КУЫСТ- ЙӔ УДӔНЦОЙ

Адӕймаг куыст куы уарза, куы дзы иса ӕхцондзинад, абонӕй сом хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр бакусыныл йӕ уд куы хъара, уӕд ын уымӕй нӕй фӕхицӕнгӕнӕн. Ахӕмты нымӕцмӕ хауы, кӕй кой ракӕнынмӕ хъавын, уыцы хуымӕтӕг, адӕмуарзон нӕлгоймаг  Хацырты Хетæг дӕр. Уый йе ‘взонджы бонты йе ‘мцахъхъӕнтӕй ницӕмӕй хицӕн кодта, хъӕууон куыстытӕм цырд лӕууыд ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодта ӕнӕзивӕгӕй. Куыста, куыд хисӕрмагонд хуымзӕххы, афтӕ ӕхсӕнадон хӕдзарады дӕр ӕмӕ алыгъуызон хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕй хъӕздыг тыллӕг ӕрзайын кӕнынмӕ уый дӕр хаста йӕ аккаг хайбавӕрд. Фӕстӕдӕр Ленингоры районы хъӕуӕй ӕрбафтыд Цхинвалмӕ ӕмӕ кусын райдыдта нӕ горӕты уӕды стырдӕр заводтӕй сӕ иуы. Ам дӕр фӕстӕ нӕ лӕууыд, уыд раззагдӕрты рӕнхъы ӕмӕ дзы райгонд уыдысты куыстуаты разамонджытӕ. Иугӕр пенсийы карӕнӕй куы ахызт, баулӕфыны афон ын куы уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ никуы сивта фӕллойадон архайдыл. Хъӕуы чи райгуыры ӕмӕ бахъомыл вæййы, уый фылдӕр йӕхимӕ фелвасы йӕ радтӕг зӕххы комулӕфт. Хетӕгӕн дӕр адджын куынӕ у зӕххы комулӕфт, ӕмӕ та ногӕй ӕрлӕууыд йӕ уӕлхъус. Цалдӕр азы уыд зӕхкусӕгон-фермерон хӕдзарад «Ӕфсати»-йы сӕргълӕууӕг, кодта стурвосдард ӕмӕ хуыдарды куыст,зылд ӕмӕ хъӕз-дыг тыллӕг иста ӕфсирон культурӕты хуымтӕй. Кӕддӕриддæр йӕ разылӕууӕг хӕстӕм каст бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ иннӕ хӕдзарадты ‘хсӕн уыд раззагдӕрты рӕнхъы.

Хацыры фыртыл кӕд 83 азы цӕуы, уӕддӕр дарддӕр кӕны йӕ хӕрзиуӕгон архайд. Ногхъӕуы йӕм зӕххы фадыг ис 5 гектары æмæ йын йе ‘мбис байтыдта цъой, иу гектары фӕзуатыл та люцернӕ, йӕ фӕткъуыйы талатӕ та ахсынц 1,5 гектары.Уымӕй дарддӕр ныссагъта ӕхсӕр, цым, къомси, атъами, чъерами, бал, мӕнӕргъыйы талатæ, ис ын сӕндон дӕр. Рӕхджы кӕрдынӕн сбӕздзӕн йӕ цъойы хуым ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй бафснайдзӕн, йæ бынаты йын ныр та хъуамӕ байтауа хор.

СӔ АИВАД УЫД ЗӔРДӔМӔДЗӔУГӔ

Хорз у, адӕймаг йӕ улӕфты рӕстӕг культурон ӕгъдауӕй куы арвита. Уым та йе ‘нцой фылдӕр хатт балӕууынц аивады архайджытӕ ӕмӕ сӕ уый тыххӕй фӕбузныг вӕййы. Ӕрӕджы уыцы циндзинад банкъардтой Къостайыхъӕуы цӕрджытӕ, Цхинвалы районы адӕмон театры артисттӕ сӕм куы фӕуазӕг сты, уӕд. Хӕдахуыр артисттӕ бынӕттон цӕрджытӕн равдыстой Нартыхты Григолы дыууӕархайдон пьесӕмӕ гӕсгӕ æвæрд спектакль «Файнустытӕ». Пьесӕйы архайд здӕхт у дыууӕ файнусты хъаугъа сӕ кӕрӕдзимӕ, ӕнгом ӕмӕ уарзонӕй кӕй нӕ цӕрынц, кӕрӕдзийӕн алыгъуызон цыфыддӕр митӕ кӕй кодтой, уыдӕттыл. Ацы рольтӕ иттӕг хорз сӕххӕст кодтой Козаты Сӕлимӕт ӕмӕ Сиукъаты Оксанӕ. Сӕ «сӕрыхицӕутты» рольтӕ та иттӕг зӕрдӕмӕдзӕугӕ сӕххӕст кодтой Джыккайты Эльбрус ӕмӕ Цоциты Никъала. Зӕронд лӕджы ролы та ахъазыд ӕмӕ сценӕмӕкӕсджыты зӕрдӕты хорз тӕлмӕнтӕ ныууагъта Джыккайты Тузары хъазт. Спектаклы дӕсныйы роль та арӕхстджынӕй сӕххӕст кодта Гаглойты Зӕринӕ. Спектаклы фӕлгонцтӕ цӕмӕй ирд ӕмӕ ӕххӕст рауадаиккой, сценӕмӕкӕсӕгмӕ арф бахъардтаиккой, ууыл та зӕрдиагӕй бацархайдта  ӕвӕрӕг-режиссер, Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист Уанеты Ӕхсар.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.