Иу аз рацыд,  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынаты Бибылты Анатоли кусын куы райдыдта, уымæй. Уый фæдыл бæстæйы сæргълæууæгæн уыд пресс-конференци дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ.

Йæ райдианы Президент Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта информацийы фæрæзты минæвæрттæн, лæмбынæгæй рæгъмæ кæй хæссынц республикæйы царды æрцæугæ цаутæ. Республикæйы сæргълæууæг мæсæллæйы ны-хæстæ загъта, Сомихстоны къухдариуæгадæн, уыцы бон осмайнаг Турчы ‘рдыгæй сомихæгты геноциды бон кæй уыд, уый фæдыл.

«Сомихаг адæм сæ трагедимæ гæсгæ махæн тынг æввахс сты, уымæн æмæ мах дæр баййæфтам цалдæр геноциды Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Уыимæ иумæ ма Хуссар Ирыстоны цæры бирæ сомихæгтæ. Уымæ гæсгæ мах тынг фæнды, цæмæй Сомихстоны æмæ Хæххон Къарабахы кæдфæнды дæр уа сабырдзинад æмæ дидинæфтыд. Мах хорз зонæм геноциды фæд, зонæм æввас адæймаджы фесафыны егъау маст æмæ уымæ гæсгæ мах тынг æмбарæм сомихаг æмбæстæгты æнкъарæнтæ»,- дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æппæтдæр араздзæн, цæмæй æппæт дунеон æмæхсæнад банымайой ирон адæмы геноцид, дывæрсыг политикæйы стандарттæм нæ кæсгæйæ, кæцытæй ныгуылæйнаг бæстæтæ пайда кæнынц нæ республикæмæ ахасты.

 

Бæрæг фæфылдæр сты хисæрмагонд æфтиæгтæ

Афæдзы дæргъы нæ республикæйы къухдариуæгадæн бантыст хисæрмагонд æфтиæгтæ бæрæг фæфылдæр кæнын, банысан кодта Бибылты Анатоли. Уый куыд загъта, афтæмæй аивгъуыйгæ аз президентон æвзæрстыты фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады раз æвæрд æрцыд ахæм хæс, цæмæй хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр уой.

«Райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы фæтк æрæвæргæйæ,  махæн бантыст 1 миллиард сомæй фылдæр æрæмбырд кæнын. Уыцы фæрæзтæ фиддонтæ фæфылдæр кæныны руаджы нæ фæфылдæр сты, фæлæ ацы фадыджы фæтк æрæвæрыны фæстиуæгæн. Фыццаджыдæр, хисæрмагонд æфтиæгтæ фæ-фылдæр кæнын здæхт у не ‘мбæстæгты социалон ифтонгад фæхуыздæр кæнынмæ. Дыууæ хатты фæфылдæр сты сывæллæттæн æххуыстæ. Дарддæр куыст цæудзæн куыстмыздтæ цæрыны минимумы æмвæзадмæ схизын кæныныл», – банысан кодта Президент.

 

Карз тох – коррупцийы ныхмæ

Коррупцийы ныхмæ тох кæнын ахсджиаг у нæ республикæйы къухдариуæгадæн. Президент  æрхаста  цæвиттонтæ, уголовон хъуыддæгтæ конд кæй æрцыд бæстæйы раздæры хицауады иуæй-иу бæрнон кусджытыл, ахæмтæ куыд – Хъæууон хæдзарады министр Плиты Виталийыл, «Югосетнефтепродукт»-ы сæргълæууæг Тыджыты Владимирыл, Бастдзинады комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Къæбысты Георгийыл, Национ бангы сæргълæууæг Дзантиаты Олегыл æмæ æндæртыл.    Президенты ныхæстæм гæсгæ, давд финансон фæрæзты иу хай фæстæмæ æрбаздæхтой республикæйы бюджетмæ. Куыст ууыл не ‘рлæудзæн, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр цæудзæн. Экономикон фыдракæндтæ æмæ фæрæзтæ давыны ныхмæ хъуамæ тох кæной æмткæй æхсæнад дæр.

