Ныртæккæ кæд цард размæ бирæ цæмæйдæрты рацыд, уæддæр, хъыгагæн, дунейы бирæ ис ахæм иунæг адæймæгтæ, кæцытæ, æнæ хицауад æмæ хæрзаудæн архайд чи кæны, æнæ уыдоны æххуысæй нæ фæразынц цæрын. Уымæн бирæ аххосæгтæ вæййы, абон уыдоныл нæ дзурдзыстæм. Фæлæ, цахæмфæнды уавæртæм нæ кæсгæйæ, адæм хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ лæууой, кæрæдзийæн æххуыс кæной.

Алайнаг епархийы аргъуан раздæр æрвылсабат арæзтой æнæаргъ аходæнтæ иунæг, тыхст адæмæн. Фæлæ ивгъуыд аз хæцгæ низ коронавирус куы апарахат, уæд ацы куыст дæр æрурæдтой. Фæлæ уæддæр аргъуаны кусджытæ æмæ сæм цы æвзонг волонтертæ кусы, уыдон-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кодтой иунæг, ацæргæ адæмы. Раздæры Туристон базæйы, куыд зонæм, афтæмæй нырма дæр цæры, хæсты рæстæджы сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, ахæм адæм. Уыдонæй сæ иу – Къусраты  Илья, 1942 азы гуырд, Цхинвалы районы Къоркъулайы хъæумæ хæстæг иу чысыл хъæу Беридзуарæй ралыгъд 1992 азы. Нæлгоймагæн бинонтæ никуы уыд, цард йæ хо æмæ æфсымæримæ. Уыдон куы амардысты, уæд ын туристон базæйы цы чысыл къуым уыд, уым цæргæйæ баззад. Илья иунæгæй кæй баззад, уый йын йе ‘нæниздзинад тынг фæцудын кодта. Ильяйæн, сæйраджыдæр, лæггад кодтой Турбазæйы йæ сыхæгтæ: чи – хæлцадæй, чи – хæдзарон мигæнæнæй, чи та – æхцайæ. Кургæ никуы ницы кодта, йæ сæрыстырдзинад ын уый бар нæ лæвæрдта, фæлæ-иу ын Социалон кусджытæ æмæ Алайнаг епархийы аргъуан хæлцадон про-дукттæ æрбахастой. Иу рæстæджы та Ильяйæн аргъуаны  сылгоймæгтæ хæлцадон продукттæ куы бахастой, уæд æй баййæфтой æвзæр уавæры. Кардзыд лæг хуыссыд сынтæгыл, хъæрзгæйæ, йæ цуры скъаппы сæр – 500 сомы, уыдонмæ сын амыдта æмæ дзырдта, дыууæ боны доны хъæстæ кæй нæу. Хъæрзыдта йæ риуæй дæр, судзы, дам мын артау. Сылгоймæгтæ архайдтой, цæмæй йæ йæ къахыл слæууын кæной, фæлæ уымæн йæ бон нæ уыд. Фæдзырдтой тагъдæххуысы дохтыртæм. Уыдон ын, цы æмбæлд, уый сарæзтой, фæлæ нæлгоймагыл бæрæг уыд, фырæххормагæй кæй бастад, хæрдæй йæм фæкæсын кæй хъуыд. Аргъуаны кусджытæ цалдæр боны фæд-фæдыл фæцыдысты Ильямæ, фæлæ йын уыцы уавæрты ныууадзæн кæй нал ис, уый бамбæрстой. Бахатыдысты, нæ республикæйы цы медикон-социалон центр «Аудындзинад» ис, уырдæм. Уыдон бацамыдтой, цахæм фæткмæ гæсгæ исынц сæхимæ цæрынмæ, иунæг æвæгæсæгты. Бахатыдысты ацы фадыджы депутат Мулдарты Гарримæ дæр. Куыддæр ацæргæ нæлгоймаджы бакодтой медико-социалон центрмæ, афтæ нæм æркастысты, сарæзтой йын анализтæ, рентген, йæ уæлæ цы бирæфæлыст чъизи дарæс уыд, уыдон ын аппæрстой, ногæхсад дарæс ыл скодтой. Медико-социалон центры директор Теблойты Чермены ныхæстæм гæсгæ йын рахицæн кодтой хицæн хатæн. Афоныл – хæрд, хорз уавæртæ, алы бон хинайын, хостæ æмæ «Аудындзинад»-ы персоналы аудгæ ахаст сæхион бакодтой. Цалдæр мæйы размæ дæр ингæны къахыл цы нæлгоймаг лæууыд, уый ныр царды дзæбæхæй цæры, йæхи хуызæн хъысмæтæй æфхæрд адæймæгты ‘хсæн. Уазал æмæ стонгæй нæлгоймаджы чи фервæзын кодта, уыдонæй бузныг у, йæ зæрдæмæ тынг цæуы медико-социалон центры. Фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй: «Мысы, бирæ азты уæззау уавæрты цы чысыл къуымы фæцард, уый».

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.