Ныддур æмæ нырхæндæг мады зæрдæ. Йæ дондзаст цæстытæй  уадултыл уырдыгмæ, кæрæдзийы фæдыл лæдæрсынц судзгæ цæссыгтæ. Цæмæй сæ мачи уына,  мачи йын банкъара йæ зæрдæйы рыст, уый сæраппод сæ фæйнæрдæм цæст ахæсгæйæ, сабыргай асæрфы. Стæм хатт,  æнгузы бын аууоны фæйнæджы гæппæлтæй арæзт сынтæгыл йæ фæстаг бонтæ чи æрвиты, уыцы хъæбулыл дæр ахæссы йæ цæст æмæ та йæхинымæр, кæд æй ницыуал ныфс ис, уæддæр скувы хуыцаумæ, зæдтæ æмæ дзуæрттæм. Домы сæ, цæмæй йæ усгур лæппу сæнæниз уа, æнкъарын райдайа царды цинтæ. Чысыл æндзыгауæй алæууы æмæ та ногæй йæ мæллæг æнгуылдзтæ ризгæ арауадз-бауадз кæны хуртуаныл.

– Гыцци, уыйбæрц ссинаг мæнæу дæ цæмæн хъæуы?

Рынчын лæппуйæн, æвæццæгæн, йæ зæрдæ фехсайдта, йæ мад ын хисты кæндтæ кæй цæттæ кæны, уымæ æмæ йæ æнæнхъæлæджы фарстмæ мад фæджих. Иудзæвгар йæ бон сдзурын дæр нал бацис, стæй…

– Хъæбул, зымæг разæй ис, чи йæ зоны, цахæм уыдзæнис, уæд та дæргъвæтин æмæ карзæй равдыста йæхи, уæд цæмæн хъуамæ фæтыхсæм…

Цы цауы кой кæнын, уый уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Хъæуы цæрджытæ Кобесты Гаянэ æмæ Гæззаты Разден буц æмæ  сæрыстыр уыдысты сæ æхсæз лæппу æмæ сæ цыппар чызгæй. Уæддæр уыйбæрц сывæллоны хъомыл кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыдис, фæлæ бирæ сывæллонджын æмæ хæстæгджын бинонтæ тынг нæ тыхстысты. Кæстæртæ куыд куыстхъом кодтой, афтæ æххуысхъом æрмæст сæ мад æмæ фыдæн нæ уыдысты, фæлæ ма-иу тыхст сыхæгтæ æмæ хиуæтты фарсмæ дæр балæууыдысты. О, фæлæ цард алы хатт иугъуызон лæгъз кæм вæййы. Мад æмæ фыдæн сæ фырттæй иу – Харитон фæрынчын рæуджыты низæй. Низ хæцгæйау кæй у, стæй йæ æгæр æрæгмæ кæй рахатыдысты, кæй стыхджын ис, уый хорз зыдтой бинонтæ æмæ сын кæд сæхи бахизынæн рæстмæ фадæттæ нæ уыдис, уæддæр архайдтой, цæмæй сæ уыцы низ макæйы уæнгтæм баирвæза. Уый сын бантыст, фæлæ Харитон бирæ нал ацард, фæзиан уалдзæджы райдианы. Цалдæр мæйы фæстæ та райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æфсымæртæ дыууæйæ – Виктор æмæ Зарбег уыдысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынхъом æмæ хæстмæ ацыдыс-ты кæрæдзийы фæдыл.

Хъæбулфесафæг мад æмæ фыдæн сæ фырттæ хæстмæ кæй ацыдысты, уый сын зын куыд нæ уыд, фæлæ хъæубæсты дзæвгар уыдысты, Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ цалдæр  хæстоны чи арвыста, ахæм бинонтæ. Арæх-иу, уæлдайдæр та изæрыгæтты, амбæлдысты иумæ, кæрæдзийæн-иу фæкодтой сæ мæгуыры хъæстытæ, февæрдтой-иу ныфсытæ æмæ сын уый цасдæрбæрцæй рог кодта сæ уавæр, цасдæрбæрцæй сæ иппæрд кодта сæ æнкъард æмæ тыхст хъуыдытæй. О, фæлæ фыды зæрдæ мастæн разынд æдыхдæр æмæ хæстæй цалдæр мæйы куы рацыд, уæд а-дунейæ ахицæн йæ уд.

