Дыууæ къуырийы размæ нæ хæстæфхæрд горæт-хъайтар Цхинвалы  цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдон катайы баппæрстой хуссарирыстойнаг цæрджыты. Уыцы горæты цыран алы чысыл дур, алы кæрдæджы хал дæр у нæ хъæбатыр лæппуты тугæй ахуырст. Уыцы уынгты цыран нæ цæрынхъуаг, цардбæллон лæппутæ сæ царды фæстаг минутты сæ фыртыхстæй агуырдтой сæ ныййарæг мæдты æмæ мæлæты къæсæрыл лæугæйæ,  мæллæг хъæлæсæй хъæр кодтой: «О, Гыцци мæлын дын!». Адæймаг цыфæнды кары дæр ма уа, уæддæр йæ ныййарæг мадмæ фæхъæр кæны. Нæ сагсур лæппутæ сæ радтæг Ирыстоны, сæ ирон адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд, æгæрыстæмæй, нæ бавгъау кодтой иууыл зынаргъдæр сын цы уыд, уый – се ‘взонг цард. Æмæ ныр ацы трагикон цаутæй нæ зынгхуыст лæппуты нæмттæн кад нæ кæнæм. Бынтондæр никæмæн ис уый бар æмæ сын нæ митæй сæ нæмттæ чъизи кæнæм. Уыдон уый тыххæй не ‘рхастой се взонг цард нывондæн æмæ сын сæ тугæй æлхæд сæрибар Ирыстоны, се мтуг ирон æвзонг лæппуты удхайраджы мардæй марой. Ирон лæг ирон лæджы Ирыстоны зæххыл фыдмардæй мара. Ацы æнæзæрдæмæдзæугæ цаутæ æмæ митингтæ нын нæ зæрдыл æрлæууын кодтой 2011 азы цауты. Уæд Театралон фæзуаты цытæ цыд, уыдоныл ахъуыды кæнгæйæ, зæрдæ фыртасæй баризы… хъуыд æрмæстдæр иу чысыл провокацион архайд æмæ… Фæлæ нæ уæд стыр Хуыцау бахызта фыдбылыз æрцæуынæй, уымæн æмæ йæ æмбæрстой, цахæмфæнды къæлæтджын дæр кæй нæу  адæймаджы царды аргъ.

