Абон, 1-æм августы зынгæ ирон поэт, журналист, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг, йæ радтæг адæмы аккаг фырт æмæ патриот Икъаты Антоны фырт Владимиры райгуырдыл æххæст кæны 87 азы. Курдиатджын поэтæн кæд 53 азы йедтæмæ цæрын нæ бантыст, уæддæр йæ диссаджы курдиат, хъæздыг миддуне, йæ рæсугъд удыхъæды руаджы йæ ном цæргæйæ баззад  уæлæуыл йе сфæлдыстадæн табугæнджыты, йæ бирæ хæлæртты, йæ уарзон ирон адæмы зæрдæты.

Икъаты Владимирæн æрдзæй ратгæ уыдысты поэты курдиат, царды æнæ-рынцойдзинад, æдзухдæр царды гуылфæнты уæвын. Уый æнахуыр уарзт кодта йæ радтæг Ирыстоны æмæ кæцыфæнды уысм дæр цæттæ уыд йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн æрхæссынмæ.

Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ катайдзинад  поэт равдыста йæ поэ-тикон бынты. Уыдонæй сæ иууыл зæрдæмæхъаргæ дæр сты: «Æвзаджы цæрæнбон», «Ирон мады фæсмон», «Фыццаг – мæ мадæлон æвзаг», «Ме ‘взаг – мæ кады цырт» æмæ æндæртæ. Поэты сфæлдыстады сæйраг темæ у райгуы-рæн къуыммæ уарзондзинад. Бирæ сты Владимиры лæггæдтæ Ирыстонæн. Асæй – бæрзонд, бакастæй – рæсугъд, зæрдæйы уагæй – ныфсхаст, царды хæрзиуджытæй – хайджын, Икъайы фырты  фидар удыхъæд 90-æм азты не сфæрæзта Райгуырæн бæстæйы зындзинад. Мастæн ничи фæразы, цасфæнды ма быхса, уæддæр. Нæ бабыхста Икъаты Владимиры рыст зæрдæ дæр.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм поэты цалдæр æмдзæвгæйы ирон æвзаджы тыххæй йæ катайдзинад: «Мæ уарзон ирон адæм, абон ацы уæззау рæстæджы нæ адæмæн иууыл æнусондæр хъæздыгдзинад у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын. Уыдзæн æвзаг – уæвынад æмæ уæлахиз кæндзæн наци. Нæй æвзаг – нæй наци! Цæй æмæ радтæм æххæст бартæ не ‘взагæн, æмæ уадз, суæд Ирыстоны паддзахадон æвзаг!».

—————————–

 

ИКЪАТЫ Владимир

 

ФЫЦЦАГ – МÆ МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Ис дунетыл алгъуызон æвзæгтæ, –

Номдзыд ‘мæ æрдхæрæны хъæздыг.

Зæрдæйæн – æхцон сæ дзырд, сæ зæлтæ,

Æз лæууын сæ кады раз уырдыг!..

 

Фæлæ мын мæ зæрдæйæн æхцондæр

Басгуыхти мæ мадæлон æвзаг.

Æз куы хъусон абон æмæ сом дæр

Уый адджын дзырд, уый нæртон зæлланг.

 

Уæд уыдзынæн амондджын æнусты,

Дзыллæты раз алхатт дæр – нымад.

Никæмæ нæ кæндзынæн тæхуды, –

Хъуысдзæнис мæ ингæнæй дæр зард!..

 

ХÆХТЫ САГЪÆС…

Мæн куы бафæрсы исчи: «Кæцон дæ?» –

Уæд фæтыхсын: дзуаппæн цы зæгъон? –

Æз мæ равзæрдæй хохаг ирон дæн,

Фæлæ хæхтæ ныууагътон – цы кæнон!

 

Иунæг лидзæг сæ, нæ, æз нæ уыдтæн:

Уæд ивылдыстæм хæхтæй æмхуызон…

Ахуыр, цардвæдыл горæтмæ ‘рцыдтæн, –

Нал банызтон нæ хохаг рæсуг дон.

 

Афтæмæй та мæ зæрдæ ис хæхты,

Уым мын алцы дæр, мадау, зынаргъ у.

Мæн мæ адджын фын уырдæм фæхæссы,

Хæхты сагъæс мæ зæрдæйæн уаргъ у.

 

Ныр мæ раттæг хъæу баззадис сидзæр,

Бацис иууылдæр ‘гасæй хæдзаруат, –

Нал дзы райхъуысы зарæг-фæндырзæл –

Атахт быдырмæ, горæтмæ атахт…

 

КÆД ДÆ ПОЭТ

Кæд дæ поэт, уæд хъуамæ уай цæттæ

Сæрбахъуыды рæстаг тохы мæлынмæ.

Дæ адæмæн нывонд кæнай дæ сæр, –

Фæдисон уай сæ цин æмæ сæ хъыгмæ.

 

Кæд дæ поэт, йæ уаз ном ын хæссыс,

Фæлитойтæн уæд макуы у æмдзæхтон, –

Рæстдзинад дзур, рæстдзинад фысс,

Нæй, макуы ‘мбæхс дæ зæрдæйæн

йæ хъæдгом!..

 

Кæд дæ поэт, – ды хъуамæ уай хъайтар,

Уынай дæ фидæн талынджы дæр дардмæ,

Зæрдæсудзгæ йæм Данкойау цæуай, –

Куыд уа дæ ном æрдхæрæйнаг мыггагмæ!..

 

МЕ ‘ВЗАГ – МÆ КАДЫ ЦЫРТ

Куы рамæлон  æз кады цырт нæ домын,

Мæ кады цырт мæ ирон æвзаг хонын!…

Кæд ыл, Къостайау, базарын нæ зонын,

Уæддæр йæ кадæн дидинджытæ тонын!..

 

Мæ рыгъд стихы бавæрын мæ зæрдæ,

Мæ сагъæстæ дзы гомгæрцæй æрттивынц.

Скиф, алан кæм ныууагътой сæ фæдтæ,

Мæ бæллицтæ уым фарнагур фæзилынц!..

 

Мæ ирон æвзаг – ды сæ уд, сæ зæрдæ,

Сæ фаты цъуппыл абонмæ фæтахтæ…

Сæ цирхъы цъорттау ферттивынц дæ зæлтæ,

Мæ удау мын адджын æмæ зынаргъ дæ!

 

Ды мын куынæ уай – фехæлди мæ къона,

Ды мын куы цудай –  ахаудтæн мæхæдæг!..

Мæ фæдон дæ æнæбары куы зона,

Дæ разы уæд æз басгуыхтæн фыдгæнæг!..

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.