Разденæн хъæубæсты æмæ сыхаг хъæуты дæр уыд стыр кад æмæ аргъ. Иуæй уымæн æмæ йын уыд бирæ кæстæртæ, кæцы кæстæртæн радта хорз хъомылдзинад. Иннæмæй та уыд къухджын. Хорз арæхст хъæдæрмæджы куыстытæм, къултæ амайынмæ, уæлхæдзар æмбæрзынмæ. Уыцы рæстæджы хъæуы арæзт цы хæдзæрттæ æрцыдис, уыдон фылдæр хай арæзт æрцыдысты Раздены къухтæй. Йæ уд а-дунейæ куы ахицæн, уæддæр куыста Хелцуайы хъæуы, Бестаутæн, агъуыста сын сæ ногарæзт хæдзар.

Æфсымæртæн Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй бæргæ хъуыстой сæ хъæбатырдзинæдты кой, фæлæ кæрæдзийы фæдыл куыд ацыдысты, афтæ кæрæдзийы фæдыл æрцыдысты сæ сау гæххæтытæ дæр. Фыццаг сау гæххæт 1943 азы æрцыд Викторы тыххæй. Фыст дзы уыд зæгъгæ, знæгты ныхмæ тохы уæ фырт фæмард хъæбатырæй. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ та Гаянэ райста ног сау гæххæт. Уым та фыстой, зæгъгæ, уæ фырт Зарбег фесæфт æбæрæгæй.

Фæцис хæст, адæмы цинæн кæрон нал уыд, фæлæ Гаянэ æмæ йæ хъæбулты, стæй сæ хиуæтты зæрдæтæ дæр барухс сты, хæстæй, æрмæстдæр, хъæубæстæ æмæ сæ зонгæтæй чи ‘рыздæхт, уыдон цинæй.

Цард цыдис æмæ адæм кæрæдзимæ, фыдыбæстæмæ цы хорз ахаст æмæ уарзондзинад æвдыстой, уыдон фæрцы тагъд æндидзын райдыдтой, фашисттæ цы бирæ горæттæ æмæ хъæутæ ныппырх кодтой, уыдон. Тыхджынæй-тыхджындæр кодтой сæудæджерад, хъæууонхæдзарад. Хуыздæр кæнын райдыдтой адæмты цардуагон уавæртæ. Фыдыбæстæ цалдæр азмæ афтæ сæндидзыдта æмæ адæм цы стыр фыдбылызты сæрты рахызтысты, уый бирæты, цасдæрбæрцæй, рох дæр æрбацис. Æппæт уыцы хъуыддæгты фæстæ нæ лæууыдысты Гаянэ æмæ йæ кæстæртæ дæр. О, фæлæ уыцы мæстытæ æмæ фыдæбæттæ Гаянэйыл дæр фæтых сты, æмæ йæ зæрдæ ныллæуыд йæ кусынæй.

Уæдæй рацыд ссæдз азæй цъус фылдæр æмæ фыццаг Дменисы, стæй та æввахс хъæутыл дæр айхъуыст, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй, цыппор æртæ азы фæстæ æрæздæхт Гаянэйы хæстон фырт Зарбег. Уый уыдис 1985 азы. Кæддæр æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы Зарбег æрцыд йæ цардæмбал, йæ чызг, сиахс æмæ дыууæ хъæбулы хъæбулимæ. Куыд нæ йыл фæцин кодтой йæ хотæ æмæ æфсымæртæ, хъæубæсты цæрджытæ.

Зарбег уæды онг кæй никуы æрцыд, æгас кæй у, уый йæ мад, хотæ, æфсымæртæ æмæ хæстæджытæн кæй никуы фехъусын кодта, уый тыххæй йын бирæ уайдзæфгæнджытæ уыд. Йæ уавæр бамбарын кæныны тыххæй сын Зарбег загъта, зæгъгæ, уыд уацары, æмæ ахæмтæн къорд азты Советон Цæдисмæ æрцæуыны бар нæ уыдис. Чи-иу æрцыд, уыдон-иу рахуыдтой уæйгæнджытæ æмæ-иу сыл стæрхон кодтой.

  ГÆЗЗАТЫ Иван                                                                                           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.