«Ирон къæбиц», – афтæ рахуыдтой, Цхинвалы районы иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ цы мадзал бацæттæ кодтой, уый.

Мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы районы администрацийы Фæсивæд æмæ спорты комитеты сæргълæууæг Козаты Олегы хъæппæрисæй. Йæ раныхасы Козайы фырт банысан кодта, алы адæмы хатт дæр кæрæдзийæ кæй хицæн кæнынц канд се ‘взагæй, се ‘гъдæуттæй нæ, фæлæ сæ цардуаг æмæ цы хæринæгтæ хæрынц, уыдонæй дæр.

Абоны бонмæ мах нæ хорз æгъдæуттæй бирæты куыд байрох кодтам, афтæ байрох кодтам, нæ рагфыдæлтæ цы хæринæгтæ цæттæ кодтой æмæ хордтой, уыдонæй дæр бирæты æмæ сæ цæмæй бынтон ма байрох кæнæм, уыцы нысанæн уагъд æрцыд ацы мадзал дæр – «Æрхъуыды кæнæм нæ фыдæлты хæринæгтæ». Даргъ историон фæндагыл рацыдысты нæ фыдæлтæ. Уыцы фæндаг сын лæгъз æмæ уæрæх нæ уыд, фæлæ цахæмфæнды фыдæвзарæнты ма бахаудаиккой, уæддæр се ‘гъдæуттыл, се ‘взагыл сæ къух никуы истой –  фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты æмæ æрхæццæ сты ныры фæлтæрмæ. Уыцы æгъдæуттæм хауы, ирон фынджы фарсмæ бадын æмæ цы хæринæгтæ хордтой, уыдон дæр», – загъта йæ раныхасы Олег.

Мадзалмæ районы скъолатæй алкæцы дæр æрцæттæ кодта йæхи сæрмагонд фынг-  къæбиц.

Ардæм æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери, йæ хæдивæг Дзанайты Ингæ, районы ахуыры хайады сæргълæууæг Лолаты Барис, районы ахуырады æндæр бæрнон кусджытæ, Национ музейы директор Зассеты Мераб, РХИ-йы ахуырады министрады бæрнон кусæг Санахъоты Мадинæ.

Хæринæгты гъæдæн, куыд сæ æрцæттæ кодтой, уыдæттæн аргъ кодта сæрмагонд жюри. Бæрæг куыд у, афтæмæй алы хæринагæн дæр ис йæ æрцæттæ кæныны бæрæг фæтк, кæд æмæ цахæм фынгыл æвæрд цыдис. Уыдон дих цыдысты зианы, чындзæхсæвы, куывды фынгтыл. Æндæр æмæ æндæртæ та сты, æрвылбон цы хордтой, уыдон. Козаты Олег фыццаг рады бар радта, Къостайыхъæуы æмæ Тъбеты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ цы хæринæгтæ сцæттæ кодтой, уыдоны мидисы тыххæй мадзалмæ æрбацæуджытæн радзурын.

Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Плиты Заирæ лæмбынæг æрдзырдта æртæ уæливыхы тыххæй æмæ банысан кодта, цины фынгыл фыццаг Хуыцаумæ кæй скувынц æртæ уæливыхæй, зианы тыххæй та – дыууæйæ. Кувгæ та кодтой бæгæныйæ. Уый ма æрдзырдта ирон нозтытæ къуымæл æмæ ронгы арæзтыл. Плион лæмбынæг æрдзырдта, цавæр ссывд кæрдзынтæ кодтой æмæ абон дæр кæй фæкæнынц, куыд сæ кодтой æмæ сæ цавæр фынгтæм цæттæ кодтой, уыдæтты тыххæй. Нæ ферох кодта, ирон адæм мыдамæстытæ дæр кæй кодтой, уый. Хæрнæджы хæринæгтыл дзургæйæ уый банысан кодта, абон дæр марды боны тыххæй кæй аразынц, уыцы мæнæуы ссадæй арæзт къæлуайы. Уый йын лæмбынæг æрдзырдта йæ арæзтыл.

Фынгыл ма фенæн уыд, æрвылбон кæй хордтой, ахæм рагон хæринæгтæ: сир, нас, дзыкка, уæлкъæйдзыкка, задын, нурыдзæгътон, цæхæрадзæгътон æмæ бирæ æндæртæ.

Дыккаг фынг-къæбицы хицæуттæ уыдысты Хелцуа æмæ Сатихъары скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Ацы фынджы фарсмæ Сатихъары астæуккаг скъолайы мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг Чысиаты Иринæ радзырдта нартхоры кæрдзын, хъайла, къæлуа, хомыс æмæ быламыхъхъы тыххæй. Уый лæмбынæг æмæ цымыдисонæй æрдзырдта цымдзæхтон, хъолодзæгътон, нурыдзæгътон æмæ дзæр-наты тыххæй. Цы кæрдæджытæ цæхджын кодтой, уыдон та уыдысты давон, скъуда, цæхæра. Æртхуроны, æртæдзыхоны тыххæй дæр цымыдисон уыд йæ раныхас Чысионæн.

