Хорз у, ӕмӕ фæстаг рӕстӕджы ирон ныхасы культурæйы фарстатыл арæхæй-арæхдæр райдыдтам дзурын. Ныхасы культурæ у адæймагæн йæ мидкультурæ, йæ мадæлон æвзагмæ, йæ адæмы æнусон хæзнамæ цы зæрдæ дары, уый æвдисæг.

Ирон ныхасы культурæ æнцой кæны не ‘взаджы нырыккон литературон домæнтыл. Уыдон æргом цæуынц æвзаджы абоны дзырдуатон, грамматикон, мырон, интонацион æмæ æндæр фæрæзты руаджы. Уыцы домæнтæм гæсгæ аразы йæ ныхасы аивдзинад.

Ныхасгæнæг кæддæриддæр тырны, цæмæй ацы хъуыды равдисынæн ацы ран кæнæ ацы уавæры хуыздæр чи уыдзæн, хуыздæр чи сфидаудзæн, ахæм мадзæлтæ ссарынмæ. Уый тыххæй æвзаджы домæнтæ зонын фаг нæу. Уыдонæй фыссæг кæнæ дзурæг хъуамæ пайда кæнын зона, арæхса.

Иу æвзагыл дзурджытæй иутæн сæ ныхас вæййы æгъуыз æмæ æдых, иннæтæн тыхджын, нуарджын, аив. Ирон æвзаг у тынг тасаг æмæ рæсугъд, хъæздыг æмæ цӕрдхъом. Рагон сомихаг фыссæг Егише (цардис V æнусы) йæ заманы тæккæ нымаддæр фараст æвзагæн сæ миниуджытыл дзургæйæ алайнаг ӕвзаг схуыдта «хæрзаив».

Зонгæ ахуыргонд проф. Г.О.Винокур фыста, зӕгъгӕ, ног культурæйы рæзтæн уæвæн нæй æнæ лингвистикон культурæ, уымæн æмæ «æвзаг у культурæйы кусæнгарз», лингвисттæ та сты «æвзаджы инженертæ. Культурон ныхас канд æмбаргæ æмæ дæсны ныхас нæу, фæлæ æвæрццагæй зыны æвзаджы рæзтыл дæр».

Ирон æвзаджы ивындзинæдтæм йæ хъус чи дары, уыдон хорз зонынц, не ‘взагыл тынгæй-тынгдæр кӕй ӕндавы уырыссаг æвзаджы хъомыс æмæ уыцы хъуыддагæн æнæфæзынгæ нæй лексикæйы рæзтыл, адæмы ныхасыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уагæн сыгъдæг литературон æвзагыл дзурджыты ныхасы хъуамæ бынат ма уа.

Хъуыддаг уымæ цæуы, æмæ хатгай нæ ахуыргæндтæ, суанг ирон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл аудæг фысджытæй дæр иуæй-иутæ цитатӕтæ, æнæхъæн абзацтæ кæнæ тексттæ сæ фыстыты æрхæссынц уырыссагау. Цыма уыдонæн авторы ныхæстæй зæгъæн нæ вæййы? Сæ ратæлмац кӕнын зын хъуыддаг у?

«Сыгъдæг ирон ныхас» цы у, уый дæр ерысаг фарста ссис. Ацы хъуыддаджы дæр нæ адæм иу зондыл нæ хæцынц. Иуæй-иутæ хъуыддаг афтæ ӕмбарынц, цыма растдæр у Нарты кадджыты, адæмон аргъæутты, æмбисæндты æвзагыл дзурын. Ома, уыдон ирон æвзаг æмбисонды хъæздыг у æмæ дзы æрбайсгæ дзырдты æмæ терминты сæр æппындæр ницæмæн хъæуы – æмæ тох кæнынц æрбайсгæ дзырдты ныхмæ. Иннæрдыгæй та, ирон æвзаджы лексикæйы бирæ хъæугæ дзырдтæ рохуаты баззадысты, сæ бæсты фæзындысты ног дзырдтæ. Ахæм уавæры алцыдæр хъуыдыйаг у.

Фыдæй фыртмæ æвзаг уыдис адæмты кæрæдзиимæ æмбæлыны ахсджиаг фæрæз. Уымæн хъахъхъæдтой раззагдæр адæмтæ æнусты дæргъы æвзагæн йæ сыгъдæгдзинад, йæ культурæ.

Æркæсæм ма нæхи ирон æвзагмæ, нæ ныхасы культурæмæ. Ирон æвзагыл бирæ бакуыстой ахуыргæндтæ-лингвисттæ куыд революцийы агъоммæ, афтæ советон дуджы дæр. Дзæвгар зонадон-иртасæн куыстытæ бакӕнгæйæ, уыдонæй алчи дӕр  æрцыдис ахӕм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ирон æвзагæн ис, дунейы адæмты æвзæгты ‘хсæн æй кадджын чи кæны, ахæм бæллиццаг бындуртæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй алы æвзагæн дæр йæ культурæйы бæрæггæнæнтæ, фыццаджыдæр, сты йæ орфографи æмæ орфоэпи. Орфографи æмæ орфоэпийы размæ лæууы стыр æмæ вазыгджын хæс: литературон æвзаджы культурæ иудадзыг рæзын кæнын æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рæсугъдæй хæццæ кæнын.

