Бирæ рæстæг нал баззад æмæ та æрбалæудзæн ног, 2019-2020 ахуыры аз. Нæ республикæйы скъолатæй та райхъуысдзæн нæ рæзгæ фæлтæры хъæлдзæг хъæлæба. Фæлæ уал  цалынмæ уыдон сæ сæрдыгон улæфты рæстæг æрвитынц, уæдмæ та нæ хицауады къухдариуæгад архайы ууыл, цæмæй сын фыццæгæм сентябрмæ бацæттæ кæной се скъолаты, æркæной сæ æмбæлон уагмæ æмæ уой райдзаст. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр, иумиагахуырадон уагдæтты цалцæг кæныны тыххæй рахицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ. Ацы аз нæ республикæйы ног ахуыры азмæ бацæттæ кæныны куыстытæ райдыдтой раздæр. Ныридæгæн кæцыдæр скъолаты кæртыты сæ куысты уæлхъус фенæн вæййы кусджыты.

Дзауы районы скъолаты цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнын кæй райдыдтой, уый тыххæй нын радзырдта администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй капиталон цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой Къуаисайы сы-вæллæтты рæвдауæндоны. «Цæмæй тагъдыл ма кæнæм цалцæггæнæн куыстытæ, уый тыххæй нæ бафæндыд раздæрæй райдайын кусын. Ныртæккæ капиталон цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Къуайсайы 2008 азы хæсты фæстæ сывæллæттæн цы рæвдауæн-дон арæзт æрцыдис, уыцы бæстыхайы. Иу цыппар азы бæрц нæ баййæфта цалцæг æмæ ныр домы капиталонæй йæ саразæм, уый. Стæй йæ куы арæзтой, уæд аразджытæ æруагътой бирæ цухдзинæдтæ, куыд æмбæлы, афтæ арæзт не ‘рцыдис. Уыдис дзы бирæ лыстæг хъæндзинæдтæ. Скалдысты йæ плиткæ æмæ кафель. Кæмдæрты дзы хъæуы къултæ байсæрдын дæр, афтæ ма йæ уæлхæдзар дæр ранæй рæтты ногæй æрцæудзæнис ивд. Уымæн æмæ-иу дзы къæвдабонты тагъдис. Кæд-иу ацы проблемæйы фæдыл ныййарджытæ æмæ рæвдауæндоны кусджытæ хъаст кодтой, уæддæр-иу сæ домæн нæ сæххæст. Ныр дыууæ къуырийы бæрц уым цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ æмæ йæ хъуамæ фыццæгæм сентябрмæ фæуой арæзт, цæмæй сабитæ æрбацæуой сыгъдæг æмæ райдзаст рæвдауæндонмæ. Уымæй дарддæр ма хæрз-арæзт хъуамæ скæной сывæллæтты  рæвдауæндоны алварс.  Къуыдаргомы ма уый фæстæ цалцæггонд æрцæу-дзысты дыууæ скъолайы дæр», – загъта Дзауы администрацийы сæргълæууæг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола ивгъуыд аз æрцыдис капиталон цалцæг æмæ сæ ныр та бахъæудзæн æрмæстдæр пъолтæ сахурын. «Скъолайы директор мæм æрбахатыд, цæмæй йын рахицæн кæнæм фæрæзтæ пъолтæ сахурыны тыххæй. Ссардзыстæм ын фæрæзтæ, æмæ йын баххуыс кæндзыстæм. Скъола-интернат дæр ногарæзт у æмæ дзы цалцæг кæнинаг ницы ис. Ацы скъолайы базæйыл ныртæккæ баконд æрцыдис сæрдыгон улæфæн лагерь æмæ дзы кæд уый фæстæ исты бахъæуа цалцæг кæнын, уæд æй сцалцæг кæндзыстæм», – загъта Джиоты Андрей.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.