(Гӕджиты Радионы райгуырдыл сӕххӕст 65 азы)

Цард цӕуы, фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, фӕлӕ адӕймаг йӕ хорз  хъуыддӕгтӕй йӕ адӕмӕй алкӕйы зӕрдӕйы дӕр  йӕхицӕн кады мӕсыг куы самайы,  йӕ царды фӕндаг алкӕмӕндӕр  фӕзминаг куы вӕййы, уӕд уый у стыр амонды хицау.

Ахӕм адӕймӕгтӕм хауы нӕ абоны юбиляр Гӕджиты Амбросы фырт Радик дӕр. Йӕ риуы бӕлвырд тӕлфы Райгуырӕн бӕстӕйы патриоты ӕмӕ йӕ адӕмы иузӕрдион хъӕбулы зӕрдӕ.

Адӕм адӕм вӕййынц ахӕм  лӕгтӕй. Рӕсугъд ӕмӕ хъӕзныг  удыхъӕд, ирон лӕджы миниуджытӕй – хайджын, уӕздан ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕймаг, буц ӕмӕ сӕрыстыр  кӕмӕй сты йе  ‘мбӕлттӕ, йӕ хӕлӕрттӕ.

Гӕджиты Амбросы фырт Радик райгуырд 1956 азы 4-ӕм сентябры Знауыры районы Бухауригомы. 1974 азы каст фӕцис горӕты 9-ӕм  астӕуккаг скъола ӕмӕ йӕм уыцы аз ӕрсидтысты ССРЦ гарзджын тыхты рӕнхъытӕм йе ‘мбӕстагон  хӕс бафидынмӕ. Службӕ кодта г. Курскы Атомон Электростанцы  инженерон ӕфсады рӕнхъыты.

1977 азы ахуырмӕ бацыд  Цӕгаткавказы арӕзтадон ахуыргӕнӕндонмӕ. 1980-1991 азы куыста нӕ горӕты 78-ӕм  профтехахуыргӕндоны кондады ахуыры мастерӕй.

Адӕмон ахуырады йе ‘нтыстыты тыххӕй ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон царды йӕ активон хайадисты тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд (1987 азы) «Отличник просвещения СССР»-ы кадджын ном. Уый ма уыцы азты уыд Гуырдзыстоны ССР ахуыргӕнджыты IV-V съездты делегат дӕр.

Гӕджиты Радикӕн йӕ фӕллойадон фӕндаг у алыгъуызон – цӕсгомджын ӕмӕ хъазуатонӕй фӕкуыста бирӕ бӕрнон бынӕтты: Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕйраг таможнӕйон фӕткдӕттынады Хистӕр, хъӕууон-хӕдзарадон продукци ногӕй бакусыны Республикон фӕткдӕттынады (управленийы) Хистӕр, хъӕууон хӕдзарады Министры хӕдивӕг; РХИ Парламенты II ӕмӕ III ӕрсидты депутат, уыйӕмрӕстӕджы – закъондзинад,  адӕймаджы бартӕ ӕмӕ бынӕттон хицауады фӕдыл комитеты Сӕрдар, фӕндӕгты фонды Сӕрдар.

1998 азы ахуырмӕ бацыд Тыбылты Ал. номыл Хуссар Ирыстоны  паддзахадон университеты юридикон факультетмӕ ӕмӕ йӕ каст куыддӕр фӕцис, афтӕ уыцы аз, 2004 азӕй 2009 азмӕ куыста РХИ  хъахъхъӕнынады министрады цур уӕвӕг гӕрзифтонгкӕныны фӕдыл 6-ӕм  батальоны къамандиры хӕдивӕгӕй,  куыста ма РХИ Президенты цур уӕвӕг  ӕмбӕстӕгты куырдиӕтты фӕдыл ӕхсӕнадон исӕн  фӕткдӕттынады Хистӕры хӕдивӕгӕй, 2019 азӕй  абонмӕ та у  уыцы  фӕткдӕттынады Хистӕр.

Йӕ Цӕсгомджын куыстӕн саккаг чынди алы ӕмӕ алы паддзахадон хорзӕхтӕ, фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕмӕ иууыл ӕввахсдӕр лӕууы майдан «Защитник Отечества», уымӕн ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ  комкоммӕ хӕс у йӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕрбахъуыды рӕстӕджы бахъахъхъӕнын, уавӕрмӕ гӕсгӕ, йӕ цард дӕр рауӕлдай кӕнын.