Æддагон политикæйы æнтыстытæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад активон куыст кæны æддагон политикæйы здæхты, кæцы комкоммæ баст у æддагон бæстæтимæ контакттæ рауæрæх кæныныл. Стыр аргъ скодта, ацы хъуыддаджы егъау куыст чи кæны, уыдонæн – Фæсарæйнаг хъуыддæгты  министрады, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварад æмæ æддагон политикæйыл цы æндæр структурæтæ кусынц, уыдон куыстæн. Иууыл ахсджиагдæр æддагон политикон цауыл Президент нымайы йæ официалон балц Сербаг республикæмæ. Уыцы балц уый банымадта Европæмæ «рудзынг байгом кæнынимæ», уымæн æмæ раздæр   хуссарирыстойнаг къухдариуæгад европæйаг бæстæты никуы уыд. Егъау аргъ ма скодта, хуссарирыстойнаг минæвæрттæ дунеон форумты активон хайад кæй фæисынц, уымæн. Уыдон республикæйæн фадат дæттынц æндæр паддзахадтимæ бастдзинæдтæ бæстон кæнынæн экономикæйы æмæ æндæр фадгуыты.

Бибылты Анатоли ма радзырдта, IV Ялтайаг дунеон экономикон форумы фæлгæтты Хуссар Ирыстон Республикæ Хъырымимæ фæндæтты тыххæй суагъæйыл сæ къухтæ кæй бафыстой, уый тыххæй дæр. Уымæй дарддæр ын уым фембæлдтытæ уыд бизнесментимæ, кæцытæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны базармæ рахизын.

«Ацы аз майы мæйы мах хъавæм райсын продукци, кæцыйæ  арæзт цæудзæн «Ирыстоны сæнтæ». Ацы проектмæ серьезон хайбавæрд бахаста хъырымаг фирмæ, кæцы кусы æрмæстдæр сæнтæ уадзыныл», – банысан кодта Президент.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æрæджы Хуссар Ирыстон Италийы кæй бакодта йæ минæварад. Ялта-йы экономикон форумы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг фембæлд италиаг парламенты минæвæрттимæ. Уыдон хуссарирыстойнаг фарсæн ныфс бавæрдтой Хуссар Ирыстоны уавæримæ кæй базонгæ кæндзысты лæмбынæг сæ италиаг коллегæты.

Æддагон политикæйы перспективон здæхтыл Президент банымадта Сириимæ æмгуыстад æрбæстон кæныны хъуыддаг. Уый Сирийы президент Башар Асады фæхуыдта, нæ республикæйы хæдбардзинадыл дæс азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ. Женевæйаг дисскуситы куыстæн аргъ кæнгæйæ, Президент банысан кодта Гуырдзыстоны æнæконструктивон позици – тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы меморандумыл къухтæ фыст кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ, зæгъгæ, ацы куыстæн размæцыды нысæнт-тæ нæй.

Æрдомдзыстæм хъæуæг лимиттæ

Пресс-конференцийы рæстæджы лимитты фарсты фæдыл æнæразыдзинад равдыста бæстæйы сæргълæууæг, уымæн æмæ сæвзæры æнæмбæрст ахаст ахуырады фадыджы. Банысан кодта, кæй хъæуы ацы хъуыддаджы фæтк æрæвæрын. Æрсидт министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæм, цæмæй хъæуæг лимиттæ раст домд æмæ дих цæуой. Уымæн æмæ махæй алчидæр зоны, бирæ æнæраст митæ арæзт кæй цыд. Ацы хъуыддагмæ лæмбынæг хъусдард дардзæн Президент йæхæдæг.

Афтæ ма Бибылты Анатоли банысан кодта, йæ сывæллæттæй иу дæр лимиты руаджы Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм кæй нæ ацæудзæн. Уымæн æмæ уыдон сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ æмæ уыцы бартæй пайдагæнгæйæ, ацæудзысты ахуыр кæнынмæ дæр.

