Президент Гаглойты Алан хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзалы. Мадзалы райдианы уагъд æрцыд Паддзахадон æдасдзинады комитеты историон музей байгом кæныны цытджын церемони.

Паддзахады сæргълæууæг йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, æдасдзинад у Республикæ Хуссар Ирыстоны стабилон рæзты æмæ йæ адæмы фæрныгады фактор.

«Паддзахадон æдасдзинады органы кусджытæ кадимæ службæ кæнынц Райгуырæн зæххæн, æддагон тасдзинæдтæ иуварс кæнгæйæ, экстремистон архайды ныхмæ лæугæйæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты хъахъхъæнынад ифтонг кæнгæйæ.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты рæнхъыты службæ кæнынц æцæг патриоттæ, стыр кад æмæ бæрндзинады адæймæгтæ, кæцытæн сæ бон у цыфæнды сидтытæн дæр сдзуапп кæнын æмæ нæ национ интерестæ хъахъхъæнын. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр эффективонæй кæй фæлæудзыстут сæвзæргæ тæссагдзинæдты ныхмæ, фидарæй кæй хъахъхъæндзыстут нæ конституцион бартæ æмæ не ‘мбæстæгты закъонон интерестæ», – загъта Гаглойты Алан.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ Президент загъта паддзахадон æдасдзинады органты ветерантæн, банысан кодта, зæгъгæ, уыдон сарæзтой традицитæ ног фæлтæрæн, æнæсаргъгæнгæ хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны æндидзынад æмæ рæзтмæ.

«Уæ хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд ирон адæмы историон азфысты», – загъта уый æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ æмæ фæрныгад.

Паддзахадон æдасдзинады органты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан.

«Æз бузныджы æмæ кады æнкъарæнтимæ арфæ кæнын нæ ветерантæн, хуссарирыстойнаг чекистты хистæр фæлтæрæн, кæцытæ Хуссар Ирыстон хъахъхъæдтой æддагон æмæ мидæггагон тæссагдзинæдтæй, бындур æвæрдтат Фыдыбæстæйы интерестæ æнувыдæй хъахъхъæныны традицитæн, кæцытыл хъомыл кæнынц æдасдзинады органты кусджыты ног фæлтæр.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрмагонд сконд равдыста хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад, 1989-2008 азты гарзджын агрессоры ныхмæ тохмæ ахсджиаг хайбавæрд бахæсгæйæ. Кусджытæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй», – загъта ныхасгæнæг.

Олег Ширан банысан кодта, зæгъгæ, æдасдзинады органы кусджытæ алы хатт дæр хицæн кодтой бæрзонд профессионализм, патриотизм, уды хъæддыхдзинад, паддзахадон масштабæй хъуыды кæнынадæй. Уый бузныджы ныхæстæ загъта йæ коллегæтæн сæ хорз куысты тыххæй.

Президенты Барамындæй Паддзахадон службæйы комитеты хуыздæр кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ – «Фыдыбæстæ хъахъхъæныны тыххæй», «Хуссар Ирыстоны сабырдзинад хъахъхъæныны службæйы тыххæй» майдантæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.