Ирыстоны хӕстон уавӕр йӕ царды ахсы стыр бынат, адӕймаджы цыбыр  царды азтӕм абаргӕйӕ, 19 азы нӕмыджы бын уӕвын у ӕгӕр дӕргъвӕтин, фӕлӕ Радик Ирыстоны сӕрвӕлтау рӕстагон тохы фӕстӕ никуы фӕлӕууыд, ӕрвылуысм дӕр цӕттӕ уыд йӕ цард раттынмӕ. Уымӕн та ӕвдисӕн сты йӕ хӕстон ӕмбӕлттӕ ӕмӕ йе  ‘мкусджыты ӕргомзӕрдӕ ныхӕстӕ:

Мӕнӕ цы дзуры йӕ хӕстон ӕмбал, Орден «Уацамонгӕ»-ы хицау Цоциты Зарӕ:

«– Нӕ хӕс у нӕ адӕмы  истори ма рох кӕнӕм ӕмӕ нӕ  патриотты та не ‘хсӕнады аккаг бынаты ӕвӕрӕм.

Афтӕ рохгӕнӕн нӕй ирон-гуырдзиаг хӕсты цаутӕн дӕр. Сӕрбахъуыды рӕстӕджы фидар фӕлӕууыдыстӕм, чысылӕй-стырӕй, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, уӕлдайдӕр  та нӕ  лӕппутӕ – ополченецтӕ. Уыдонӕй сӕ иу у Гӕджиты Радик. 1989 азы райдианты нӕ горӕты гуырдзиаг скъолаты  гуырдзиаг экстремисттӕ нӕ ныхмӕ митингтӕ куы уагътой, уӕд-иу Радик архайдта сӕ  бакъуылымпы кӕныныл, тынг сӕм  мӕсты кодта. Нӕ Дзуары астӕу нын гуырдзиӕгтӕ дур куы ӕвӕрдтой (9 апрелы  тыххӕй), уӕд сӕ ныхмӕ чи  ралӕууыд, уыцы активисттӕй иу уыд Радик. Нӕ бауагътам дур ӕвӕрын, фӕлӕ уый фӕстӕ  нӕ фӕдыл зылдысты, тӕрхондонон  хъуыддӕгтӕ ныл хъуамӕ бакодтаиккой Будушаурийы хуызӕттӕ ӕмӕ се ‘вварс хӕцӕг «Ирӕттӕй» чидӕртӕ дӕр. Фӕлӕ нӕ басастыстӕм, ноджы тынгдӕр цыд сӕ ныхмӕ не ‘мтохгӕнӕг ӕмбал Гӕджийы фырт.

Гӕджиты Радик иууыл хъӕбатырдӕрӕй та равдыста йӕхи 1989 азы 23 ноябры. Йӕ къухы ӕхсӕнгарзы бӕсты ӕфсӕйнагӕй лӕдзӕг ӕмӕ нӕ хъӕбатыр лӕппуты фарсмӕ балӕууыд гуырдзиаг фашистты ныхмӕ. Иу гуырдзиаджы дзы ахъаззаг цӕф дӕр фӕци Радикы ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй, ӕвзӕр дзыхӕй кӕй дзырдта, уый  тыххӕй.

1991 азы 6 январы райсомӕй гуырдзиӕгтӕ горӕт куы  бацахстой, уӕд, куыд Ирыстоны хъахъхъӕнӕг, афтӕ Радик дӕр лӕууыд «Дыргуисы». Тамаресы куы систой, уӕд фӕцӕф, йе ‘взонг туг ныккалд… 2004 азы куыста гарзджын тых-ты ӕмӕ уӕды тохты дӕр равдыста йӕхи хъӕбатырӕй».

Гассеты Ибрагим, РХИ Хъахъхъӕнынады Министр: «– Гӕджиты Радикимӕ зонгӕ дӕн 20 азӕй фылдӕр. Мӕнӕн Радик Амбросы фырт, нӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ, алыхатт дӕр уыдысты цӕвиттойнаг ӕмӕ мӕ архайды, мӕ куысты кӕддӕриддӕр къухдариуӕг кодтон уыдоны сӕрмагонд хъӕбатырдзинад, патриотизм ӕмӕ  кӕдфӕндыдӕр Райгуырӕн бӕстӕ  бахъахъхъӕнынмӕ  цӕттӕдзинадӕй.

