Дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон адæмы æнгомгæнæг. Уымæй дарддæр ма уый æнгом кæны нæ æмфыдыбæстæйонты дунейы алы бæстæты æмæ континентты.  Ацы æхсæнадон змæлд сырæзт 1993 азы æмæ уæд хуынд «Стыр Ныхас».

Æхсæнадон змæлды архайы Координацион совет, кæцы сæйраг хъусдард здахы мыггæгты «Ныхас»-тæ сæндидзын кæнынмæ, ирон адæм æмæ мыггæгты хорз традицитыл фæсивæды хъомыл кæнынмæ. Уымæй дарддæр змæлды уæнгтæ æмæ активисттæ стыр куыст кæнынц, ахуырадон уагдæтты ирон адæмы хуыздæр  æгъдæуттæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныныл.

Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон змæлд координаци кæны горæт æмæ районты «Ныхас»-ты, кæцытæ æнгом куыст кæнынц бынæттон администрацитимæ.

Хуссар Ирыстоны æппæтирон адæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар Гаглойты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй æхсæнадон змæлды сырæзт баст у Ирыстоны дыууæ хайы æрбаиу кæнын, иу республикæ саразын Уæрæсейы сконды æмæ ирон адæмы традицион культурæ сæндидзын кæнынимæ.

Æхсæнадон змæлды куыст æмæ архайдыл дзырд куы цæуа, уæд æмбæлы бæрæг зындзинæдтыл финансон хъуыддаджы. Уымæн æмæ æппæтдæр æнцой кæны финанстыл.

Йæ архайд æмæ нысанмæздæхт куыст комкоммæдæр баст у нæ фыдæлты æгъдæуттæ пропагандæ кæнын æмæ уыдон бындурыл архайынимæ. Уырдæм хауы, нæ националон газеттæ æмæ телеуынынады ноджы æмæ ноджыдæр нæ кадджын традицитæ æмæ æгъдæуттыл дзурын, цæмæй сыл рæзгæ фæлтæр цайдагъ кæной.

Гаглойты Роберт нын куыд радзырдта, афтæмæй æхсæнадон змæлды президиуммæ уынаффæ кæнынмæ хаст цæуынц мыггæгты «Ныхасы» архайд, мæсгуытæ сæндидзын кæнын, зианы кæндтæ æмбæ-лон уагыл аразын, дуканитæ æмæ хæрæндæттыл мадæлон æвзагыл рекламон фыстытæ ауындзын æмæ бирæ æндæр ахсджиаг бæстонкæнинаг фарстытæ.

«Иры Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады архайы цалдæр комитеты. Уыдонæй алчидæр йæ куыст кæны нысанмæздæхтæй. Сæ архайд баст у уæлдæрзагъдгонд проблемæтæ бæстон кæнынимæ.

Ныхасы лæгтæ-иу раздæр тæрхон кодтой, йæхи дарын чи нæ зыдта, ахæмтыл, иу ныхасмæ-иу æркодтой быцæугæнæг фæрс-ты. Уыцы хæрзиуæгон архайд ныр ныннымæг, æмæ æвзæр нæ уаит, алкæцы сыхы, горæты, районы, дзырддзæугæ лæгтæ куы архаиккой ацы хъуыддагыл æмæ куы уынаффæ кæниккой иуæй-иу хатт фæсивæды ‘хсæн цы æнæуаг митæ рапарахат вæййы интернеты руаджы, ахæмтыл æмæ монон-хæр-зæгъдауон хъомылады фарстатыл.

Зианы кæндтæ фæстаг рæстæджы бынтон раппæлинаг уавæры не сты. Бирæ хатт иуæй-иу æмбæстæгты ферох вæййы, зианы æви цинаджы фынгыл бадынц, уый. Уымæ гæсгæ «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ хъуамæ пропагандæ кæной дзыхы ныхасæй дæр æмæ, информацион фæрæзты руаджы дæр, цæмæй зианы кæндтæ аразой æмбæлон æгъдауыл, дарддæр, кæрæдзимæ гæсгæ дины бæрæгбонтæ ма бæттой зианы кæндтимæ. Ацы фарстытыл, Роберты ныхæстæм гæсгæ, чиныг рауагъта Кокойты Азæ.

Дунеон æхсæнадон змæлды хуссарирыстойнаг хайады сæрдар Гаглойты Роберты ныхæстæм гæсгæ, финансон кадавардзинад æндавы «Иры Стыр Ныхас»-ы куыстыл, уымæн æмæ бирæ бæстонкæнинаг проблемæтæ сты баст уыцы хъуыддагыл. Роберт йæхи фæрæзтæй дыууæ азы бæрц рафыста æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы газет 200 экземпляры. Уыдонæй 40 экземпляры æрвыст цыд республикæйы районтæм, иннæтæ та парахат цыдысты горæты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районон хайадты ныхасы сæргълæуджытæ сæ патриотикон энтузиазмæй кусынц, фæлæ дарддæр ахæм ахаст куы уа, уæд тас у ацы организацийы куыст куы банымæг уа, уымæй.

Фæстаг рæстæджы мыггæгты ‘хсæн кæрæдзимæ гæсгæ рапарахат мыггаджы гербтæ аразын. Уый, геральдикæйы специалистты цæстæнгасæй, раст нæу, уымæн æмæ  хынцыд  нæ цæуынц герб аразыны хъуыддаджы символикæтæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ.

Хæрæндæттæ æмæ дуканитыл фæсарæйнаг æвзагыл фыстытæ ауыгъд кæй ис, уый фæдыл ныхасгæнæг афтæ радзырдта, зæгъгæ, кæд нæ хъæздыг ирон æвзаджы нæй, бæрæг объекттыл ном æвæрынæн ныхæстæ, уæд ма кæм. Æви нæ мадæлон æвзаг нæ сæрмæ нæ хæссæм, æмæ кæд нæ  уæд ма нæ риутæ цæмæн хойæм патриоттæй. Кæцы фæсарæйнаг бæстæты ис æндæр æвзæгтыл нæмттæ дæр æмæ рекламæ дæр фенæн? Æппындæр никæцы. Уæдæ мах цæмæн аразæм афтæ, æмæ алы æвзагæй дæр нæхицæн мадæлон æвзаг цæмæн аразæм, уыйхыгъд, нæхи æвзаг та нæ сæрмæ нæ хæссæм, æви дзы æфсæрмы кæнæм.  Фæсарæйнаг фыстытæ сауындзыны ныхмæ сты «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ дæр.

Ныртæккæ ацы æхсæнадон организаци активонæй цæттæ кæны «Иры Стыр Ныхас»-ы дæсæм съездмæ, кæцы уагъд æрцæудзæн 24 августы Хуссар Ирыстоны. Гаглойты Роберты ныхæстæм гæсгæ дзы хайад райсдзысты делегаттæ дунейы бирæ бæстæтæй. Уымæ гæсгæ ацы съездмæ æнхъæлмæ кæсæм бирæ фарстытæ æрбæстон кæнынмæ, куыд дунеон бастдзинæдтæ ирон æхсæнадтимæ, ирон æвзаджы популярондзинадыл кусын, мыггаджы мæсгуытæ амайын, кувæндæттæм зилын æмæ æндæр ахсджиаг фарстыты фæдыл паддзахадон программæтыл бакусын.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.