Фæлæ рацыд æрмæстдæр 9 азы æмæ  дæргъвæтин хæстон азты дæргъы бирæ цаутæн æвдисæн чи ссис, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд райдианæй фæстæмæ  ирон тырысайы раз зоныгуылтыл лæугæйæ ард бахæрыны фæстæ  знаджы ныхмæ тох кæнынмæ цы Театралон фæзуатæй цыдысты, уым та ногæй æмбырд кæнын райдыдтой цхинвайлæгтæ. Фæлæ, ныр та нæ горæттаг æвзонг лæппу Дзабиты Иналы трагикон амæлæты тых-хæй. Ау, сæ риуты зæрдæты бæстæ дойнаг дуртæ уыд æмæ се ‘мтуг, се ‘мкарæн лæппуйæн ахæм фыдмитæ фæкæной, æнахуыр хъизæмæрттæ йын бавзарын кæной æмæ йæ афтæмæй фыдмардæй амарой. Æниу дойнаг дур дæр фæркгай фæхаудиад ацы цардбæллон æвзонг лæппуйы тæригъæдæй. Ацы трагикон цауы не ‘мбæстæгтæй алчидæр йæ зæрдæмæ айста æввахс, алчидæр тынг фæмаст кодта Дзабиты лæппуйыл, ирон сылгоймæгтæй ахæм нæ разындзæн, ууыл йæ цæссыг чи не ‘ркалдта.  Ныр уымæн фыдмитæ куы кодтой, уыцы рæстæджы сæм куы æрбакастаиккой Ирыстоны хъайтартæ Джиоты Владик (Басмач), Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт, Джиджойты Джетæ æмæ бирæ æндæртæ, уæд сын тынг бауайдзæф кодтаиккой, зæгъгæ, уый цы митæ кæнут гормæттæ, мыййаг уæ къухмæ æгъатыр знаг куынæ бахаудта. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ ацы хабары тыххæй  Ирыстоны зынгхуыст хъайтартæ дыккаг мард ауыдзысты, уымæн æмæ уыдон се взонг цард уымæн радтой, цæмæй бирæхъизæмарджын Ирыстоны зæххыл  трагедитæ мауал цæуа, фæлæ дзы сæрибар æмæ амондджынæй цæрой йæ хæстæфхæрд адæм. Цымæ цахæм тæрхон рахæсиккой марджытæн Джиоты Алан (Парпат), Галуанты Олег, Козаты Лев æмæ æндæр хъæбатыртæ?Дзабиты Иналы ныййарæг мады зæрдæйы  уæззау рыст тынгдæр банкъардзысты, сæ хъæбулты чи фесæфтой, уыцы мæдтæ. Уыцы рыст тынг зын бауромæн у, дзыхы ныхæстæй йын зæгъæн дæр нæй. Адæймаг фæрынчын, Хуыцауæй рауæлдай кодта æмæ йе нусон бынатмæ ацыд, уымæн та цы у ацы трагедиимæ абаргæйæ. Ныр Иналы зæрдæрыст мад йæ фатеры дуары хъинцъмæ фесхъиуæгау кæны, афтæ йæм фæкæсы, цыма та мæнæ  йæ уарзон хъæбул йæ хæдзары къæсæрыл æрбалæууыд, йæ бынатæй фесты æмæ  рауайы йæ размæ, фæлæ та фыдæнхъæл фæвæййы… Ныр дыууæ къуырийæ фылдæр хъæбулы мæрдæй зæрдæрыст мад йæ цæссыгæй йæхи æхсы, æндæр ма цы йæ бон у, марды ничи ма раздæхта.

Ацы æврихъау трагедийы фæстиуæгæн нæхи цæсты баппæрстам. Не знæгтæ алырдæмты хъæр кæнынц, зæгъгæ, куыд гæнæн ис афтæ тагъддæр хъуамæ раздахæм оккупа-цигонд территориты, науæд, зæгъ, уым адæймаджы бартæ хæлд цæуынц. Гуырдзыйы хъæппæрисæй æрæджы ИНО-йы Генералон Асамаблея райста резолюци «Абхаз æмæ  Цхинвалы регионмæ (Хуссар Ирыстонмæ)» лигъдæтты æрбаздæхыны тыххæй. Æгæрыстæмæй, нæ ныр дæр нæ номæй нæ хонынц, Хуссар Ирыстон бакодтой къæлæтты. Гуырдзиаг адæм æдылыйæ кæуыл худынц, уыцы Шалва Нателашвили дæр та йæ сæрыл схæцыд æмæ  Хуссар Ирыстоны арæнмæ цалдæр сæдæ метры дæрддзæгæн куы уыд, уæд сарæзта хъусынгæнинаг, зæгъгæ, тагъд рæстæджы гуырдзиаг тырыса фæйлаудзæн Цхинвалы уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы сæрмæ. Афтæ ма бартхъирæн кодта: «Уæрæсе оккупацигонд территоритæй йе фсад куынæ ракæна, уæд æвзæрстыты фæстæ оппозици хицауадмæ куы æрцæуа, уæд бахатдзæн АИШ-мæ, цæмæй ам равæра йæ базæтæ ядерон, космикон хæцæнгарзимæ». Гуырдзиаг къухдариуæгады иу бон дæр рох нæу «оккупацигонд» территориты фарст. Не знæгтæ дунеон аренæйы сæ интерестыл дзурынц, æмæ мах та кæрæдзи хæрынмæ фестæм. Быцæуты бæсты мах хъуамæ æппæт тыхтæй дæр архайæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайджыты нымæц фæфылдæр уа. Хъуамæ архайæм нæ паддзахаддзинад сфидардæр кæныныл.