Мӕнӕн зындгонд у, ирон адӕмы националон-сӕрибаргӕнӕн тохты райдианы Радик Амбросы фырт уыдис фыццаг хъахъхъӕнджыты рӕнхъыты,  йӕ зӕрдӕ йӕм куыд сдзырдта, уымӕ гӕсгӕ райста йӕ къухмӕ  ӕхсӕнгарз ӕмӕ йӕ хӕстон ӕмбӕлттимӕ хъӕбатырӕй лӕууыд знаджы  ӕрбабырстыты ныхмӕ. Уый алыхатт дӕр хицӕн кодта йӕ активон царды позицийӕ, Райгуырӕн бӕстӕйы хӕрзиуӕгӕн цыфӕнды хӕстӕ дӕр цӕсгомджынӕй сӕх-хӕст кӕнынмӕ  цӕттӕдзинад, цыфӕнды бынаты ма куыстаид, уӕд дӕр.

Радик Амбросы фырт ӕмӕ йӕ хӕстон ӕмбӕлтты руаджы абон мах цӕрӕм сӕрибар ӕмӕ хӕдбар паддзахады. Сӕрибаргӕнӕн хӕсты рӕстӕджы  цы фидардзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинад  равдыста, уый тыххӕй Гӕджиты Амбросы фырт Радик хорзӕхджын ӕрцыд ведомствӕйон хорзӕхтӕй.

Радик Амбросы фырты, нӕ хистӕр ӕмбӕлтты патриотизмы цӕвиттоныл мах уадзӕм идейон-хъомыладон куыст ӕвзонг ӕфсӕддонты ӕхсӕн. Радик Амбросы фырт нӕм арӕх вӕййы уазӕгуаты ӕмӕ нымад у нӕ цытджын уазӕгыл».

« – Адӕймаг а зӕххыл цӕры иу хатт, – дзуры Харебаты Леонид, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советы  фыццаг ӕрсидты депутат, кӕцы  сарӕзта «Царды фӕндаг», – ӕмӕ уыцы рӕстӕджы цыбыр скъуыддзаг рацӕрын хъӕуы афтӕ, цӕмӕй нӕ  фӕстагӕттӕ мах тыххӕй  къӕмдзӕстыг ма кӕной. Ис ахӕм  адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрдзӕй рахӕсгӕ миниуӕгмӕ гӕсгӕ, сӕ цард снывонд кӕнынц Райгуырӕн бӕстӕн лӕггадӕн,  ӕмӕ вӕййынц гуырцӕй патриоттӕ.  Уыдонӕй сӕ иу у Гӕджиты Амбросы фырт Радик.

Радик йӕ райгуырӕн бӕстӕйы патриоты фыццаг рӕнхъыты уӕвгӕйӕ, ныккалдта йӕ туг, Хуыцауы фӕрцы баззад удӕгасӕй ӕмӕ абон, 65-аздзыдӕй дӕр йӕ хайбавӕрд хӕссы йӕ адӕмӕн лӕггады хъуыддагмӕ.

Радикимӕ базонгӕ дӕн 1989 азы, гуырдзыйы фашисттимӕ ныхмӕлӕуды рӕстӕджы, уымӕй дарддӕр, Зарыл фӕрсдзӕуӕн фӕндаджы капиталон вариант аразын куы райдыдтон, уӕд мӕм иууыл фыццаг ӕххуысмӕ фӕзынд Гӕджиты Радик. Уыцы рӕстӕджы уый куыста таможнӕйы ӕмӕ нын-иу стӕмхатт, уавӕрмӕ гӕсгӕ,  финансон ӕххуыс дӕр бакодта.

Йӕ хӕлӕртты иууылдӕр фӕнды уымӕн фидар ӕнӕниздзинад, амонд, уӕнгрогдзинад ӕмӕ дӕргъвӕтин цӕрӕнбон ӕппӕт йе ‘ввахс хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджыты фӕндиаг».

Уый ма у йӕ Райгуырӕн бӕстӕйы патриот, ӕдас, ныфсджын хӕстон, йӕ адӕмыл ӕнувыд.

Кад ӕмӕ дын цыт, Радик, Ирыстоны аккаг фырт!»

Хуыгаты Вадим, йӕ хӕстон ӕмбал,  хъахъхъӕнӕг лӕппуты къорд «Дыргуис»-ы къамандир: « – Гӕджиты Радик у ӕцӕг ирон лӕппу ӕмӕ, Ирыстоны сӕр куы бахъуыд, уӕд та уыд ӕцӕг хӕцӕг лӕппу. Хӕсты рӕстӕджы ӕз  уыдтӕн нӕ къорд «Дыргуис»-ы хистӕр ӕмӕ Радик ӕдзухдӕр уыдис мӕ фарсмӕ – ныфсджын ӕмӕ ӕнӕзивӕг хъахъ-хъӕнӕгӕй. Ӕппӕты  фыццаг автомат радтон уымӕн, тынг кадавар уыдысты ӕмӕ сӕ лӕвӕрдтам, ӕцӕг аккаг  лӕппутӕн.

