Газеты тых, нысаниуæг æмæ ахадындзинад стыр у æмæ йын уымæ гæсгæ егъау аргъ кæнынц дзыллæтæ. Мæн цыбыртæй зæгъын фæнды, раздæр азты æмæ абоны бон дæр бынæттон мыхуырæн цæстуарзон лæггад чи фæкодта æмæ кæны, уыдоны тыххæй. Газеткæсæг æппæты тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсы, уый у постхæссæг, уый сын фæкæны æрвылбон дæр йæ лæггады хай. Цхинвалы районы Къостайыхъæуы постхæссæгæй дзæвгар азты фæкуыста, йæ куыст бирæ чи уарзта æмæ йæ намысджынæй чи æххæст кодта, ахæм адæймаг- Бигъуылаты Бало. Уымæн уæлдай нæ уыд, цахæмфæнды боныгъæды дæр йæ куыст æххæст кодта æнæзивæгæй æмæ цæрджытæм сæ посты æрвитæггæгтæ кæддæриддæр хæццæ кодта рæстæгыл. Фæстæдæр та ацы хъæуы постхæсджытæй куыстой уыцы иурæстæджы Бигъуылаты Оля æмæ Тегкаты Ирæ. Абоны бон та сын сæ хæрзиуæгон куыст дарддæр цæсгомджынæй æххæст кæны Бæззаты Нателæ.

Уæлдæр ма йæ загътон, газетæн бирæ лæггадгæнджытæ кæй ис æмæ уыимæ иумæ газет та йæхи рады кæй лæггад кæны æмбæстæгтæн сæхицæн дæр. Уый æз бафидар кæндзынæн мæхи цæвиттонæй. Цæвиттон, уæд ма скъоладзау уыдтæн æмæ мæ бафæндыд нæ хъæуы постхæссæг Бигъуылайы фырты кой газеты ракæнын. Цалдæр боны фæстæ уац газеты мыхуыр куы æрцыд, уæд ма мæ цинæн кæрон кæм уыд! Бон æй цалдæр хатты кастæн æмæ мыл уыцы уац цыма базыртæ басагъта, афтæ мæхи æнкъардтон. Уæдæй фæстæмæ сдæн газеты хъæууон уацхæссæг. Фæстæдæр базонгæ дæн йæ кусджы-тæ Хъуылымбегты Маня, Харебаты Леонид, Нартыхты Григол, Тасойты Баграт, Бибылты Георги æмæ иннæтимæ. Уæд газет «Советон Ирыстон»-ы редакци уыд Хетæгкаты Къостайы уынджы иу бæстыхайы дыккаг уæладзыджы. Редакцимæ бацæугæйæ мыл йæ кусджытæ алы хатт дæр æмбæлдысты зæрдиагæй, цыма сæм цыты уазæг фæзынд, афтæ-иу мыл бацин кодтой, уыимæ мын амыдтой сæ куысты фæлтæрддзинад, фылдæр цахæм темæтыл хъæуы фыссын, æппæт уыдæттæ.

Сфæлдыстадон куыстыл лæуд сты газет «Хурзæрин»-ы ныры кусджытæ дæр æмæ сæ раздæры коллегæты хорз традицитæ дарддæр æххæст кæнынц иузæрдионæй. Йæ кусджыты фæрцы ам бирæ цымыдисон æмæ ахсджиаг æрмæджытæ вæййы мыхуыргонд æмæ сæ газеткæсджытæ фæкæсынц зæрдиагæй. Нæ сын зæгъын сæ нæмттæ, уымæн æмæ газет йæ къухмæ чи райсы, уыцы кæсæг сæ тынг хорз зоны æмæ сын йæхи рады арфæтæ дæр фæкæны. Фæлæ уыимæ иумæ бафиппайын хъæуы, нæ мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг газеты тираж алы аз дæр кæй къаддæр кæны, уый. Уымæн йæ аххосæгтæ сты цалдæр: хъæууон цæрджыты нымæц кæй къаддæр кæны, иутæ та сæ мадæлон æвзагмæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, стæй фаг æмбарынгæнæн куыст кæй нæ цæуы уæлдæрлæууæг органты æрдыгæй периодикон мыхуыр рафыссыны тыххæй. Уæддæр «Хурзæрин»-ы коллектив архайы кæсджыты нымæц фылдæр кæныныл æмæ дызæрдыггаг нæу, уыцы згъуыд æввахс рæстæджы иуварс кæй æрцæудзæн.

Æнæуый та мæ мæ коллегæтæн фæнды фидар æнæниздзинад æмæ куыстхъомдзинад, сфæлдыстадон æнтыстытæ, алы ирон адæймаг дæр цæмæй иса æмæ кæса нæ уарзон газет. Цæмæй «Хурзæрин» хуры зæрин тынтау тава Ирыстоны алы æмбæстаджы дæр!

                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.