Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис фæсивæды V-æм сæрдыгон Спартакиадæйы финалы уæлахиздзау. Горæт Армавиры уагъдцæуæг ерысты хайадисджытæ уыдысты 125 спортсмены Уæрæсейы 35 регионæй. Алы уæзы категорийы дæр бæстæйы алкæцы Федералон зылдæй хайад иста сæ иууыл тыхджындæр спортсмен. Аланæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Фыццаг тохы уый фæуæлахиз Красноярскы крайы минæвар Ольга Кравчукыл 10:0 хыгъдæй. Æрдæгфиналы 1 минут æмæ 15 секундмæ рамбылдта Санкт-Петербургæй спортсменкæ Вероника Сараевайы. Финалы та Аланæмæ æнхъæлмæ каст Свердловскы областæй дзюдоисткæ Ольга Михеева. Раздæр ма уыдон фембæлдысты 2019 азы æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уæд тыхджындæр разынд Михеева. Уымæ гæсгæ Аланæйы фæндыд реванш райсын æмæ йын бантыст. Йæ ныхмæлæууæджы рамбылдта æнцонтæй æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Ирон спортсменкæйы тренер Гæбæраты Автандил куыд хъусын кæны, афтæмæй Спартакиадæйы фæстæ Аланæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды атахт Италимæ, цыран хайад райсдзæн Европæйы Кубокы. Уый фæстæ та 18-аздзыд спортсменкæ йæхи цæттæ кæндзæн æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионатмæ.

Æвзонг спортсменкæйы тренертæ сты Гæбæраты Автандил, Гæбæраты Витали æмæ Тъуриты Тенгиз.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.