Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бæрæгбоны цытæн Эльбрусы хохы ныгуылæн бæрзæндмæ схызтысты Бекъойты Динæ æмæ Куыдзаты Хъазбег,  æрсагътой  дзы ирон тырыса æмæ фыццаг хатт сæххæст кодтой ирон националон кафт «Хонгæ». Уый тыххæй артисттæ схызтысты  денджызы æмвæзадæй 5 642 метры бæрзæндмæ, Цæгат Кавказы иууыл бæрзонддæр бынатмæ.

Бекъойты Динæ у мæскуыйаг кафты ансамбль «Алани»-йы солисткæ, Куыдзаты Хъазбег та – Цæгат Ирыстоны зындгонд пластикон хирург. Динæ æмæ Хъазбеджы ныфсхастдзинад, ахæм бæрзæнды ирон кафт æрсимыны цау у Гиннессы рекордты чиныгмæ хæссинаг. Ацы проект реализаци кæнынæн сын баххуыс кодтой Дзæуджыхъæуы альпинизмы фæдыл æмбырдгонд командæ, йæ президент Хæмыцаты Хъазбеджы сæргълæудæй æмæ альпинизмы федерацийы уæнг Рафаэль Рамазанов.

Ацы хъæбатыр æмæ ныфсхаст цауы хайадисджыты знон йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Уый æхсызгонæй сæмбæлд не ‘мзæххонтыл – дунейыл чи айхъуыст, ахæм æхсызгон цауы хайадисджытыл. Сæ ныфсхаст къахдзæф, уæлдайдæр – Динæйы, Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, адæймагмæ æхсызгон хъуыдытæ æвзæрын кæны.

«Хуссар Ирыстон ам йæ бæрæгбон нысан кодта æмæ нæ хæлæрттæ та ахæм бæрзæнды «Хонгæ» кафт кодтой. Мах сæрыстыр стæм ахæм адæймæгтæй. Махæй алчи дæр æхсызгонæй сæмбæлд ацы хабарыл. Æхсызгон ма уый у, æмæ не ‘мирон адæм афтæ кæй райынц æмæ кæй кад кæнынц нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны бонæн. Уый у патриотизмы дæнцæг, Хуссар Ирыстон æмæ нæ адæмы сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдоны номарынæн. Уый у иууыл хуыздæр цыртдзæвæн уыдонæн», – дзырдта Президент.

РЦИ-Аланийы Альпинизмы федерацийы президент Хæмыцаты Хъазбег бузныг загъта Президент Тыбылты Леонидæн йæхъарм ныхæсты тыххæй, æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны йæ дыккаг Фыдыбæстæйыл кæй нымайы, йæ бæрæгбонты та – йæхи бæрæгбонтыл.

Нæ æфсымæрдзинад, зæгъгæ, у æнусон, ахæм нæй æгас дунейыл. «Европæйы иууыл бæрзонддæр бынаты ирон кафт æркæнын – ахæм цау дуне нæма федта.

Къæдзæхтыл иууыл тагъддæр цæуын кæмæн æнтысы, уыдонæй фыццаг – Рафаэль Рамазанов ивгъуыд аз дæр раст ацы бæрæгбоны Эльбрусы хохы бæрзæндмæ схаста æмæ æрсагъта ирон тырыса.

Бекъойты Динæ – ирон кафты стъалы, æрцыд Мæскуыйæ æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй Эльбрусы хохы цъуппыл сæххæст кæна «Хонгæ» кафт. Рафаэлы æххуысæй Куыдзаты Хъазбегимæ сæххæст кодта йæ бæллиц», – дзырдта Хъазбег. Уый фæстæ Эльбрусы хохы цъуппыл Динæ æмæ Хъазбеджы хуызист балæвар кодта Президент Тыбылты Леонидæн.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы лæварæн разындзæн аккаг бынат нæ музейы.

Дохтыр Куыдзаты Хъазбег та радзырдта, ацы æхсызгон мадзалы хайадисæг куыд ссис, уый тыххæй:

– Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ, Динæйы æмкафæгæн нал фæгæнæн ис сæ проект сæххæст кæнын. Æз хæхтæ бирæ уарзын æмæ раст уыцы рæстæг сфæнд кодтон Эльбрусмæ схизын. Уым базонгæ дæн Динæимæ дæр. Уый мын радзырдта йæ проблемæйы тыххæй. Æз кæддæр ансамблы кафыдтæн – уым репетици скодтам æмæ араст стæм.

Ацыдыстæм æхсæвы æртæ сахатыл, уыд тынг уазал. Райсомæй схызтыстæм хохы цъупмæ. Хур афтæ æндæвта, æмæ кæсæнцæстытæ иу минут райсæн дæр нæ уыд. Уым сæххæст кодтам нæ проект, –  акафыдыстæм, систам дублтæ. Хохæй нæма æрхызтыстæм, афтæ нæм телефоны дзырдтой уæрæсейаг каналтæй, цæмæй сæм видео аппæрстаиккам. Иу ныхасæй, уырдыгæй æрцыдыстæм зындгондæй.

Тыбылты Леонид бафарста Динæйы, зæгъгæ, ма искуы схиздзынæ хохы бæрзæндмæ. Уый загъта, зæгъгæ, развæлгъау ницы дзуры, фæлæ зæгъ, мæ хъудыйы ис ноджы бæрзонддæр схизыны фæнд.

Тыбылты Леонид ацы хъуыддаг адарддæр кæнын хорзыл нымайы æмæ баныфсæвæрдта сæ фарсмæ кæй лæудзæн. Дарддæр йæ ныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстон туризм райтынг кæнынæн кæй бæззы æмæ фидæны бацархайдзысты уыцы хъуыддагыл. Уым хынцыд æрцæудзæн альпинизм дæр.

Уый фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды барамындмæ гæсгæ паддзахадон хорзæхтæ райстой фембæлды хайадисджытæ, Бекъойты Динæйæн та лæвæрд æрцыд “Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист”-ы кадджын ном.

Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Къоста æмæ Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.