Инвестпрограммæ реализаци цæуы æнтыстджынæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы азы кæронмæ программæ æххæст кæй æрцæудзæн 100 процентæй. 2018 азы программæ активонæй реализаци цæуы, æрæвнæлдæуыд уазæгдон «Ирыстон»-ы, сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадоны арæзтадтæм. Йæ тæмæны ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад. Уыимæ иумæ ма капиталон арæзт цæуынц горæты цалдæр уынджы дæр. Президенты ныхæстæм гæсгæ, хицауад йæ разы æрæвæрдта хæс, цæмæй Инвестицион программæ æххæст æрцæуа азы кæронмæ нæ, фæлæ раздæр.

Бæстæйы энергетикон æдасдзинад

Республикæйы энергетикон æдасдзынады фарсты фæдыл Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, зымæгмæ Хуссар Ирыстоны уыдзæн хъомысджын генератор, кæцы сæвзæргæ уæлвæткон уавæрты ифтонг кæндзæн æгас республикæйы электроэнергийæ.

Нæ республикæйы районты æрдзон газæй ифтонг кæныны фæдыл та банысан кодта, къухтæ фыст кæй æрцæудзысты æнæмæнгхъæуæг документтыл.

Хуссар Ирыстон Уæресейы сконды æнæмæнг уыдзæн

«Мæн азымджын кæнынц, Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл референдум уагъд кæй нæ цæуы, уый тыххæй. Ома, мæ принциптæй иуварс ахызтæн. Уый раст нæу, æз мæ принципты иуварс никуы хизын æмæ нæ республикæ Уæрæсейы Федерацийы сконды æнæмæнгдæр уыдзæн. Фæлæ уыимæ иумæ мах хъуамæ æмбарæм æмæ бæрндзинад хæссæм Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты раз, уымæн æмæ ныртæккæ хæлæртты зын уавæрты ныууадзын нæй гæнæн»,- банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Алайнаг епархийы хъысмæт

Пресс-конференцийы рæстæджы егъау хъусдард здæхт æрцыд нæ республикæйы дины æмæ Алайнаг епархийы хъысмæтмæ. Уый фæдыл бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, у Сыгъдæг МадыМайрæмы аргъуанмæ цæуджытæй сæ иу, фæлæ никуы сразы уыдзæнис епархийы службæгæнджыты хъуыдыимæ, кæцытæ разы не сты уæрæсейаг чырыстон аргъуаны дæлбар уæвын.

«Æз цалдæр хатты фембæлдтæн аргъуаны службæгæнджытимæ, цæмæй сын бамбарын кæнон мæ хъуыды – æппæт ирон чырыстон æхсæнад баиу кæнын уæрæсейаг чырыстон аргъуанимæ. Хуссар Ирыстоны ирæттæ цæры 50 мины, Цæгат Ирыстоны та – 450 мины, уымæ гæсгæ ахсджиаг у, дины руаджы дæр æрбаиу кæнæм ирон адæмы. Хъыгагæн, уыцы хъуыддаджы иу хъуыдымæ не ‘рцыдыстæм», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Æндидзыд цæуы пырх цæрæнуат

Паддзахады хисæрмагонд æфтиæгты руаджы ацы аз районты арæзт æрцæудзæн 20 хæдзары бæрц. Президенты ныхæстæм гæсгæ, бюджетон фæрæзтæй арæзт æрцыд æртæ цæрæн хæдзары горæты, куыст ма цæуы ноджы дæс хæдзар саразыныл.

Ацы нысанæн Уæрæсейы Федераци финансон фæрæзтæ нал хицæн кæнын: «Ацы проблемæтæ мах нæхæдæг скъуыддзаг кæнæм. Æппæтдæр саразын хъæуы, цæмæй бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæ фылдæр кæной. Хæдзæртты арæзтадæй дарддæр ма ивд цæуынц куыд сæрмагонд хæдзæртты, афтæ бирæуæладзыгон хæдзæртты агъуыстытæ дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Пресс-конференцийы бæстæйы сæргълæууæг лæмбынæг дзуаппытæ радта дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты бирæнымæц æндæр фарстатæн дæр.

Танделаты Виленæ,

Къæбулты Маринæ     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.