Ирон ныхасы культурæйыл тох кодтой нæ фыдæлты фыдæлтæ дæр. Махмæ рагæй æрæгмæ кадджын уыдысты, ӕхсæны лæгтæ кæй хуыдтой, уыцы дзырддзæугæ адæймæгтæ. Фыццаджыдæр, кадджын уыдысты сæ дзыхы ныхасы тыххæй, бæлвырддæрӕй та – сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл зæгъын хорз кæй арӕхстысты, уый тыххæй. Кæд æнахуыргонд уыдысты, кӕд абон мах нæ цардæгас литературон æвзаджы æгъдæуттæ кæй хонæм, уыдон нæ зыдтой, уæддæр арæхстджынæй, тынг дæсны пайда кодтой не ‘взаджы хъæздыгдзинæдтæй.

Цард куыд æвдисы, афтæмæй ныртæккæйы рæстæджы цæмæндæр ныхасы культурæмæ фаг æргом здæхт нæ цæуы. Мадæлон æвзагыл рæсугъд дзурынмæ бирæтæ дзæбæх нæ арæхсынц, уæлдайдæр та фæсивæд. Уымӕн вӕййы фехъусæн: «Ахæм ма дзы рæсугъд дзургæ уа», «Гъе, уый дын мæлгъæвзаг», «Тынг дзырдарæхст у» æмæ а.д. Стыр дисы сæ бафтауы не ‘взаджы хъæздыгдзинад. Канд рæсугъд дзурæгмæ нæ батæхуды кæнынц, фæлæ ма мадæлон æвзагыл кæсынмæ чи фæарæхсы, уыдонмæ дæр.

Вæййы афтæ æмæ иу кæнæ иннæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сахуыр кæны ирон литературон растдзурынады æгъдæуттæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ ӕрвылбон нæ фæфæлтæры йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы бафидар кæныныл.

Кæддæр, дам, иу чидæр афтæ загъта, зæгъгæ, ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр никæй хъæуы. Тынг æнæбындур ныхас уыдис уый. Ирон æвзаджы æрдхæрæны дæсны, профессор Абайты Васо афтæ дзырдта: «Мæ царды фылдæр рæстæг Мæскуыйы арвыстон. Фæлæ абоны онг мæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ нæ кæнын. Истæуыл куы фæкусын, уæд ыл фыццаг фæхъуыды кæнын иронау, уый фæстæ йæ ныффыссын уырыссагау».

Цард нӕ домы, цæмæй алы адæймаг дæр дзура раст, рæсугъд, æнæкъуылымпыйæ. Уый та аразгæ у ахуыргæнæгæй, телеуынынады, газеты, радиойы кусджытæй. Цыбырдзырдæй – нæ интеллигенцийæ. Æвзаджы культурæйыл кусын хъæуы скъоладзаутимæ суанг сæ сабийы бонтæй фæстæмæ. Астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц литературон æвзаджы растфыссынады пунктуацион æмæ грамматикон нормæтæ. Кæд уыдон се ‘ппæт ахуыргæнæн плæнттæм хаст не ‘рцыдысты, уæддæр ахуыргæнæг хъуамæ, 1-аг къласæй фæстæмæ, бæстон куса ныхасы растдзинад æмæ аивдзинадыл. Сывæллæттæ 1-аг къласмæ куы ‘рбацæуынц, уæд сæ ныхасы хъæд вæййы алыхуызон. Æмæ суанг райдианæй ахуыргæнæджы хæс у сывæллæттимæ ныхасы культурæйыл кусын. Зæгъæм, 1-æм къласы скъоладзаутæн амонын хъæуы раст дзурын, мыртæ, дзырдтæ, практикон æгъдауæй хъуыдыйæдтимæ зонгæ кæнын; дзырдтæ фарстытæм гæсгæ хицæн кæнын, æртæцыппар дзырдæй хъуыдыйæдтæ аразын, фарстæн æххæст дзуапп дæттын. Ахуыргæнæг сабитӕй алы хатт дӕр хъуамæ дома æххæст дзуапп.

Иуæй-иутæ афтæ хъуыды кæнынц, цыма литературон æвзагыл дзурын æмæ фыссын æнцон хъуыддаг у. Æвзагæн йæ бон у уыцы иухъуыды цалдæр хуызы зæгъын. Фæлæ уыдонæй авторы хъуыды æххæстдæрæй, аивдæрæй чи равдисдзæн, уый æвзарын хъæуы. Алы урочы дæр рахицæн хъæуы цалдæр минуты, цæмæй скъоладзаутæ кæрæдзиимæ аныхас кæной «сыгъдæг» æвзагыл, раттын сын хъӕуы темæтæ: «Куыд арвыстон знон мæ бон», «Цавæр чиныг кæсын», «Мæ мадæн куыд æххуыс кæнын» æмæ а.д. Ахæм куыст ахъаз у сколадзаутæн сæ хъуыдытæ æнцонæй æмæ аивæй дзурынæн.

ЦХУЫРБАТЫ Майӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.