Интернационалон бригадæ «Пятнышка»-йы легендарон командир Мамиты Олегы (Мамайы) афæндараст кодтой йæ фæстаг фæндагыл. Дзæуджыхъæуы Кады аллейæйы уагъд чи æрцыд, уыцы хæрзбоны церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы разамынад, йæ сæргъ Битарты Вячеслав, Донецкы Адæмон Республикæйы делегаци, Мамиты Олегы хæлæрттæ æмæ æмбæлттæ. Траурон митинджы ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта Мамиты Олегы стыр адæймагон миниуджытæ, кæцыты руаджы уый йæхи бауарзын кодта, чи йæ зыдта, æппæт уыдонæн.

«Абон ам Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты, Донбассы минæвæрттæ иумæ хъынцъым кæнæм Олегы фæзианы тыххæй. Йæ аккаг цард, рæстдзинады сæрыл йæ цард радтынмæ цæттæдзинад уымæн скодтой стыр кад æмæ кад скодта Ирыстонæн дæр. Мамиты Олегмæ уыдысты ирон хæстоны хуыздæр миниуджытæ æмæ сæ равдыста Донбассы  Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли бузныг загъта, Мамайы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ чи æрцыд, æппæт уыдонæн.

«Мæн тынг фæнды бузныг зæгъон мæхи æмæ Мамиты Олегы бинонты номæй,  Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæгæн, кæцы стыр кад скодта Олегæн, кæцыйы  хуыдта йе ‘фсымæр. Мæн фæнды бузныг зæгъон Ахра  Авидзбайæн, Донецкы Адæмон Республикæйы Хъайтарæн, Бархионты цæдисы сæрдар Александр Бородайæн, æппæт уыцы лæппутæн, кæцытæ æрцыдысты Донецкæй Олегы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ».

Президент ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, Мамиты Олег йæ райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ тох кодта неофашизмимæ, кæцыйæн алы ран дæр ис иугъуызон уидæгтæ.

«Ис ахæмтæ, кæцытæ сæхимæ фарст радтынц, цæмæ ацыд Олег  Донбассмæ тох кæнынмæ, цæуылнæ баззадис Ирыстоны цæргæйæ.  Æз дзуапп дæттын, Хуссар Ирыстоны уæззау уавæр куы уыдис, махмæ уырыссаг лæппутæ куы цыдысты, уæд цин кодтам, мах иунæг кæй не стæм, кæй ис ахæмтæ, кæцытæ нæ рыстмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц, цин кодтам, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты фарсмæ чи слæууыдысты, уыдонæй алкæуыл дæр. Олег тох кодта ахæмты ныхмæ, кæцытæ 26 азы размæ 20-æм майы куынæг кодтой Зары фæндагыл æнæаххос адæмы, тох кодта, Ереды хъæуы удæгасæй адæймæгты чи баныгæдта, уыдоны ныхмæ, 2008 азы Ирыстоны хуссарæй сыгъдæг быдыр саразынмæ чи хъавыд, уыдоны ныхмæ.  Æз нымайын афтæ, æмæ Олег раст бакодта,  неофашизмæн 1000 километры дæрддзæг нæу. Фæлæ уыдон ныхкъуырд райстой Ирыстоны, Абхазы, æмæ абон та ныхкъуырд исынц Донбассы. Фашизм нæ фæуæлахиз уыдзæн, цалынмæ ис ахæм адæймæгтæ, куыд Мамиты Олег, куыд Гиви, куыд Моторолла», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Мамиты Олег фæмард йæ хæстон посты Донецкы Адæмон Республикæйы 17 майы. Дзæуджыхъæуы траурон мадзæлтты хайад райстой сæдæгай адæймæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.