Ацы æвирхъау трагедийы тыххæй базыдтой бирæ бæстæтæ æмæ тæфæрфæсы æмæ фарсхæцынады телтæ æрæрвыстой республикæйы Президент Бибылты Анатоли-йы номыл. Йæ катайдзинад равдыста Паддзахадон Думæйы депутат Константин Затулин дæр.  Ирыстонæн уæззау рæстæджыты Затулин алыхатт дæр уыд ирон адæмы фарс-мæ. Цалдæр хатты æрцыд Цхинвалмæ. Уый бахатыд Президент, Парламент, æппæт политикон тыхтæм æмæ РХИ-йы æмбæстæгтæм, цæмæй быцæудзинад диалогмæ рахизын кæной. «Катайимæ мæ хъус дарын фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цæуы, уыдонмæ. Мæ бон нæу æмæ мæ нæ фæнды уыдонмæ формалон æгъдауæй кæсон. Мæ хъуыды æргомæй зæгъдзынæн, сымах зонут æмæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл, йæ банымайыны тыххæй мах иумæ кæй тох кодтам, уыцы хъуыддаг. Сымах æцæгæлæттæ не стут, нæ бæрæгбонтæ нысан кæнæм иумæ, æппæт æвзæрдзинæдтæ та сты æфхæрд куыд Уæрæсейæн, афтæ Ирыстонæн дæр. Ма бирæ кæнут кæрæдзийы ахасты претензитæ æмæ аххостæ. Уымæн æмæ уæ трагедитыл, ныхмæлæудтытыл чи фæцин кæна, ахæмтæ ис æмæ  уæм уыдон лæмбынæг сæ хъус дарынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд адæмы, хицауад æмæ оппозицийы ‘хсæн æууæнкдзинад, афтæ закъон æмæ рæстдзинад дæр хъуамæ æндидзыд æрцæуой. Фæлæ уый къухы нæ бафтдзæн ныхмæлæудтыты фæрцы, хъæуы диалог», – банысан кодта Константин Затулин. Уый ма бахатыд «раст æмæ зылынтæм», цæмæй «хисæрмагонд трагеди, хъыгдзинад кæнæ эмоцитæй ма аразой нырма чи не сфидар уыцы республикæйы трагеди».

Раст дзуры Затулин, нырма чи  нæ сфидар, уыцы паддза-хаддзинад бахъахъхъæнын хъæуы, науæд не знæгтæ сæ цæвæн кард цæттæйæ дарынц… Ау, иу армы дзаг йедтæмæ куынæ стæм, уæд нæм кæрæдзимæ уыйбæрц фыдæхдзинад æмæ æнæуынондзинад кæцæй ис? Æрцыд æвирхъау трагеди, фæлæ архайын хъæуы, цæмæй уымæн ноджы æв-зæрдæр фæстиуджытæ ма уа. Æнæмæнгæй хъæуы диалог райдайын. Хъæуы аххосджынты закъонмæ гæсгæ карзæй бафхæрын. Хъæуы æнæмæнгæй хатыртыл ацæуын, науæд æндыгъддзинад карзæй карздæр куы кæна, уæд дзы ницы рамбулдзыстæм. Саразын хъæуы дыууæ Ирыстоны ирон адæмы куырыхон адæймæгты совет, цæмæй уыдон бæстæты къухдариуæггæнджыты æмрæнхъ уынаффæ æмæ скъуыддзаг кæной сæвзæргæ вазыгджын фарстытæ.

Кæронбæттæны мæ бахатын фæнды Интернеты тыгъдады уавæр ноджы чи æндыгъддæр кæны, уыдонмæ, уæ хъуы-дытæ уæхицæн ныууадзут æмæ мауал хæццæ  кæнут адæмы зонд, науæд иууылдæр политиктæ фестадыстæм. Уадз, кæмæ æмбæлы, уыдон æй аскъуыддзаг кæнæт.  Уырны мæ, æввæрццагæй кæй аскъуыддзаг кæндзысты сæвзæргæ вазыгджын уавæр.

ДЖИОТЫ Валидæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.