Дзауы районы Хуыцъейы Культурæйы хæдзары кусджытæ сæ директор Цхуырбаты Галинæйы сæргълæудæй бацæттæ кодтой  цымыдисон мадзал ирон адæмы геноцидыл 102 азы сæххæсты боны сæраппонд. Мадзал уагъд æрцыд Хуыцъейы хъæуы астæуккаг скъолайы залы, цыран хъуыстысты хъиссын фæндыры æнкъард зæлтæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Культурæйы министрады минæвæрттæ Дзеранты Джульеттæйы сæргълæудæй, Парламенты депутат Чилæхсаты Владимир, æхсæнадон архайæг Бететы Юри, чиныг «Осетия и осетины»-йы саразæг Челехсаты Хъазбег, ХИПУ-йы доцент Гаглойты Бэлæ, Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Санахъоты Анжелæ, скъолаты ахуыргæнджытæ, районы æмæ хъæуы цæрджытæ, афтæ ма æндæр уазджытæ.

Мадзал амыдта Магкоты Эльвирæ. Уый æрдзырдта 1920 азтæй райдайгæйæ суанг 2008 азы онг гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмæн цалдæр геноциды кæй сарæзтой, уый тыххæй. Мадзалмæ сæрмагондæй фæхуыдтой горæт Цхинвалы цæрæг Чилæхсаты Заирæйы, кæцы ирон адæмы геноциды тыххæй ныффыста æмдзæвгæ 87 куплеты. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ автор йе ‘мдзæвгæ кæй зоны æнæкæсгæйæ.

Чилæхсаты чызг йе ‘мдзæвгæйы дзуры 1920 азты ирон адæмы геноцид, Зары æмæ Ереды трагедитæ, Бургъустаны хæст, 1989-2008 азты тугуарæн хæст, ирон адæмæн Уæрæсейы стыр æххуыс, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Цхуырбаты Галинæ куыд банысан кодта, афтæмæй сæм мысæн мадзалы ауадзын идея фæзынд Чилæхсаты Заирæйы фыст æмдзæвгæ «Ирыстон, мæ сагъæс, мæ рис!» куы бакастыстæм, уый фæстæ. «Æмдзæвгæйы ис 87 куплеты æмæ дзы дзырд цæуы 100 азы дæргъы гуырдзыйы ‘рдыгæй ирон адæмы геноциды тыххæй. Заирæ у РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, куысты ветеран, Советон Цæдисы рухсады тынг хорз кусæг.

Мадзал бацæттæ кæнынмæ стыр хайбавæрд бахастой нывгæнджытæ Хуыбиаты Роберт æмæ Зассеты Сæрмæт», – банысан кодта уый.

Цхуырбаты чызг ма бузныджы ныхæстæ загъта йæ дæлбар коллективæн, кæцытæ сæ тыхтыл æмæ сæ зонындзинæдтыл нæ бацауæрстой мадзал бацæттæ кæныны тыххæй. Уыдон сты къорды къухдариуæггæнæг, РХИ-йы сгуыхт артист Хуыгаты Геннади, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Гæззаты Фатимæ, артисттæ Багаты Шота, Хуыгаты Вячеслав, Бететы Иветæ, Хуыгаты Людмилæ.

«Вокалон къорд «Нартæ» сæрмагондæй мысæн мадзалмæ бацæттæ кодтой æмæ сæххæст кодтой цыппар ног зарæджы. Æдæппæтæй сæххæст кодтой авд зарæджы, кæцытæ рауадысты тынг аив. Фыд æмæ фырт Хуыгаты Геннади æмæ Вячеслав сæххæст кодтой зарæг «Бургъустаны хæстыл». Галинæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Хуыцъейы хъæуы культурæйы хæдзары драмон кружокы къухдариуæггæнæгТыбылты Залихан æмæ Джиоты Венерæйæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мысæн мадзалмæ Хуыцъейы Культурæйы хæдзары кусджытæ Цхуырбаты Галинæйы сæргълæудæй кæй бацæттæ кодтой сæр-магонд къуым, цыран æвæрд æрцыдысты ирон адæмы геноцидыл фыст чингуытæ, нывтæ æмæ æндæр алыгъуызон æрмæджытæ.

Мадзалы раныхас кодтой æмæ лæмбынæг ирон адæмы геноциды тыххæй æрдзырдтой Чилæхсаты Хъазбег, Бететы Юри, Гаглойты Бэлæ, Дзеранты Джульеттæ, Санахъоты Анжелæ, Бететы Юри æмæ æндæртæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мадзалы дзырдтой Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон хъæбатыр лæппуты сгуыхтдзинæдты тыххæй дæр. Хъыгагæн, ацы операцийы фæмард сты ирон лæппутæ дæр. Мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой 1920 азæй 2008 азы онг æмæ Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты цы ирон лæппутæ фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ. Зарæггæнæг Багаты Шота зарæг ныффыста ацы зынгхуыст лæппутыл æмæ йæ сæххæт кодта мадзалы. Æртындæс коммунары зарæг сæххæст кодта Хуыцъейы культурæйы хæдзары вокалон къорд «Нартæ». Æмдзæвгæ бакаст Кокойты Александрæ. Афтæ ма ирон æвзаджы тыххæй йæхи фыст æмдзæвгæ бакаст Цхуырбаты Галинæ дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта Хуыцъейы астæуккаг скъолайы директор Къæбысты Гиви.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Цхуырбаты Галинæ æмæ иннæ кусджытæн, ахæм цымыдисон мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.