Знон æппæт уырыссаг дуне банысан кодта æнæмæлгæ Пушкины райгуырæн бон
ПУШКИНЫ ЦЫРТЫ РАЗ
Мӕскуыйы уыд
цъыччытӕгӕнгӕ уазал.
Дӕ cay пӕлӕзыл
уарыд мит
сындӕг…
Кӕддӕр, хъӕрзгӕ куы ахаудтай дӕ фазыл,
Уӕд дӕр дын мит уыд пакъуыдзагъд сынтӕг.
Цы мӕт дӕ ис?
Цӕмӕн дӕ, бард, ӕрхӕндӕг?
Дӕуӕн ма ныр
Кӕй бон цӕуы дӕ тыхыл?
Дӕ къӕбӕлдзыг сӕрыхъуынты пырхӕндӕг
Цӕмӕн ӕмбӕхсы
арф уырынгтӕ
ныхыл?..
Тызмӕг у бон.
Мит хауы ӕмӕ хауы.
Ӕртыхсти уазал
зӕрдӕтӕ ‘мӕ хурыл.
Дӕ бынты дзыллӕ алырдӕм фӕйлауы, –
Тындзы,
тыхсы,
йӕ дзуринӕгтӕ дзуры.
Нӕ хъысмӕты къӕскъӕсгӕнаг цалх тулӕм…
Поэтты риуты
бацард кӕд
ӕнцой туг…
Рӕстдзырд бардуаг!
Ды кӕсыс сӕркъулӕй,
Кӕны хӕстулӕфт
Бронзы дӕр
Дӕ сонт уд!
ХОДЫ Камал
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.