Радик кӕддӕриддӕр уыдис лӕппуты разӕй, кӕдӕм-фӕнды йӕ ма  ӕрвыстаис, никуы базивӕг кодта. Ӕхстыты бын дӕр  тас цы у, уый нӕ зыдта, йӕхи ӕппӕрста размӕ. Афтӕмӕй цӕф дӕр фӕцис тохы быдыры.

Тамаресы куы систам, уӕд, хъыгагӕн, ӕнӕзиан нӕ баззадыстӕм. Мӕлӕтдзаг цӕф фӕцис Галуанты Таймураз (рухсаг уӕд!) ӕмӕ йӕ  нӕмыджы бынӕй йе ‘ккой рахаста Радик, фӕлӕ йын ницыуал баххуыс стӕм…

Ӕз ӕй уӕддӕр ӕмӕ ныр дӕр ӕнкъарын мӕ фарсмӕ – Райгуырӕн бӕстӕ  хъахъхъӕнӕг лӕппуйӕ».

Тедеты Сослан, РХИ Нацбангы ӕдасдзинады хайады Хистӕр: –  «Ӕз Гӕджиты Радикы лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ зыдтон, фӕлӕ 1974 азы нӕ цӕрӕн хӕдзармӕ куы ‘рбалыгъдыстӕм,  уӕд 5-ӕм уӕладзыджы цард иу  ӕвзонг чызг ӕмӕ ӕвиппайды сыхӕгтыл айхъуыст: «Мачи йӕ мацы фӕхъыг кӕнӕд, йӕ уарзон  ӕфсады службӕ кӕны ӕмӕ йын ам ис бирӕ хӕлар лӕппутӕ,  уыдон исты куы базоной, уӕд се ‘фсӕддон ӕмбалы сӕрыл  рахӕцдзысты нӕ, фӕлӕ хӕхты дӕр рафӕлдахдзысты». Уӕд фыццаг хатт фехъуыстон Гӕджиты Радикы ном. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, зӕгъын,  чи у ахӕм хорз лӕппу ӕмӕ  йын уыйбӕрц хӕлӕрттӕ-сӕрылхӕцджытӕ ис ӕмӕ йын йӕ уарзон чызджы хъахъхъӕнынц.

Фӕстӕдӕр нӕ горӕты бакодтой Аивӕдты лицей. Ӕз та дзы ахуыргӕнӕгӕй куыстон.  Уӕд Радик куыста таможнӕйы. Уӕды уавӕртӕ  хынцгӕйӕ, Радик 1 январмӕ Лицейы ахуырдзаутӕй алкӕмӕн дӕр ӕрхаста лӕвар. Диссаг мӕм фӕкаст, фӕлӕ дзы мӕхимидӕг фӕбузныг дӕн.

1999-2004 азты иумӕ уыдыстӕм Парламенты депутаттӕ, иу комитеты бакуыстам цӕсгомджынӕй.

Иу цыбырдзырдӕй, Гӕджиты Радик у ахӕм адӕймаг, кӕцыйыл ис ӕууӕнк, никуы дӕ фӕсайдзӕн, лӕудзӕн дӕ фарсмӕ  кӕдфӕндыдӕр ныфсы мӕсыгау.

Кӕмдӕриддӕр куыста, алыран дӕр ныууагъта рӕсугъд фӕд».

Тедеев Вадим – «Радион Амбросович Гагиев, будучи патриотом своей страны, внес большой вклад в становлении и развитие нашей молодой республики. Как ректор Югоосетинского государственного университета им. А. А. Тибилова я благодарен Радиону Амбросовичу за помощь в оснощении музея этнографии и краеведения ЮОГУ ценными экспонатами».

Тедеты Роберт – «Гӕджиты Радик нӕ Райгуырӕн бӕстӕ гуырдзиаг фашисттӕй хъахъхъӕнджытимӕ лӕууыд фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ. Дыууӕ хатты фӕцӕф. Активон хайад райстам ирон-мӕхъӕлон хӕсты. Фыццаг бон ныридӕгӕн мах фӕцӕуӕг стӕм Цӕгат Ирыстонмӕ. Хайад истам хъӕутӕ – Южный, Карца ӕмӕ Чермены ссӕрибар кӕныны тохы.

Мӕн уырны уый, ӕмӕ цыфӕнды зындзинады уавӕры дӕр дӕ  фарсмӕ Гӕджиты Радикы хуызӕн патриот лӕппутӕ куы уой, уӕд ӕппындӕр  мацӕуыл тыхс. Уый дӕ зын уавӕры  никуы ныууадздзӕн.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

                                                          НАНИТЫ Асиат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.