Дарддæр ирон фынджы æмæ хæринæгты тыххæй æрдзырдтой Зары æмæ Рустауы скъолаты ахуыргæнджытæ. Сæ фынгыл цы хæринæгтæ уыд, уыдоны тыххæй лæм-бынæг æрдзырдтой Зары скъолайы директор Пухаты Залинæ æмæ ирон традициты ахуыргæнæг Гæззаты Ельзæ. Ацы фынгыл уыдонæн бантыст 40 бæрц ирон хæринæгтæ сцæттæ кæнын. Зары скъолайы ахуыргæнджытæ ма мадзалмæ æрбахастой, нæ фыдæлтæ цахæм хæдзарон мигæнæнтæй архайдтой, уыдон – царвцæгъдæн, сивыр, хъæдын тæбæгъ, авдæн, æртыкъахыг фынг æмæ æртыкъахыг бандæттæ.

Дзаджджын уыдис сæ фынджы æвæрд Бихъар æмæ Громы скъолаты ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн. Мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг Хацырты Жужунæ лæмбынæг æрдзырдта æртæкъахыг фынг, æртæкъахыг бандæттæ, æртæ уæливыхы, рæгъгæнджыты, лæггадгæнджыты нысаниуæгыл. Куыд арæзтой физонæг фиуы тыхтæй, цæмæй ма басыгътытæ уыдаид. Уый ма лæмбынæг радзырдта  цæрвæхсидæны арæзты, стæй фынгыл æртæ фæрскы цæмæн æвæрынц, уый тыххæй дæр. Фынгыл ма фенæн уыд алыгъуызон хус дыргътæн. Уый куыд загъта, афтæмæй ацы хæринæгтæй алкæцы дæр у тынг тайæн.

5-æм фынг дæр рауад тынг дзаджджын. Фынджы хæринæгтæ æмæ нозты тыххæй лæмбынæг æрдзырдтой Дменисы скъолайы директор Дудайты Земæ æмæ Дменисы рæвдауæндоны сæргълæууæг Джиоты Мананæ. Мадзалмæ æрбацæуджытæ тынг цымыдисонæй байхъуыстой нæ фыдæлтæ кас куыд æмæ цæмæй арæзтой. Йæ раныхас цымыдисон уыд сылыйы тыххæй дæр.

Ирон хæринæгты къæбиц бацæттæ кæнын æмæ семæ базонгæ уæвын Цхинвалы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ банымадтой бæрæгбоныл, уымæ гæсгæ кæрæдзийæн кодтой бæрæгбонон арфæтæ. Бæрæгбон та æнæ зард, æнæ кафтæй нæ фидауы æмæ скъолайы ахуыр-гæнинæгтæ цы концертон программæ бацæттæ кодтой, уымæй ноджыдæр бахъæлдзæг кодтой мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ.

Администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери йæ раныхасы банысан кодта, мадзал тынг цымыдисон кæй рауад æмæ бузныг загъта ахуыр-гæнджытæ, ахуыргæнинæгтæн, фæсивæд æмæ спорты комитеты сæргълæууæг Козаты Олегæн.

Мадзал сорганизацигæнджытæн бузныджы ныхæстæ загъта районы ахуыры хайы сæргълæууæг Лолаты Барис.

Мадзал цымыдисон кæй уыд, ахуыр æмæ йын хъомыладон нысаниуæг кæй уыд, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Санахъоты Мадинæ æмæ национ музейы директор Зассеты Мераб дæр.

«Ахæм мадзæлттæ аразын ахсджиаг у, уымæн æмæ мах нæ традицитæй куы фæиппæрд уæм, уæд  нæ нал зондзысты æндæр адæмтæ. Махмæ рагæй фæстæмæ ис фынджы æгъдау. Абайты Васо йæ æнæхъуаджы нæ рахуыдта æнæхъæн академи. Фынджы æгъдæуттæ æнæмæнг хъахъхъæнинаг уыдысты, йæ фарсмæ чи æрбадтаид, уыдонæн. Æгъдауыл хæст ирон лæг кæддæриддæр зыдта æмæ хатыд, цахæм фынг у, кæй æхсæн бады æмæ дзы хи куыд дарын хъæуы, уый», – загъта йæ раныхасы музейы директор.

Козаты Олег дæр йæ рады бузныг загъта, мадзалмæ бацæттæ кæнынмæ йæ фарсмæ чи балæууыдысты, уыдонæн.

Йæ куыст кодта жюри дæр æмæ кæд развæлгъау бадзырдтой 1-аг, 2-аг, 3-аг бынæттæ радих кæныныл, уæддæр жюрийы уæнг Къæбысты Павел растыл банымадта бынæттæ æмхуызон адих кæнын. Уымæн æмæ дзы алы къæбиц дæр уыд дзаджджын æмæ бæркадджын.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм мадзал нæ республикæйы ауагъд кæй æрцыдис фыццаг хатт æмæ райгондæй кæй баззадысты ма-дзалмææрбацæуджытæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.