныхæстæ загъта паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы раздæры директор Зæгъойты Радæйæн æмæ банысан кодта, уый дæр æнæ куыст кæй нæ баззайдзæн, дзыллон информацион фæрæзты йын бынат кæй разындзæн.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр, кæцы бирæ рæстæджы дæргъы куыста ацы куыстуаты, ног снысангонд директорæн раарфæ кодта, загъта йын æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ зоны, куыд зын у ацы коллективы кусын.

Уый зæрдыл æрлæууынæн æрхаста Бибылты Анатолийы ныхæстæ, ома, адæмы ничи дих кæндзæн Кокойты, Тыбылты æмæ Бибылты адæймæгтыл, йæ бартæ дæлдзиныг никæмæн цæудзысты.

«Уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ йæ бынатæй никæй сисдзысты æмæ уромгæ дæр никæй бакæндзысты. Æрмæстдæр сæ зонындзинæдтæм гæсгæ кусдзысты æмæ цæудзысты размæ», – банысан кодта Парламенты спикер.

Йæ рады Чилæхсаты Георги ныфс бавæрдта, кæй кусдзæн æнæзæрдæхудтæй, кæй бацархайдзæн телерадиокомитеты бæстыхай сцалцæг кæныны проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, телеуынынады материалон-техникон базæ фæхуыздæрыл æмæ кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныныл. Уый ма ныфс бавæрдта, кæй аиуварс кæндзæн, телеуынынады журналисттæ цы вакуумы сты, уый дæр, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты журна-листтимæ кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад амоныны æххуысæй.

«Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй бæстæйы ног Президент куы равзарынц, уæд уый æрцæуы ног командæимæ. Æз дæр бахаудтæн уыцы командæмæ. Президент у паддзахады локомотив, æмæ локомотив цы рельсытыл лæууы, æз дæр лæудзæн уыдоныл», – загъта уый.

Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Мæрзойты Элинæ куыд загъта, афтæмæй хъусдард аздахын хъæуы Цæгат Ирыстоны телеуынынадимæ æмгуыст кæнынмæ. Тагъд националон телеуынынад кæй скусдзæн, уый бахынцгæйæ.

«Ныртæккæ ис серьезон проекттæ, кæцытыл хъæуы кусын. Сæйраг уый у, æмæ ис ног къухдариуæггæнæг, кæцыимæ кусдзысты Цæгат Ирыстоны коллегæтæ. Уыдон дæр тынг фæнды уыцы хъуыддаг. Уыцы вакуумы хъæуы аиуварс кæнын», – загъта Мæрзойты Элинæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.